Рагæй фæстæмæ нæ фыдæлтæм цуанон хъæбатыр адæймагыл нымад уыд æмæ кæд раздæр хъаматæ æмæ æндæр примитивон хæцæнгæрзтæй архайдтой, уæд ныры дуджы та рахызтысты æхсæнгæрзтæм. Стæм лæппу разындзæн Хуссар Ирыстоны, кæцы æхсæнгарзимæ архайын нæ зоны  кæнæ та йæ бынтондæр никуы федта. Алкæцы районы дæр нæм ис цуанонтæ, ома сæм ис мигæнæн дарынæн бары гæххæттытæ, кæд æмæ дзы алчи цуаны нæ фæцæуы, уæддæр. Уымæн æмæ хæстон уавæры бирæ рæстæг цардыстæм, æдзух нæ хъуыд нæ зæхх, нæ бинонты бахъахъхъæныны сæр æмæ æнæ хæцæнгарз та знаджы ныхмæ зын фæлæууæн у.

Æмбæхсинаг нæу, абоны бон дæр не ‘мбæстæгтæй бирæтæм кæй ис æхсæнгæрзтæ, фæлæ сæ ныры сабыр дуджы бааууон кодтой. Кæд æмæ ныр æдас стæм не знæгтæй, хъахъхъæнынц нæ уæрæсейаг æфсæддонтæ, уæддæр сом цы уыдзæн, уый ничи зоны. 90-æм азты дæр ныфс бæргæ æвæрдтам уæрæсейаг æфсæддонтæй, фæлæ нæ иу æхсæвыгон кæфхъуындары дзыхы фæуагътой æмæ цыбыр рæстæгмæ сæ кой дæр нал уыд. Æмæ та ныл, мыййаг, сомбон дæр ахæм рæдыд куы æрцæуа?

Гуырдзыстойнаг фашисттæм хуссарирыстойнаг ирæтты скуынæг кæныны фæнд рагæй уыд æмæ 90-æм азты конфликты хæдразмæ алыгъуызон æфсæнтты хуызы бынæттон цæрджытæй æруыгътой æппæт æхсæнгæрзтæ. Суанг ма сæ цуанонты фылдæр хайæн дæр асайдтой планон басгæрсты æфсон. Ома сæм стæй куы бабырсæм, уæд сын нæ ныхмæ фæлæууыны фæрæз ма уа æмæ сæ сæрибарæй Ручъы тънелæй фæфале кæнæм.

Тæккæдæр уыцы заманы æхсæнгарз агуырдтой, куыд фæдзурынц, «цырагъы рухсæй». Би-рæ азты хæстон архайдтыты фæстиуæгæн бынæттон цæрджыты къухты бафтыд æхсæн-гарз дæр æмæ дзы æнтыстджынæй пайда кодтой знаджы ныхмæ тохты. 2008 азы фæстæ ныллæууыд сабыр дуг, фæлæ не ‘мбæстæгты фылдæр хай абоны бон дæр нырма сæхи æдас нæ хатынц æмæ уый фæстиуæгæн, нæ дæттынц милицимæ се ‘хсæнгæрзтæ. Иуæрдыгæй куы бакæсæм ацы уавæрмæ, уæд раст сты афтæ хъуыдыгæнджытæ. Уымæн æмæ махæн æххæст гаранти нæй æмæ та нын сом нæ сыхæгтæ  хæст ма расидой, кæд æмæ нæ зæрдæ дарæм 4-æм базæйы æфсæддонтыл, уæддæр. Æмбисонд афтæ у, басæй, дам, чи басудзы, уый доныл дæр «фу» кæны.

О, фæлæ йæ бæллæх уый мидæг ис, æмæ нæм арæх æрцæуы æнамонд цаутæ, цыран не ‘мбæстæгтæй кæцыдæртæ сæ масты фæдыл ацæуынц æмæ райсынц се ‘вæрд æхсæнгæрзтæ. Æмæ æхсæнгарз мæстыгæр  кæнæ нозтджын адæймаджы къухтæм куы бахауа, уæд æнæмæнг фыдбылызæн æнæрцæугæ нæй.

Ныр цалдæр азы дæргъы Мидхъуыддæгты министрад сиды цæрджытæм, цæмæй æхсæнгарз кæмæ ис, уыдон сын закъоны фæлгæтты бары гæххæттытæ райсой. Закъонмæ гæсгæ бары гæххæтт радтæн нæй автоматикон системæйы æхсæнгарзæн. Стæй ма хæцæнгарзы хицау нуæзтуарзаг куы уа кæнæ наркотиктæм æмхиц, уæд уыдонæн дæр бар нæй æхсæнгарз сæхиуыл сфидар кæнынæн.

