Абон, 23-æм июлы, Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзты кусджытæ нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон. Газет «Хурзæрин»-ы кусджытæн ацы бон у дывæр бæрæгбон, уымæн æмæ сæ уарзон газеты рацыдыл январы мæйы фыццаг боны сæххæст 100 азы. Иу æнус та цъус нæу рацæугæ фæндагмæ акæсынæн… Редакцийы алы кусæг дæр йæ зæрдæйы чысыл хай бавæры алы номыры рацыдмæ, уымæ гæсгæ йæ алы номыр дæр йæхирдыгонау у уникалон, сфæлхатгæнæн кæмæн нæй, ахæм.

Хабархæссæг фæрæзты кусджытæ сæ бæрæгбоныл æмбæлынц куысты уæлхъус. Журналистты профессионалон бæрæгбон фидар æрцыд 1996 азы 23-æм июлы. Ацы бон хуымæтæджы æвзæрст нæ уыд.

1906-æм азы 23-æм июлы мыхуыры рацыд фыццаг ирон газет мадæлон æвзагыл. Рацыд 118  азы, фæлæ абон дæр ирон газеты кусджытæ сæ сæйрагдæр хæсыл нымайынц ирон æвзаг бахъахъхъæнын. Архайынц, цæмæй газеты алы номыр дæр адæмæн уа циндзинадхæссæг æмæ цымыдисон. Абон Хуссар Ирыстоны æнтыстджынæй кусынц дзыллон информацийы фæрæзты æппæт хуызтæ дæр: радио, телеуынынад, периодикон мыхуыр æмæ Интернет.

90-æм азты республикæйы ныхмæ расидтысты æцæг информацион хæст. Хъуыдис ын аккаг дзуапп радтын. Дæргъвæтин хæстон уавæрты кусгæйæ æмæ æрмæстдæр сæ фыссæн систæй хотыхджын уæвгæйæ, Хуссар Ирыстоны журналисттæ тырныдтой гуырдзиаг-ирон хæсты тыххæй дунейæн рæстдзинад фехъусын кæнынмæ æмæ сын æнтысгæ дæр кодта.  Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы, æгæрыстæмæй, уыд ахæм цаутæ дæр æмæ-иу Мыхуыры хæдзары æхстой комкоммæ.

Мæ зæрдыл хорз лæууы, нæ цæхæрцæст лæппутæй иу, Джиджойты Джетæ, (хъæбатырæй фæмард 2008 азы августы хæсты), æгæрыстæмæй  схызт редакцийы бæстыхайы уæлхæдзармæ кæд æй мах,   «Хурзæрин»-ы кусджытæ нæ уагътам, уæддæр. Гуырдзиаг тыхæйисджыты фæндыд газеты кусджыты фæтæрсын кæнын, фæлæ сæ фæндæй ницы рауад. Газеттæ, æгæрыстæмæй, уæлдай æндыгъд уавæрты дæр сæ куыст никуы æрурæдтой. 90-æм азты хъуыд информацион блокадæ атонын. Пайда кодтой æппæт каналтæ æмæ фадæттæй дæр, уымæн æмæ уæд нæма уыдысты интернет æмæ бастдзинады æндæр фæрæзтæ. Иу аз æмæ 6 мæймæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты 1500 журналисты 56 бæстæйæ. Уæлдай банысан кæнын хъæуы цæгатирыстойнаг журналистты куыст. Уыдонмæ информаци лæвæрд цыд зынгæ тæхæг Остъаты Иналы фæрцы. Уæд Хуссар Ирыстон рамбылдта информацион хæст. Æгæрыстæмæй, ууыл Шеварднадзе дæр ма басас-тис: «Информацион хæсты фембылды стæм мах», зæгъгæ.

2008 азы бынæттон дзыллон информацийы фæрæзтæн, æгæрыстæмæй, нæ уыд информаци адæттыны фадат дæр. Ничи зыдта, республикæйы æцæгæй цы цыд, уый. Фæсарæйнаг журналисттæ бадтысты Тбилисы æмæ сын цы дзырдтой, уый фыстой. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм цхинвайлаг чызг Кокойты Амандæ америкæйаг телеканал Fox News куы загъта, зæгъгæ, Цхинвалмæ гуырдзиæгтæ æрбабырстой,  уырыссæгтæ та нæ аирвæзын кодтой, зæгъгæ, уæд амонæг барæй схуыфыд, цæмæй чызджы ныхæстæ ма райхъуыстаиккой æмæ рæвдзрæвдз расидт рекламæ. Информацион хæст никуы фæуыдзæн, – уый уыд, ис æмæ уыдзæн.

Газет «Хурзæрин» у республикæйы мыхуыры рагондæр æвдисæн. Йæ ном ын кæд цалдæр хатты аивтой, уæддæр нæ фæивтой йæ хъæздыг сфæлдыстадон традицитæ æмæ раздæры зынгæ журналисты традицитæ абон дарддæр кæнынц газеты кусджытæ. Кæддæриддæр дзы куыстой, республикæйæн ном чи кодта, ахæм адæймæгтæ. Мыхуыр та кодта æмæ кæны, æхсæнады æхсызгонæй кæй агуырдтой, ахæм уацтæ. Дуг куыд ивы, афтæ йæ куыст рацаразы газет дæр. Газеты кусынц æвзонг журналисттæ æмæ уыдон дæр традицитæ нымайынц.

