Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин йæ къух æрфыста Барамындыл цæгатирыстойнаг æфсæддон службæгæнæг Баситы Аланы Хъæбатырдзинады орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй сæрмагонд хæстон операцийы рæстæджы равдисгæ фидардзинад æмæ æхсардзинады тыххæй.

«Баситы Алан Украинæйы сæрмагонд хæстон операцийы хайад иста фыццаг бонтæй фæстæмæ. Йæ дæлхайы раз æвæрд æрцыд хæслæвæрд  сæйраг тыхтæ равæрыны тыххæй плацдарм бацахсыны фæдыл. Хæстон архайдтыты рæстæджы Басийы фырт фæцæф, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ дарддæр æххæст кодта йæ хæс.

Баситы Алан у Беслæны 8-æм астæуккаг скъолайы рауагъдон. Скъолайы фæстæ каст фæцис В.Ф.Маргеловы номыл Рязаны гвардион уæлдæфондесантон уæлдæр командон ахуыргæнæндон. Куыста Цæгат Ирыстон-Аланийы фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомылады центры.

ДЖИОТЫ Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.