Адæймагæн нæ цы хорз арфæтæ ракæнын фæфæнды, уыдон сæйрагдæртæй иу у æнæнизæй цæрын. Уымæй та æххæст чи вæййы, уымæн царды алыхуызон фарстатæ скъуыддзаг кæнын вæййы æнцон æмæ кæддæриддæр райгонд вæййы йæ амондæй. Фæлæ уæддæр алчи æрдзы уыцы хæрзиуæгæй хайджын нæ фæвæййы, кæм та бахауы æнæнхъæлæджы фыдбылызы цауы дæр. Тыхст адæймагæн уæд йæ фыццаг æххуысгæнæг вæййы дохтыры аудгæ ахаст, растæндæр уый арæхстджын æмæ цæстуарзон фыдæбоны руаджы адæймаг фервæзы йæ низы хаттæй æмæ йæм цард ногæй йæ мидбылты бахуды.

Рынчынты фæдисон у Цхинвалы Тагъд æххуысы станц, кæцыйæн ныр 10 азы арæхстджын разамынд кæны йæ хъуыддаджы арæхстджын разамонæг Хъуылымбегты Емзар. Фæстаг рæстæджыты станцы медперсонал æмбæстæгты фæдисхъæрмæ цæй тыххæй фæтындзынц, уый у, æнæхъæн дунейыл цы æнæхайыры СОУД апарахат, уыцы низ. Уымæй дарддæр ма сæм фæсидынц, рынчынты тынгдæр цы низтæ фæтыхсын кæнынц, уыдоны фæдыл дæр. Зæгъæм, иутæн фæбæрзонддæр вæййы сæ туджы æлхъывдад, стæй фæхъæрзынц зæрдæ, ахсæн, гипертони æмæ æндæр низтæй. Иуæй-иу æмбæстæгтæ тагъд æххуысы тыххæй бацæуынц бынатмæ, фæлæ фылдæр хатт медперсонал атындзынц рынчыны цæрæн бынатмæ æмæ йын бакæнынц фыццаградон æххуыс. Фæлæ вæййы афтæ, æмæ адæймагæн йæ низ бынаты не ‘рсабыр вæййы, уæд та йæ æвæстиатæй сæмбæлын кæнынц рынчындонмæ.

Хъуылымбеджы-фырт куыд загъта, уымæ гæсгæ сæ куыст сæйраджыдæр у горæты, афтæ ма Цхинвалы районы хъæутæм дæр æвæстиатæй балæууынц. Фæлæ уыимæ иумæ атагъд кæнынц Знауыры районы æввахсдæр хъæуты рынчынтæм дæр, уымæн æмæ Знауыры районæн дæр кæд йæхи Тагъд æххуысы медперсонал ис, уæддæр Мугут, Тулдзджын æмæ æндæр хъæутæ Цхинвалмæ æввахсдæр сты.

Горæты Тагъд æххуысы станцы æдæппæт ис 4 бригадæйы, уыдонæй иу у сывæллæттæн æххуысы бригадæ. Медицинон хотæ сæм ис 25 адæймаджы, хъыгагæн, дохтырты нымæц у цъус  – 11 адæймаджы æмæ уымæ гæсгæ иу дохтыр бакусы дыууæ суткæйы. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæу ацы уагдоны кусын, уымæн æмæ æнæхъæн суткæ хъуамæ цæрдæг лæууай æмæ æнхъæлмæ кæсай рынчын адæймаджы фæсидтмæ. Æнæуый та сæ мыздтæ сты бæрзонд. Æнæмæнгхъæуæг хостæй сæ кæддæриддæр ифтонг кæны Æнæниздзинады министрад. Хъуылымбеджы-фырты куы афарстон хуыздæр кусджытæй, уæд не сразы иуты нæмттæ зæгъыныл, уымæн æмæ райгонд у се ‘ппæты арæхстджын æмæ иузæрдион куыстæй дæр.

Æмæ сæхæдæг дæр уæнгтæрог æмæ æнæнизæй æххæст кæнæд сæ арфæйаг куыст!

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.