Абон, дзыллон информацийы кусджыты боны  мын æнæскойгæнгæ нæй йæ цард ирон мыхуырæн чи снывонд кодта æмæ дæргъвæтин рæстæджы газет «Советон Ирыстон»-ы цæсгомджынæй  чи фæкуыста æмæ абон  нæ фарсмæ чи нал ис, уыдоны тыххæй. Егъау у сæ лæггад ирон мыхуырæн Джиоты Наташæ, Тедеты Юля, Козаты Нинæ, Тыбылты Мария, Джиоты Настя, Беппиты Дуня, Харебаты Владимир (зындгонд зарæггæнджытæ Харебаты Тимур æмæ Вадимы фыд), Тасойты Баграт, Козаты Исидор, Гуыбеты Юрæ, Дыгъуызты Гриша, Харебаты Михаил, Нартыхты Гриша, Къудухты Георги, Букуылты Алыкси æмæ æндæртæн. Кæм уыдис уыдонæй уæздандæр адæм!

Цалдæр азы размæ бынтон æнæнхъæлæджы æвзонгæй цардæй  ахицæн коллективы уарзон адæймаг Туаты Ларисæ. Сæ ном рох нæ уыдзæн, чи сæ  зыдта, уыдонæй. Ацы зынгхуыстыты фæлгæндзтæ арæх фæуайынц нæ цæстытыл, арæх сын æрымысæм сæ хъазæн ныхæстæ дæр æмæ сыл æнкъардæй фæхудæм. Арæх æрæмысæм уыцы рæстæджы æвæлмас цард дæр. Æнæзæгъгæ мын нæй Джиоты Клавæйы тыххæй дæр. Сабыр, æгъдауджын сылгоймаг, Клавдия йæ куыстыл уыд тынг æнувыд, фæлæ уый дæр æвзонгæй бынтон æнæнхъæлæджы не ‘хсæнæй атыдта æвирхъау мæлæт.

Кæд бынтон рæсугъд нæу ме ‘рдыгæй, уæддæр скæндзынæн мæ дзæнæттаг цардæмбал Хуриты Гивийы кой дæр, уымæн æмæ йе ‘мбаргæ царды азтæ иууылдæр баст уыдысты ирон мыхуыримæ. Ноджы ма йæ зæгъон, æрдæгæхсæвтæм дæр йæ фыссæн сис йæ къухтæй никуы ахауд-та æмæ афтæмæй лæггад кодта ирон мыхуырæн. Бирæ азты дæргъы фæкуыста ирон газеты, куыд уацхæссæгæй, афтæ хайады сæргълæууæгæй. Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды райдианы та куыста редакторы хæдивæгæй æмæ уæд уæззау рæстæг кæй уыд, уымæ гæсгæ йыл фылдæр уæз æрцыд, хатт-иу æмбисæхсæвтæм дæр баззад йæ куысты уæлхъус. Ныр дæр ыл тынг фæдис кæнын, куыд тынг уарзта йæ дæсныйад æмæ дзы фæллайын куыд нæ зыдта. Æгæрыстæмæй, бынтон æнæнхъæлæджы рынчындонмæ куы бахауд, уæддæр нæ гæххæтт æмæ фыссæн сис æрдомдта. Бæргæ ма сыл фæхæцыд йæ къухты иу цасдæр рæстæг, фæлæ йæ бон нал ссис цы зæгъын æй фæндыд, уый ныффыссын æмæ абон дæр зæрдæдзургæ дæн, уый тыххæй. Чизоны мын йæ хъæбулты фæдзæхста, кæнæ та йын йæ хæдзары кад дæлæмæ макуы æруадзон æмæ йæ фæцудын ма бауадзон, уымæй мæ фæдзæхста…

Гуырдзиаг-ирон конфликт райдайынæй фæстæмæ газет «Хурзæрин»-ы коллектив куыста уæззау уавæрты. Бирæ хатт-иу цырагъы рухсмæ дæр архайдтам газеты номыр рауадзыныл уазалы-иу нæ къухты æнгуылдзтæ дæр нал хатыдыстæм, афтæмæй. Нæ коллегæтæй-иу бирæтæ сæ къухтæ хъарм кодтой цырагъы «хъарммæ».

2008 азы тугуарæн хæсты фæстæ дæр уæззау уавæрты, электрогенераторы фæрцы рауагътам газет «Хурзæрин»-ы радон номыр æмæ йæ нæхæдæг байуæрстам горæты цæрджытыл, цæмæй ног хабæрттимæ базонгæ уыдаиккой.  Афтæ уыд уый фæстæ дæр, цалынмæ нæ хæстæфхæрд хъайтар горæты электрон рухс сæндидзыд, уæдмæ. Газеты фæрстыл мыхуыр цæуынц алыгъуызон æрмæджытæ. Æрымысæм гуырдзиаг-ирон хæсты чи фæмард, уыцы хъайтар лæппуты рухс нæмттæ. Йæ райгуырдæй фæстæмæ газет «Хурзæрин» æмдзу кæны ирон адæмимæ йæ рæзты фæндагыл. Йæ Ирыстоны риссаг фарстатыл дзургæйæ, риссы йæхæдæг, фæлæ уыимæ ирон адæмæн у ныфсы хос. Арæх газет Хурзæрины фæрстыл мыхуыр æрцæуынц æддагон авторты æрмæджытæ.

Фыццаг «Ирон газет»-ы райгуырæн боны, нæ республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты кусджыты профессионалон бæрæгбоны цытæн арфæ кæнæм нæ коллегæтæн, нæ цæст сын уарзы фидар æнæниздзинад æмæ дарддæры  сфæлдыстадон æнтыстытæ нæхи Ирыстоны сæрвæлтау.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.