Нæ горæты Сæрибары фæзуаты Хынцъымгæнæг зæды цырты раз 3 сентябры Беслæны амæттæгты мысыны охыл уагъд æрцыд мысæн мадзал. Хайад дзы райстой нæ республикæйы бæрнон кусджытæ Хицауады Сæрдар Джуссойты Константины сæргълæудæй, æхсæнады минæвæрттæ.

Мысæн мадзалы скъоладзаутæ дзырдтой, 2004 азы Беслæны скъолайы цы трагикон цаутæ æрцыдысты, уыдоны тыххæй. Сæ амæттæгты рухс нæмттæ мысынæн кастысты æмдзæвгæтæ. Фæзуаты цы стендтæ æвæрд æрцыдысты, уыдоныл конд уыдысты, трагедийы чи фæмард, уыдоны къамтæ.  Иры дзыллæйæ рох  нæ уыдзысты, Беслæны террористон акты рæстæджы, сывæллæттæ, ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ æмæ трагедийы амæттæгты ирвæзынгæнгæйæ «Вымпел» æмæ «Альфа» йæ цы службæгæнджытæ фæмард сты, уыдоны рухс нæмттæ. Æмырæй алæугæйæ, мадзалы хайадисджытæ ссардтой трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ, традицимæ гæсгæ скъоладзаутæ уæларвмæ суагътой террористон акты фæмардуæвджыты номыл 334 къорийы.

Баззад уæззау мысинагæй нæ зæрдæты

Траурон  акцийы  рæстæджы  Сæрибары фæзуаты Хъынцъымгæнæг зæды цырты размæ нæ горæты æхсæнады минæвæрдтæ æрхæндæгæй, сæркъулæй хастой дидинджытæ, хъазæнтæ, нуазыны дон.

Танделаты Вилена

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.