Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студентон советы активисттæ организацийы къухдариуæггæнæг Габатты Альберты сæргълæудæй хайад райстой Советон Цæдисы Хъайтартæ – Сабанты Григол, Коцты Къоста æмæ Цоциты Уасилы уæлмæрдтæ бафснайыны хъуыддаджы. Уыдон ныгæд сты горæт Цхинвалы Згъудеры уæлмæрды. Студенттæ ахорæнæй сахуырстой ингæнты æмбæндтæ, афтæ ма ссыгъдæг кодтой  ингæнты  алыварс дæр.

Габатты Альберт куыд банысан кодта, афтæмæй студенттæ ууыл не ‘рлæудзысты æмæ дарддæр æфснайдзысты иннæ ингæнтæ дæр.

«Куы йæ базыдтой, горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинат кæй æфснайы горæты уæлмæрд, уæд студенттæй бирæтæ сæхæдæг бахастой ахæм фæндон, æмæ ХИПУ-йы студентон совет аскъуыддзаг кодта цæмæй дзы хайад райсой. Мах куы нæ хъуыды кæнæм нæ хъайтарты, уæд сæ иннæ фæлтæр нал æрымысдзысты», -банысан кодта студсоветы сæрдар.

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли куы фембæлд ХИПУ-йы студентон советимæ, уæд ахæм фæндон загъта, цæмæй университет Советон Цæдисы Хъайтарты уæлмæрдтæм йæ хъус дара.

«13 коммунары цырты хæдфæстæ ныгæд æрцыдысты Советон Цæдисы хъайтартæ. Хорз уаид уæ хъус сæм куы æрдариккат», – загъта Президент.

Уæлдæр ахуыргæнæндоны ректор Тедеты Вадим, фембæлды хайад исгæйæ, йæ рады банысан кодта, ХИПУ-йы ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ алы аз дæр кæй æфснайынц Тулдзы къох æмæ цæттæ сты Советон Цæдисы хъайтарты ингæнтæ дæр æфснайынмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.