Цытджын æмзæххонтæ!

1992 азы 29 майы Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы ауадзгæ референдумы бындурыл райста бæрнон, историон æгъдауæй ахсджиаг уынаффæ. Уый æнустæм сбæлвырд кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты бирæ фæлтæрты хъысмæт. Нæ адæм равдыстой сæ фæндон æмæ уынаффæ хæдуагæвæрды сæраппонды тохы, хæцæнгарзимæ бахъахъхъæдтой сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад.

Абон мах нысан кæнæм сæйраг паддзахадон бæрæгбонтæй сæ иу.

Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсынæй закъонон æгъдауæй арæзт æрцыд суверенон демократон паддзахад. Уый уыд ахъуыдыгонд æмæ бирæ зындзинæдтæ бавзарæг адæмы равзæрст. Ссис хæдбардзинад барадон æгъдауæй сфидар кæныны сæйраг элемент æмæ райдайæн æрæвæрдта хицауады сæрмагонд органтæ аразынæн. Хуссар Ирыстон среализаци кодта хæдуагæвæрды тыххæй йæ бар.

Ацы, æцæгæйдæр хъысмæтскъуыддзаггæнæн документ ссис нæ адæмы сабырады сæрыл тох равдисгæ æхсардзинад. Мах кæддæриддæр æгæрон бузныг уыдзыстæм æппæт уыдонæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ æндидзынадмæ бар чи дары. Нæ зæрдыл дардзыстæм Уæлдæр Советы депутатты хъайтардзинад. Уыдон равдыстой паддзахадон куырыхондзинад æмæ бæрзонд патриотизм, æмæ æнæрæдийгæйæ сбæлвырд кодта РХИ-йы рæзты стратегион фæндаг.

Зынаргъ æмзæххонтæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын бæрæгбоны цытæн. Мæ зæрдæ уын зæгъы амонд æмæ фæрныгад! Уадз, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны алы хæдзары уæд сабырад, æмæ нæ сомбон уæд цинæвдылд!

Уæлахиз уæд Ирыстон!

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

 

ДИПЛОМАТОН КУСÆДЖЫ БОНЫ ЦЫТÆН

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Дипломатон кусæджы боны сæраппонд.

Æмбæлон æддагон политикæ æххæст кæнын у суверенон æмæ хæдбар паддзахады ахсджиагдæр фадгуытæй сæ иу. Вазыгджын æмæ динамиконæй ивæг геополитикон уавæрты дипломатон архайд кæны ноджы ахсджиагдæр дунеон аренæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад æмæ банымад ифтонг кæныны.

Дипломатон ахастытæ рæзын кæнын æмæ æндæр паддзахадтимæ ныхас кæныны фæдыл уæ æвæллайгæ куыстæн иттæг ахсджиаг нысаниуæг ис не ‘мбæстæгты сабыр цард æмæ фæрныгад ифтонг кæныны, профессионализмы бæрзонд стандарттæм æмæ хъуыддæгтыл æнувыд уæвынмæ уæ тырнындзинад та зынгæбæрцæй æндавынц дунеон æмæхсæнады Республикæ Хуссар Ирыстоны позицитæ фидардæр кæныныл.

Ныфс мæ ис, дарддæр дæр серьезонæй кæй архайдзыстут нæ фæсарæйнаг партнертимæ кæрæдзийæн пайдайы æмгуысткæнынадыл.

Ацы зæрдылдарæн боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ æвидийгæ хъарутæ! Уадз, уæ куысты уын уæд кæддæриддæр æнтыстытæ.

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæт!

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

 

 

АРÆНХЪАХЪХЪÆНÆДЖЫ БОНЫ ЦЫТÆН

Цытджын хæстонтæ – арæнхъахъхъæнджытæ, арæн­гæрон службæйы ветерантæ!

Арфæ уын кæнын Арæнхъахъхъæнæджы боны сæраппонд!

Райгуырæн бæстæйы арæнтæ хъахъхъæнын у кадджын æмæ бæрнон мисси. Истори цъус цæвиттонтæ нæ зоны, арæнхъахъхъæнджытæ-иу сæхимæ куы райстой знаджы иууыл уæззаудæр цæфтæ.

Абон мах кад кæнæм æхсарджын адæмæн, кæцытæ кад æмæ намысимæ æххæст кæнынц сæ æфсæддон хæс. Ардбахæрдыл æнувыд уæвгæйæ, сымах хъахъхъæнут паддзахадон арæн, æвдисут æхсардзинад æмæ лæгдзинад, ифтонг кæнут не ‘мбæстæгты æдасдзинад, хъахъхъæнут Республикæ Хуссар Ирыстоны суверенитет æмæ национ интерестæ.

Ацы зæрдылдарæн боны мæ бузныджы ныхæстæ сæрмагондæй зæгъын фæнды Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнгæрон управленийы кусджытæн, кæцытæ хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнджытимæ хъахъхъæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон арæнтæ. Нæ адæм уæ æгæрон бузныг сты сабырад æмæ æн­цойады тыххæй.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Бузныг уын уæ зын куыст æмæ профессионалондзинады тыххæй! Ныфс мæ ис, дарддæр дæр намысджынæй кæй æххæст кæндзыстут уæ разылæууæг хæстæ.

Зæрдæбынæй уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ ног æнтыстытæ Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн. Сабырад æмæ хæрзиуджытæ уæхицæн дæр æмæ уæ бинонтæн дæр.

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæт.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

 

ПАДДАЗХАДОН ÆДАСДЗИНАДЫ КОМИТЕТЫ КУСДЖЫТÆ ÆМÆ ВЕТЕРАНТÆН

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты сырæзтыл 32 азы сæххæсты сæраппонд!

Паддзахадон æдасдзинады органты кусджыты профессионалондзинад æмæ экстремалон уавæрты вазыгджын уынаффæтæ исынмæ арæхстдзинад сты бæрзонд æппæлæн ныхæсты аккаг. Бæстæйы æдасдзинад æмæ стабилондзинад ифтонг кæныны, æмбæстæгты æмæ национ интерестæ хъахъхъæныны уæ архайдæн зын саргъгæнæн у, уæ зонындзинæдтæ æмæ куысты фæлтæрддзинад та фадат дæттынц Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинадæн тасдзинæдты ныхмæ эффективонæй фæлæууынæн.

Сæрмагондæй мæ банысан кæнын фæнды хæларадон бæстæтимæ, фыццаджыдæр, та не стратегион партнер æмæ сæйраг æмцæдисон – Уæрæсейы Федерацийы æдасдзинады службæтимæ æмгуысткæнынад. Ахæм иумæйаг архайд у ноджыдæр у бындур æддагон æмæ мидæггагон тасдзинæдты ныхмæ эффективонæй фæлæууынæн. Сымах руаджы нæ адæмæн сæ бон у сæхи хатой æдасæй æмæ æууæндой сæ сомбоныл.

Бузныг уын, дырысæй кæй æххæст кæнут уæ разылæууæг хæстæ. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр кадимæ æмæ аккагæй кæй æххæст кæндзыстут уе службæйон хæс.

Ацы зæрдылдарæн боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ æнтыстытæ уæ вазыгджын æмæ бæрнон куысты!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæт!

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.