Нæ горæты Мады Майрæмы аргъуаны раз Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номыл цырты размæ æрæмбырд сты æхсæнады минæвæрттæ. Студенттæ, астæуккаг скъолаты хистæркъласонтæ рахастой, 1989 азæй суанг 2008 азмæ гуырдзиаг геноциды рæстæджы не ‘хсæнæй цы æмбæстæгтæ фæхъуыд, уыдоны къамтæ æмæ геноцидыл дзурæг транспоранттæ. Ацы бынаты уагъд æрцыд митинг геноциды амæттæгты номыл. Йæ сæйраг нысан уыд Гуырдзыстоны ‘рдыгæй геноциды ныхмæ протест.

Митинг амонæг Дзуццаты Тамерлан куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Гуырдзыстон нысанмæздæхтæй, суанг 1920 азæй фæстæмæ куынæг кæны Ирыстоны фыртты. Мах, зæгъгæ, хъуыды кæнæм «тугæйдзаг цыппурс», Зары æмæ Ереды трагедитæ, хъуыды кæнæм, 2008 азы гуырдзиаг фашисттæ нæ бæстæ зæххимæ сæмвæз кæнынмæ куы хъавыдысты, мах хъуыды кæнæм алы ироны ном дæр, нæ сæрибардзинады сæрыл ирон зæхх кæй тугæй æхсад æрцыд, уыдон. Хъусдард аздæхта, дунеон организацитæ æмæ европæйаг бæстæтæ куыдфæндыйы цæстæй кæй кастысты ирон адæмы трагедимæ, кæд ныхæстæй демократон нормæтыл хæст сты, уæддæр.

«Абон Гуырдзыстоны къухдариуæгад, информацион фæрæзтæ æмæ æхсæнад се ‘мбæстаг Арчил Тъатъунашвилийы мæлæт систой дунеон æмвæзадмæ. Хъуысынц карз домындзинæдтæ йæ мард буар радтыны фæдыл. Æмæ уæд Гуырдзыстоны мард чи æрцыдис, нæ уыцы лæппуты æдзард буæрттæ та кæм сты? Чи ратдзæн уымæн фарст?

Абон ам не ‘хсæн сты Ирыстоны фæмардуæвæг хъайтар лæппуты ныййарджытæ, идæдзтæ, сывæллæттæ, æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты ныййарджытæ.  Уыдон сидынц дунеон æмæхсæнадмæ, Евроцæдис æмæ ИНО-мæ, цæмæй Гуырдзыстоны хæстон агрессийæн аргъ æрцæуа æмæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй терроры фарс мауал хæцой», – дзырдта Тамерлан.

Ахæм уыд йæ ныхас Парламенты депутат Уалыты Розæйæн дæр, зæгъгæ, кæм уыдысты, абон Гуырдзыстоны уынгтæм чи рацыдысты, уыцы мæдтæ, ирæттæ цагъд куы цыдысты, уæд. «Раздахут нын нæ сывæллæтты, не ‘дзард хъæбулты, кæцытæ сты фæндзæм скъолайы кæрты ныгæд», – дзырдта уый.

Дæс азы дæргъы, зæгъгæ, æбæрæгæй сæфт чи сты, уыцы Плиты, Хацырты æмæ Хуыгаты лæппуты хиуæттæн цæмæннæ дзуапп кæнынц, кæм сты сæ хъæбултæ.

«Чи сын сдзуапп кæндзæн? Æмæ кæд алы фыдæвзарæнтыл дзурынц, уæд ма бафæрсæм Санахъоты Гена æмæ Гришикы мæдты, науæд Букуылты Маиры ныййарджыты, цахæм хуызы сын раздæхтой сæ хъæбулты», – дзырдта Розæ.

Æппæтирон æхсæнадон организаци «Стыр Ныхас»-ы хуссар-ирыстойнаг хайы сæрдар Гаглойты Роберт дæр зæрдыл æрлæууын кодта Гуырдзыстоны сырдон ахаст хуссарирыстойнæгтæм. Гуырдзиаг фарс кæд йæ хъайтары радтын домы, уæд нæ æдзард лæппутæ æмæ чызджытæ та цы фæуой.

«Кæм уыдысты уыцы ныгуылæйнаг бæстæтæ, Хуссар Ирыстоны алыгъуызон уæззау æхсæнгарзæй куы æхстой, кæм уыдысты, уыцы афтæхуыйнæг «демократтæ», хуссарварсæй нæм гæрзифтонгæй куы бырстой, уæд. Уыдон æрдыгæй уæд иу ныхас дæр нæ райхъуыст мах пайдайæн», – дзырдта Роберт.

