Æхсызгон хабар! Æрæвнæлдтой Аивæдты скъола аразынмæ. Уым ныридæгæн къахынц котловантæ. Скъола сырæздзæн раздæры кинотеатр «Ирыстон»-ы бынаты.

Бæстыхай æрбайгом кæнынмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц музыкалон скъола æмæ хореографион студийы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ.

Арæзтадон бригадæйы прораб Тамерлан Мусханов нын аивæдты скъолайы проект  равдыста  æмæ уыдзæн егъау, æмткæй нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм хæрзаив агъуыст. «Ам æрыгон курдиатджын сывæллæттæн фадат уыдзæн индивидуалонæй сæхиуыл кусынæн. Сывæллæттæ сты нæ сомбон æмæ уыдон рæсугъд сомбонæн саразын хъæуы æппæт уавæртæ. Куыстытæ афоныл сæххæст кæндзыстæм, техникæ æмæ арæзтадон æрмæджытæй æххæст стæм. Афæдзы кæронмæ хъуамæ агъуыст арæзт фæуæм. Уый фæстæ та мидæггагон куыстытæ кæндзыстæм. Скъола аразæм Цæ-цæны Республикæйы фыццаг президент Ахмат Кадыровы номыл æххуысы фондæй дихгонд фæрæзтæй. Арæзтады рæстæджы нын хъуамæ  мацы къуылымпытæ уа. Æппæт куыстытæ графикмæ гæсгæ фæуыдзыстæм  2025 азы æртыккаг кварталы. Бынат дзы уыдзæн 300 ахуыргæнинагæн», – загъта арæзтадон фадыджы хистæр.

Цхинвалы 2-æм музыкалон скъолайы сывæллæттæ ныртæккæ кæм ахуыр кæнынц, уый у капиталонæй цалцæггæнинаг – рудзгуытæ, пъолтæ, къултæ иууылдæр сты æмбыд. Ахæм уавæрты нырыккон нæ, фæлæ хуымæтæг ахуырад райсын дæр æнцон нæу. Цалцæг дæр æй бирæ хатт скодтой, фæлæ уымæй уавæр бæрæг нæ хуыздæр кодта. Лыггæнинаг уыд хореографион студийы фарст дæр: репетицитæ уагътой, скъолаты спортивон залты æмæ уыдон дзуапп нæ лæвæрдтой хореографийы уроктæ уадзыны æууæлтæн. Ныр уыдон дæр бахъæудзæн чысыл бафæразын, ног скъолайы  сын уыдзæн сæрмагонд бынат.

Тамерлан Мусханов куыд загъта, афтæмæй Аивæдты скъола аив арæзт дæр уыдзæн  æмæ ма æдас уавæртæ кæм уа,  ахæм агъуыст дæр уыдзæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.