Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæ хæстон хæцæнгæрзтæй æхсынæй Уæрæсейы чемпионаты бацахстой æртыккаг бынат. Уый тыххæй фехъусын кодта РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады   пресс-службæ.

«Тыхон структурæты æфсæддон службæгæнджыты æхсæн хæстон хæцæнгарзæй æхсынæй Уæрæсейы гом чемпионаты «Троеборьейы» дисциплинæйæ хайад райстой 60 командæйы. Санкт-Петербургмæ æрцыдысты Уæрæсейы æмæ хæстæг фæсарæнты тыхон структурæты иууыл цæттæдæр кусджытæ. Афтæ ма ерысты хайад райстой Беларусь, Казахстан æмæ Хуссар Ирыстоны сæрмагонд дæлхæйттæ. Нæ командæйы сконды уыд цыппар адæймаджы», – загътой пресс-службæйы.

Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды ахуырадон ротæйы командир Елдзарты Нодар куыд банысан кодта, афтæмæй ерыстæ уыдысты тынг вазыгджын.

«Сæрмагонд дæлхæйтты кусджытæ æххæст кодтой фæлтæрæнтæ æхсынæй æххæст хæстон ифтонгадимæ. Фæлтæрæнты хъуамæ мысанмæ фехстаиккой 5 æмæ 400 метры дæрддзæгмæ. Ерысты программæ конд уыди дыууæ хайæ. Боны хаймæ хаст уыдысты 12 фæлтæрæны, æхсæвы хаймæ та – 6. Нæ командæ æрæмбырд кодта 94 баллы 100 гæнæнуæвæнæй æмæ бацахста 3-аг бынат», – загъта Елдзарты Нодар. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, турниры хуссарирыстойнаг командæйы хайадистæн фадат фæци РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады финансон æххуысы фæрцы.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, дыууæбонон ерысты фæстиуджытæм гæсгæ фæбæрæг сты æртæ хуыздæр командæйы æмæ æртæ хуыздæр кусæджы сæрмагондæй. Чемпионаты бронзæйон призы хицау сси Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд, Сæрмагондæй та æртыккаг бынат бацахста Битеты Алексей.

Фыццаг бынат бацахста Санкт-Петербурджы ахуырадон центр «Невский»-йы командæ, дыккаг бынат та – Беларусы командæ.

РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды командæ ныр æртыккаг хатт райста хайад хæстон хæцæнгарзæй æхсыны чемпионаты.

Елдзарты Нодары ныхæстæм гæсгæ, 2015-æм азы хуссарирыстойнаг командæ бацахста 14-æм бынат, ивгъуыд аз та хуссарирыстйнаг милмææхсджытæ рацыдысты 5-æм бынатмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.