Нæ республикæ æмткæй у экологон æгъдауæй сыгъдæг бæстæ. Бирæ нæм ис æнæспайдагонд зæххытæ. Фæлæ, цæмæй базар фыдыбæстæйон продукцийæ æххæстæй ифтонг æрцæуа, уый тыххæй та хъæуы ацы къабазы куыст рацаразын. Уыцы хъуыддаджы та ахсджиаг нысаниуæг ис чысыл амалиуæгадыл хæст чи сты, уыдоны архайдæн. Ныридæгæн нæ республикæйы ис къорд хæдзарад, кæцытæ сæхи æмæ паддзахады æххуысæй йæ къахыл чи слæууыдысты. Иу цалдæр фермерон хæдзарады уадзын райдыдтой сæхи продукци дæр. Бынæттон фермерты продукттæ, зындгонд куыд у, афтæмæй æрласгæ продукттæй фыццаджыдæр хицæн кæнынц натуралон æмæ хæрзгъæд кæй сты. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ сæ тынг фæрсынц фæлхасгæнджытæ. Хорз зæрдæйыуагимæ раздæхдзынæ нæ горæты 2-аг базары территоримæ бацæугæйæ. Ам гæнæн ис балхæнын дзидза æмæ æхсыры натуралон продукттæ «Элтура» маркæйы бын. Уыдоны фелхæнынц канд горæты бынæттон цæрджытæ нæ, фæлæ ма æрцæуæггæгтæ дæр.

Иуæй-иу фермерон хæдзарадтæ архайынц уыдон фæзмын. Зæгъæм, популярон у Знауыры фермерон хæдзарад дæр.

Æрæджы та не ‘мбæстаг Амалиуæггæнджыты цæдисы сæрдар Дзигойты Маринæ сфæнд кодта сæрмагонд бизнес бакæнын æмæ райдыдта уадзын туаг. Йæ продукцийы схуыдта «Assa» Уый нымайы туаг хæрзадæй дарддæр ма кæй у æнæниздзинадæн пайдахæссæг дæр.  Чысыл рæсугъд авгæй мигæнæнты ис сырх æмæ бур туаг. «Уый у нырма мæ фыццаг фæлварæн. Радтын дзы мæ хæлæрттæн хъавын æввахс адæмæн æмæ афтæмæй бæлвырд кæнын сæ зæрдæмæ тынгдæр чи фæцæудзæнис, уыцы хуызтæ. Дыууæ хуыз дæр   сты судзæгтæ, фæстæдæр та мæ фæнды чысыл рогдæр рецепттæ аразын. Куыд цыфæнды ирон хæдзары, афтæ мæ бинонтæ дæр арæзтой туаг, фæлæ уый уыд бæзджын, нурыйæ та-иу æм фæкастысты дзæвгар. Æз æй аразын чысыл рогдæрæй æмæ йæм афтауын алыгъуызон пайдахæссæг кæрдæджытæ», – дзуры Дзигойты Маринæ.

Туагаразæг йæ продукцийы хуызæгтæ арвыста Уæрæсейы лабораторитæм. Дзуапп уыд «Assa»-йæн кæй ис хорз гъæд æмæ æууæлтæ. Афтæмæй амалиуæггæнæг архайы, цæмæй йæ рауадзгæ продукци ссара фæндаг Уæрæсейы базармæ.

«Афтæ мæм каст æнцондæртæй бакæнæн кæй ис чысыл бизнесæн, фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй Хуссар Ирыстоны чысыл амалиуæгад сæндидзынæн хæрзвадат уавæртæ нæма ис. Цæттæ кæнын гæххæттытæ, цæмæй мæ продукци æнæ цæлхдуртæй ласт цæуа Уæрæсейæ дарддæр фæсарæнтæм  дæр», – загъта Дзигойты Маринæ.

Цæмæй уый йæ къухты бафта, уый тыххæй нырма бирæ цæлхдуртæ аиуварс кæнын хъæуы фæлæ йæ ныфс ис, туаджы фыццаг партийæн кæй уыдзæнис æнтыст.

«Фыццаг партийæ мын цы æфтиæгтæ баззайа,  уыдонæй мæ цехæн балхæндзынæн ифтонггæрзтæ, рацараздзынæн мæ къæбиц дæр æмæ уый фæстæ та фæфылдæр кæндзынæн продукцийы гуырахст. Ныфс мæ ис мæ туаг кæй сфæлхатт кæндзæнис ирон уæлибыхты хъысмæт æмæ кæй суыдзæн дунейы зындгонд ирон къæбицы ног бренд. Уæлибых йæ диссаджы æууæлты фæрцы бацыд дунейы иууыл нымаддæр хæринæгты нымæцмæ. Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ туаг дæр дзæбæх куы апарахат кæнæм, уæд уый дæр сфæлхатт кæндзæн йæ хъысмæт».

Мæ хъуыдымæ гæсгæ туаг «Assa»-мæ æнхъæлмæ кæсы хорз фидæн, уымæн æмæ Ирыстоны иу фынг дæр цины уа æви хъыджы æнæ ацы хæринагæй нæ фидауы. Уый ма æнæмæнг хъуыддаг у æрвылбонон фынгæн дæр. Ирыстоны алкæцы æфсинæн дæр йæ къæбицы ис, зымæгмæ цы хæринæгтæ æрцæттæ кæнынц, уыдон æмрæнхъ туаг дæр. Уарзынц æй æмæ йын аргъ кæнынц æрцæуæг уазджытæ дæр.

«Паддзахады чысыл æххуыс уæддæр куы райсин, уæд мæ  хъуыддæгтæ фæрæвдздæр уаиккой», – зæгъы Дзигойты Маринæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.