Æхца райсыны нысанæн кæй аскъæфтой, уыцы адæймаджы ссæрибар кæныны фæдыл операци уагъд цыд сæрмагондæй Президент Бибылты Анатолийы контролы бын.

Уый радзырдта, зæгъгæ, æндæрæбон изæрæй æмæ практикон æгъдауæй æнæхъæн æхсæв оперативон штаб куыста Генералон про-куратурæйы бындурыл.

«Оперативон мадзæлттæ уагъд æрцыдысты классикон формæйы, Мидхъуыддæты министрады, Генералон прокуратурæйы, Хъахъхъæнынады министрады æппæт кусджытæ дæр куыстой æнгомæй æмæ равдыстой, уыдонæн сæ бон кæй у сæ хæстæ опреативон æгъдауæй скъуыддзаг кæнын. Иумиагæй, скъæфт адæймаджы ссæрибар кæныны фæдыл операци уагъд æрцыд бæрзонд æмвæзадыл», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый киднеппингы факт схуыдта æбуалгъ цау.

«Ацы фыдракæнд цы адæймаг сарæзта, уымæй дæр йе ‘мфыдыбæстæйоны ахасты, уый йæхи æвæры æнæ закъонæй. Мæн фæнды зæгъын, цæмæй алы фыдгæнæг дæр зона, максималон карзæй æфхæрд кæй баййафдзæн, кæцыйæн бар дæтты закъон», – фехъусын кодта Президент.

Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, урæд чи æрцыд, уыцы фыдгæнæг æмæ йемæ чи уыд, уыдон гæнæн ис æмæ сарæзтой æндæр фыдракæндтæ дæр.

«Нæ хъуыды кæнын афтæ, æмæ ацы æмбæстæгтæ цардысты закъонмæ гæсгæ æмæ æвиппайды аскъуыддзаг кодтой фыдракæнд саразын. Фæлæ, æз никæйы ах-хосджын кæнын, фæдагуырд алцыдæр фенын кæндзæн. Уырны мæ, нæ фæдагурджытæ сбæрæг кæндзысты стыр фыдракæндтæ чи сарæзта, уыцы адæймæгты дæр, кæцытæн бынат уыд фæстаг рæстæджы. Махæн алы фадæттæ дæр ис, ис нæм оперативон информаци уыцы адæймæгты тыххæй; уырны мæ, уыцы фыдракæндтæ раргом кæй æрцæудзысты, уый», – загъта Бибылты Анатоли.

Тыхон структурæты кусджытæ дарддæр дæр агурынц дыккаг фыдгæнæджы. Президент исы æппæт опера-тивон информаци.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.