Йе ‘хсæнгарзæн бары гæххæттытæ чи райста, уыдон ныридæгæн сты милицийы хъусдарды бын, кæцытæ рæстæгæй-рæстæгмæ азилынц мигæнæнты хицæуттыл, цæмæй феной æхсæнгæрзты уавæр. Æрæджы та ахæм планон азылд сарæзтой Знауыры районы милицийы фадыгон инспектортæ. Районы 69 бынæттон цæрæгмæ ис æхсæнгарз дарынæн бары гæххæттытæ. Басгæрсты рæстæджы инспектортæ бабæрæг кодтой мигæнæнæвæрæн сейфты гуыдыртæ, сæхимæ фæнысан кодтой æхсæнгæрзты номыртæ æмæ бакæнгæ куысты фæдыл сарæзтой æмбæлон акттæ. Фадыгон инспектор Козонты Зураб куыд загъта, афтæмæй иу фæткхалæн цауыл дæр нæ сæмбæлдысты.

«Цæмæй æхсæнгарз æдас ран æвæрд уа æмæ йæм йæ хицау йæ хъус хуыздæр дара, уый тыххæй мах аз дыууæ хатты азилæм сæ бæрæггæнæг. Басгæрсты рæстæджы нæхи цæстæй фенæм æхсæнгарз, æркæсæм ын йæ номыртæм, басгарæм сейфы гуыдыр – æхгæны дæгъæлæй æви нæ, æмæ ма фенæм бары гæххæттæн йæ рæстæг кæд фæуд кæны, уый. Кæд æмæ дзы искæмæн йæ бары гæххæтты рæстæг ацыдис, уæд ын йæ мигæнæн немæ ахæссæм рæстæгмæ, цалынмæ ног бары гæххæтт сараза, уæдмæ. Бары гæххæтт дæттынц фондз азы æмгъуыдмæ. Фæстаг рæстæджыты иу цуанон дæр нæ разынд ахæм, кæцымæ исты фау æрхастам басгæрсты рæстæджы», – банысан кодта Козонты Зураб.

Дзæгъиаты Махар цæры Знауыры поселочы æмæ 1985 азæй фæстæмæ у цуанон. Уæдæй фæстæмæ йæм ис лицензи дæр æмæ бары гæххæттытæ дæр. Милицийы кусджытæн æнæ-зивæгæй бакодта йæ сейф æмæ дзы райста æхсæнгарз. Ацы цуаноны ныхæстæм гæсгæ, хъæууон цæрджытæн æнæмæнгхъæуæг у æхсæнгарз, уымæн æмæ хъæддаг сырдтæ стыр зиан хæссынц хæдзарон фосæн.

«Нæ алыварс куы акæсæм, уæд алы ран дæр у хъæд æмæ пыхс. Ахæм бынæтты та иттæг хорз сæхи хатынц хъæддаг сырдтæ æмæ дзы махмæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ ис. Бынæттон цæрджытæн æрвылаз дæр стыр зиæнттæ хæссынц бирæгътæ æмæ хъæддаг куыйтæ. Æххормаг сырдтæ, æгæрыстæмæй, кæртмæ дæр бахизынц æмæ скъæтмæ дæр æмæ сын сæ нымæц куынæ къаддæр кæнæм, уæд нæхæдæг дæр æдасæй нæ аирвæздзыстæм. Æрæджы хъæумæ ‘ввахс хъæды федтой арс, цы ран арсы фæд фыдæлтæй фæстæмæ никуы уыд. Фæлæ ныр та нæ хъæутæй бирæтæ сыдзæрæг сты  æмæ дзы сырдтæ сæхицæн «хъазæн фæзтæ» сарæзтой. Туратæ сæхицæн хуыггомтæ нал аразынц, фæлæ æдзæрæг хæдзæртты æрбынат кодтой æмæ цот дæр уымыты рауадзынц. Ацы уавæр куыннæ рараст кæнæм, уæд нын сом зындæр уыдзæн», – банысан кодта фæлтæрд цуанон.

Æмæ раст зæгъы Дзæгъиаты Махар. Бынæттон цæрджытæй цалдæры афæрсгæйæ, базыдтон, хъæддаг тугдзых сырдтæ тынг арæх кæй разиан кæнынц хæдзарон фосæн. Æрæджы дæр та Знауыры поселокмæ æввахс ададжы сырдтæ аргæвстой рæуæд æмæ ма йын йæ рагъыстæг фæуагътой. Тагъд рæстæджы та районы цуанонты бахъæудзæн æрæмбырд кæнын, цæмæй та тымбылæй иу цыд акæной æмæ амарой цалдæр хъæддаг сырды. Науæд та лæбурын райдайдзысты хъæутæм.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.