Нырмæ дæр куыднæ ‘рцыд ахæм æмæ ноджы трагикондæр цаутæ, фæлæ æрæджы Дзæуджыхъæуы цы æнамонд хабар æрцыд, уый бынтон æбуалгъы хабар у… Тъехты Вадим йæ раздæры цардæмбал, йæ иунæг хъæбулы мад Гæджиты Регинæйы кардæй дæс рæхуысты фæкæнгæйæ равдыста сырдон миниуæг. Ахæм æвирхъауы цау æрмæст Ирыстоны цæрæг адæмы нæ баппæрста катайы, фæлæ ацы æнамонддзинад чидæриддæр фехъуыста, уыцы адæмæн се ‘ппæты дæр.

Уæдæ цæмæн, куыд æрцыд ахæм æнамонддзинад, цæмæн ис ахæм цаутæн бынат æхсæнады. Ам, сæйраджыдæр, банысан кæнын хъæуы уый æмæ адæмæй бирæтæн кæрæдзимæ кæй нал ис æмбæлон, адæймагадон,  ахастытæ. Уырны мæ, ацы дыууæ æвзонг адæймаджы ‘хсæн цалдæр азы размæ уыдаид хъарм æмæ адджын ахастытæ. Кæй фехæлдысты æмæ афтæ кæй рауад уым æрмæст фыдгæнæг нæу азымджын, фæлæ ма цы бинонты ‘хсæн рæзт æмæ схъомыл, уыдон дæр. Чизоны мæ ацы хъуыдыйы ныхмæ уой чидæртæ, зæгъгæ, мад æмæ фыд цы азымджын сты. Хатын æй, абон Вадимы мад æмæ фыдæн дæр æнцон нæу, уыдон бынаты знаг дæр ма уæд, фæлæ сæ фырт ахæм ми кæй бакодта, уый тыххæй сын зæгъын æмбæлы, схъомыл кодтат,  æхсæнады бынат чи не ссардта, æхсæ-нады чи нæ хъæуы, ахæм фырт. Уый та бæрæг у, цы фыдракæнд сарæзта, уымæй. Мæн уырны, зыдтой сæ кæстæры уавæр, йæ митæ æмæ ахастытæ, фæлæ ницы мадзæлттæ райстой, æвæццæгæн сæ къух ауыгътой алцы дæр бакодтой хъысмæты бар æмæ æрцыд цы хъуамæ ма æрцы-даид, ахæм трагикон цау. Æвзæнгтæ арæх раст нæ фæхъуыды кæнынц, арæх ныллæуынц рæдыд фæндагыл æмæ уыцы рæстæджы хъомылгæнджытæ сæхи иуварс ма хъуамæ кæной, фæлæ ссарой фадæттæ, гæнæнтæ, æмæ сæ кæстæрæн сабырæй бауырнын кæной, раст кæй нæ аразы, уый. Ахæм фарстытæй арæх хъо-мылгæнджытæ сæхи кæй ссæрибар кæнынц, кæстæртимæ ныхаскæнгæйæ сæ зонд æмæ фæлтæрддзинадæй кæй не спайда кæнынц уый, арæх æркæны бы-цæутæм, тугкæлдтæ æмæ æндæр ахæм æнамонддзинæдтæм.

Æвзæнгты ахæм æндыгъд ахастытæй æввахс хиуæттæй бирæтæ сæхи аиуварс кæнынц. Уыдон та фæзæгъынц, зæгъгæ, бинонты цард талынг хъæд у, уый та æфсонæн нæ бæззы. Исты куы æрцæуы, уæд ма фæсмон кæнын райдайынц, фæлæ, хъыгагæн, байрæджы вæййы.

Ахæм фыдгæнæг цы скъолайы ахуыр кодта, уыцы скъолайæ дæр æппæт азымтæ сисын раст нæу. Сабитæн сæ ахастытæ, сæ характерон миниуджытæ фыццаг ахуыргæнджытæ райдайынц уынын æмæ уыцы рæстæджы хъæуы æппæтæй дæр раст хатдзæгтæ скæнын. Галиу-дзинæдтæм рæвдз чи вæййы, ахæм æвзыгъд æрыгон фæлтæримæ, куыд фæзæгъынц, кусын хъæуы дысысчъилæй.

Мæн уырны, Регинæ æмæ Вадимы хабæрттимæ се ‘мгæрттæ дæр кæй уыдысты зонгæ, фæлæ уыдон дæр кæй ницы бацархайдтой, сæхи кæй аиуварс кодтой…

Ахæм æнамонддзинæдты рæстæджы азым хауы, цы æхсæнады цæрæм, уымæ. Ферох нæ, царды фæрæзтæй дарддæр, æндæр хорздзинæдтæ дæр кæй ис, уый. Уыцы хорз миниуджытæй хайджын куы уаиккам, уæд нæ цард уаид адджындæр æмæ ахæм цаутæн та бынат нæ уаид. Мæ хъуыдымæ гæсгæ æмбæлы, цæмæй ацы фарстыл паддзахады разамонджытæ   ахъуыды кæной бæстондæр, райстæуа ахæм закъæттæ, цæмæй æвзонг сылгоймæгтæн сæ бартæ цæуой хуыздæр хъахъхъæд.

  ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.