Радон террористон æхстыты амæттаг бацис горæт Белгороды дæсуæладзыгон цæрæн хæдзар. Йæ иу хай бынтондæр ныккалдис.

Дæсгай адæймæгтæ хæдзары пырхæнты бын… Улæфты бон… Сихорафон… Адæмæн сæ фылдæр ахæм афон хæдзары вæййынц…

Тынг бирæ цæфтæ…

Се ‘ппæты кæстæрыл цæуы æрмæстдæр дыууæ мæйы… Æнахъом саби цардмæ рæстмæ нæма акаст, афтæмæй бахауд реанимацимæ.

Зæрдæ скъуыйы фыдрыстæй… Риссы зæрдæ, уымæн æмæ æмбары, Белгороды цы ‘рцыди, уый дæ телефоны кæнæ дæ телевизоры æвдыст видео кæй нæу, уым кæцыдæр адæймæгтæн сæ цард, сæ фидæны пълæнттæ æвирхъауæй кæй фескъуыдысты… Кæйдæр бæллицтæ æвæлмас мæлæты мыртæ ныппырх кодтой…

Никæимæ сæ  дæн зонгæ. Нæ сын зонын сæ нæмттæ… Фæлæ  сæ рис, сæ зын, сæ хъизæмæрттæ   мæ буары алы нуармæ дæр бахъардтой …

Цæмæй сын баххуыс кæнон, цæмæй сын фæкъаддæр кæнон сæ рис, зæрдæбын ныхасæй йедтæмæ…

Белгороды, Донецкы, Херсоны, Запорожьейы цæрджытæ!

Райсом æрцæудзæн уæ хъизæмæртты кæрон, зæгъгæ, уымæй уын ныфс бавæрын мæ бон нæу… Иннæ къуырийы дæр нæ фæуыдзæн хæст…

Ацы мыдзбыры (рак) рæсыд ныцъист кæнын æнцон  нæу.  Тых æмæ амæлттæй куынæг кæнын æй бахъæудзæн уырыссаг зæххæй.

Нæ лæппутæ растдæр ацытæккæ хъазуатон тохы бацыдысты, сæхиуыл нæ ауæрдынц, сæ цард не ‘вгъау кæнынц, цæмæй нын иумæйаг æмæ æдас фидæн уа…

Знаджы тынг фæнды, цæмæй мах нæ лæппутыл нæ зæрдæ мауал дарæм… Цæмæй Уæрæсейы паддзахады хъару æмæ хъомысыл мауал æууæндæм… Цæмæй нæ райгуырæн бæстæ ныууæй кæнæм. … Тохы быдыры  ныл фæуæлахиз уæвын йæ бон кæй нæу, уый æмбары, фæлæ йæ уæддæр фæнды,   чи йæм нæй, уыцы диссаджы  хъомыс æвдисын

Фæлæ цæй мидæг ис йæ тых? Сабитæ æмæ сылгоймæгты, зæрæдтæ æмæ инвалидты амарыны? Цы ма баззади хорзæй йæ ницæййаг удысконды?

Абон нæ зæрдæтæ рыст сты, О! Фæлæ  уыцы судзгæ рис мах сараздзыстæм,  фæтæрсын  кæнынмæ нæ чи хъавы, уыдоны ныхмæ.

Кæронбæттæны та мæ фæнды стыр арфæтæ ракæнын ирвæзынгæнджытæн, дохтыртæн, волонтертæн æмæ æппынфæстаг, æвæлмасæй фарсæрдыгæй чи нæ лæууы æмæ Белгороды катастрофæйы цæхæры бахауæг адæмæн чи æххуыс кæны, уыдонæй алкæмæн дæр.

Никæй бон бауыдзæн Уæрæсейы басæттын!

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.