Президент Бибылты Анатолийæн республикæйы тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæ радзырдтой горæт Цхинвалы цæрæджы чи аскъæфта, уыдоны бауромыны мадзæлтты тыххæй.

Хуссар Ирыстоны тыхон структурæтæ мадзæлттæ уадзынц Цхинвалы цæрæджы чи аскъæфта, уыцы сбæрæггонд дыккаг фыдгæнæджы ссарыны æмæ бауромыны тыххæй. Уый тыххæй РХИ-йы Президентæн фехъусын кодтой оперативон æмбырды.

«Ныртæккæ кæцы фыдгæнæджы æрцахстой, уыимæ уадзынц фæдагурæн мадзæлттæ, афтæ ма архайынц Цхинвалы цæрæджы чи адавдта, уыцы сбæрæггонд дыккаг фыдгæнæджы ссарын æмæ бауромыныл æмæ æмбæстаг Цхуырбайы фырты аскъæфты хайад чи иста, уыцы иннæ адæймæгты сбæрæг кæныныл дæр», – Президентæн фехъусын кодта РХИ-йы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ацы резонансон фыдракæнды хайад чи иста, уыдоны тыххæй æввахс рæстæджы фехъусын кæндзысты дзыллон информацийы фæрæзты. Адæймаг аскъæфыны факты фæдыл ныридæгæн баконд æрцыд уголовон хъуыддаг УФ-йы Уголовон кодексы 126-æм статьяйы фæдыл, афтæ ма æрмæджытæ æмбырд цæуынц 317-æм статьямæ гæсгæ (барадхъахъхъæнæг органты кусæджы цардмæ бахъавын) æмæ 222-æм статьямæ гæсгæ  (хæцæнгарз дарыны тыххæй) уголовон хъуыддаг бакæныны фæдыл.

Бибылты Анатоли саразгæ фыдракæнды схуыдта ахæм, кæцыйæн нæй бамбарæн æмæ ныххатыргæнæн. Уыимæ уый банысан кодта æппæт тыхон структурæты æмæ æмбæстæгты æнгом куысты тыххæй, кæцытæ хайад истой хъыгдардбаййафæг æмæ фыдгæнджыты ссарыны мадзæлтты.

«Арфæ кæнын æппæт кусджытæн дæр, кæцытæ хайад истой æмæ исынц ацы операцийы. Зонын уый дæр, æмæ республикæйы цæрджытæ дæр кæй æххуыс кодтой барадхъахъхъæнæг органтæн. Курæг уæ дæн бавдисут сæ паддзахадон хорзæхтæм», – загъта Бибылты Анатоли тыхон ведомствоты къухдариуæггæнджытæн.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, алкæцы саразгæ фыдракæнд дæр æнæмæнгæй хъуамæ баст уа æфхæрдимæ, æмæ республикæйы цæрджытæ та хъуамæ зоной кæй ис, чи сæ бахъахъхъæна, уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.