Хуссар Ирыстоны сæ къухтæ æрфыстой РХИ-йы æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы базарадон-сæудæджерадон палатæты ‘хсæн æмгуыст кæныны тыххæй сразыдзинадыл. Документыл сæ къухтæ æрфыстой РХИ-йы базарадон-сæудæджерон палатæйы президент Æлборты Алан æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы базарадон-сæудæджерадон палатæйы сæргълæууæг Анатолий Чех.

Хуссар Ирыстоны экономикон рæзты министр Кокойты Геннадийы ныхæстæм гæсгæ, ацы документыл къухтæ æрфыссыны хъуыддаг суыдзæн нæ бæстæты ‘хсæн сомбоны экономикон æмгуыстады бындур.

«Луганскы Адæмон Республикæйы адæм нын æввахс сты удварнæй, историон хъысмæтæй æмæ дунейы процесстæм цы цæстæй кæсынц, уымæй. Сымах дунейæн бæлвырдæй равдыстат, хæдуагæвæрды бар уын кæй ис æмæ уæ паддзахад сарæзтат», – банысан кодта экономикон рæзты министр, Луганскы Адæмон Республикæйы делегациимæ ныхас кæнгæйæ.

Луганскы Адæмон Республикæйы экономикон рæзты министр Елена Костенко йæхи ‘рдыгæй бузныджы ныхæстæ загъта хуссарирыстойнаг коллегæтæн, ахæм хъармæй сæ кæй суазæг кодтой.

Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстон фыццаг кæй банымадта Луганскы Адæмон Республикæйы хæдбардзинад. Афтæ ма сын республикæйæн зын рæстæджы  кæй баххуыс кодта, æмæ уый тыххæй Луганскы адæм стыр бузныг сты РХИ-йы адæмæй.

«Нæ иумæйаг æмгуыстад экономикон фарстаты фæдыл райдыдта иу азы размæ, æмæ уыцы рæстæджы бирæ фарстатæ скъуыддзаг æрцыдысты,  нæ министрадты ‘хсæн бадзырдыл къухтæ æрфыстæуыд, дыккаг ахсджиаг къахдзæф та у, абон цы сразыдзинадыл æрфыстой сæ къухтæ, уый», – банысан кодта Елена Костенко.

Уый банысан кодта, цы сразыдзинæдтыл æрфыстæуыд къухтæ, уыдон кæй сты æнтыстджын æмгуыстады райдайæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.