Харебаты Исахъы уынджы Модæты ателье рагон у. Уыцы дæргъвæтин рæстæджы дзæвгар сты йæ кусджыты лæггæдтæ æмбæстæгтæн. Фæлæ зæгъын хъæуы, уыцы азтæ сæ фæд мæгуырауæрдæм ныууагътой бæстыхайыл, йæ уæлхæдзар нал бæззыд, къæвдайы дон дзы хъардта. Уавæр бахынцыдта Цхинвалы администрацийы цæрджыты цардуагон уавæртæ хуыздæр кæныны директор Тасойты Анжелæ. Йæ хъæппæрисæй агъуысты сæр бамбæрзтой нырыккон арæзтадон æрмæгæй. Нæ уыдысты хуыздæр уавæры кусæн хатæнты дуæрттæ æмæ рудзгуытæ дæр æмæ уыдон дæр раивтой. Ныр алы хатæны дæр ис нырыккон дуæрттæ æмæ рудзгуытæ. Зæгъын хъæуы, уыдон раивыны тыххæй кусджытæ сæхæдæг дæр кæй балæууыдысты Тасойты чызджы фарсмæ æмæ равдыстой сæ хъæппæрис æхцайы фæрæзтæй.

Фæлæ æрмæст уыцы хорз ивындзинæдтыл не ‘рлæууыд куыстуаты разамонæг.  Мæгуырау уыд йæ уавæр ацы бæстыхайы дыккаг уæладзыджы цары иу хайæн æмæ уый цалцæг кæнынмæ дæр бавнæлдтой аразджытæ. Йæ раздæры сæрст ын асæрибар кодтой. Уый фæстæ рухсы хæххытæ раивын æмæ сæ ногæй саразыныл та æмбæлон куыст бакодта электрик Гæбæраты Хасан. Иннæ куыстытæм та бавнæлдтой сæ хъуыддаджы æндæр специалисттæ æмæ сæ хъæппæрисон куысты фæрцы ацы бынат йæ хуыз скалдта.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ ам кæй фæллой кæнынц арæхстджын æмæ йæ хъуыддаг хорз чи зоны, фæлхасгæнджыты домæнтæ æнæзивæг æмæ æнæзæрдæхудтæй чи феххæст кæны, ахæм дæсны специалисттæ. Уыдон та сты Мулдарты Аленæ, Тыджыты Ацæмæз, Мæхъиты Этери, Къæбулты Тамилæ, Цхуырбаты Риммæ, Луизæ, Багаты Таня æмæ æндæртæ. Уыдон се ‘ппæт дæр райгонд сты сæ разамонæг Тасойты Анжелæйæ, сæ куысты уавæртæ хуыздæр кæныныл сын æнувыдæй кæй архайы, уый тыххæй.

ХУЫБИАТЫ Никъала