«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты цæдис»-ы минæвар,  Парламенты депутат Диаконты Амиран банысан кодта, махмæ дæр бирæ фарстатæ кæй æвзæры. Фыццаджыдæр, Гуырдзыстоны патриарх Илья II кæй бахатыд Уæрæсейы патриархмæ, Арчил Тъатъунашвилийы мард буар радтыны хъуыддаджы сын бах-хуыс кæныны тыххæй, уый фæдыл.

Амираны ныхæстæм гæсгæ фæстаг рæстæджы гуырдзиаг чырыстон аргъуан арæх ныхас кæны националон фашизмы æхсæнылæджы хуызы. Уыцы хъуыддæгтыл мах разы не стæм, зæгъгæ, æмæ араздзыстæм æппæтдæр, цæмæй сæ æндæв-дадæй иуварс уæм.

Уый æрсидт æргомдзинадмæ, цæмæй провокацион Гуырдзыстон æмæ йæ фæстæ  чи лæууы, уыдон архæйдтыты ныхмæ  нæ тых фылдæр уа. Уыдон, зæгъгæ, мах нæ уынынц, мах сын æрмæстдæр цæлхдуртæ стæм сæ геополитикон тырнындзинæдтæ æххæст кæнынæн.

Гуырдзыйы къухæй æфхæрд баййафæг æмбæстæгты бинонты номæй раныхас кодта Цоциты Зарæ, фæмардуæвæг æмæ æбæрæгæй сæфт бинонты номæй та – комитеты минæвар Коцты Индирæ.

Æбæрæгæй сæфт Хуыгаты Аланы хион æмæ Плиты Солтаны мад сæ раныхасы банысан кодтой, зæгъгæ, кæд Гуырдзыстон абон хъæр-хъæлæба систа сæ иу æмбæстаджы тыххæй, уæд уыдон къухæй цал ироны бабын?

«Мах стæм Тъатъунашвилийы мард буард радтыны ныхмæ, цалынмæдæриддæр нын Гуырдзыстон нæ хъæбулты баззайæццæгтæ раздаха, уæдмæ», – дзырдтой рыстзæрдæ хиуæттæ.

Ныхасы ма рацыд Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон æмæ дзырдта революцийы уæлахизы фæстæ Ирыстоны парахат зæххыты тыххæй. Еныр та? Уæрæсейæ куы хицæн кодта Гуырдзыстон, уæд нын байстой нæ зæххытæ.

«Цæмæннæ арæзтой митингтæ, алы хъæуты фыдмитæ куы кодтой нæ адæмæн, уæд? Науæд Зары трагеди – дуне кæмæй ныррызт, Ереды – удæгасæй кæй баныгæдтой, уыдон фæдыл та?

Фæлæ Присы гуырдзиаг фы-дæн йе ‘хсæнгарз куы фæирвæзт йæ авдæны сабийыл, уæд хорз митингтæ кодтой, хорз сæ сæрыл слæууыдысты. Иу ницæйаг поэт сæм ис Джансугъ Чаркъвиани æмæ сидт Гуырдзыстоны фæси-вæдмæ, зæгъгæ, райсут хæцæн-гарз ирæтты ныхмæ», – дзырдта Мелитон.

Æрсидт нæ кад, не ‘гъдау, не ‘взаг бæрзонд хæссынмæ.

Митингамонæг Дзуццаты Тамерлан бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй нæ сæрибардзинады сæрыл чи фæхъуыд, уыдоны рухс нæмттæ ссарыны охыл иу минут æмырæй алæууой.

Митинджы кæрон, дунеон организацитæ æмæ гуырдзиаг æмбæстаджы мæлæты фæдыл цы бæстæты минæвæрттæ ралæууыд, уыдонмæ ист æрцыд æргом сидт, цыран дзырдæуы, кæй хъыг кæнæм ацы цауы фæдыл. Фæлæ кæд дунеон æмæхсæнады цæсты иу адæймаджы мæлæт трагеди у, уæд Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ геноциды тыххæй цæмæн сабыр лæууыд уыцы дунеон демократон æмæхсæнад.

Хуссар Ирыстоны æхсæнад сиды дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй уыцы цаутæн æрцæуа барадон аргъ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.