Æвæццæгæн нæ ныхыфыст у ахæм. Нæ историйы æгъатыр уылæнтæ нæ хæхты цъассытæм куы батардтой, уæдæй фæстæмæ хъуамæ фидæм хъалон нæ тызмæг хæхты æнусон æгъатырдзинадæн. Уымæн загъта поэт дæр: «Фыдæлтæй нын баззад зæйы сæфтæн рад»,  кæнæ – «Нæ зымæг ингæн у, йæ зæйтæ – нæ мæт»… Æмæ нæ фысджытæй кæй зæрдæйы рæбынæй нæ райхъуыст ацы æнусон сагъæс, кæцы фыссæг ахызт ацы дывыдон рысты иувæрсты. Секъа æмæ Костайæ райдайгæйæ нæ абоны фæлтæры онг.

Цымæ цас сты æви уыдысты, сæрыстыр цы хæхты рæсугъддзинадæй стæм, уыцы хæхты амæттæгтæ? Цымæ цал хатты бахъуыд фæдисы растын ирон адæмы зæйы амæттæгты агурынмæ? Цалынмæ нæ фылдæр хай хæхты цъассыты цардысты, цалынмæ цадæггай быдырбæстæм ивылын нæ райдыдтой, уæдмæ Ирыстоныл цал зымæг ацыдаид æнæфыдбылызæй… Джусойты мыггаджы сæфтæй нырма дæр зæрдæ ныккæрзы, нырма дæр уæнгты ихæнрызт ацæуы. Фæлæ уый, историйы тыгъдад нымайгæйæ, афтæ раджы нæ уыд, уыцы дуджы нæм информаци ахæм къуындæг фæлгæтты нал уыд æмæ йæ абон алчи дæр зоны, фæлæ раздæр та? Чи йæ зоны æмæ цал хæххон хъæуы фесты бынсæфт, фæлæ се сæфты хабар æбæрæгæй баззад историйы æмыр æвæрæны… Дзесты Куыдзæг Джусойты мыггаджы зæйласты тыххæй дзургæйæ фыста: «Ахæм стыр æбуалгъы хабар ма æрцыд 1850 азты кæрон Нары комы. Джинаты хъæуы дыууиссæдз хæдзарæй ма фервæзт æрмæст иу хæдзар – зæронд ус æмæ лæг, сæ хæдзар къæдзæхы бын кæй уыд, уый руаджы, иннæты иу æхсæв баныгæдта зæй йæ быны».

Мах дæр, абоны фæлтæр, бирæ æнамонддзинæдтæн стæм æвдисæн, бирæ æбуалгъ диссæгтæ ныл æрцыд зæйластытæй. Мацхарайы Козатæ æнæхъæн бинонтæй бабын сты, Ирыстоны та нæ цыфыддæр знæгты ныхмæ фæдисы растыны сæр куы бахъуыд, уæд нæ сæйраг фæдисæттæй сæ иу Коцты Гри дæр зæйы амæттаг бацис, нæ уарзондæр зарæггæнджытæй сæ иу Сагкаты Валери, нæ хуыздæр математиктæй сæ иу Бекъойты Эдуард æмæ афтæ дарддæр…

Æмæ та ногæй… Ацы хатт та нæ рæсугъд хæхты æгъатырдзинады амæттаг,  Ирыстонæй дард ран чи райгуырд, ахæм цæрынхъуаг лæппутæ бабын сты, кæйдæр хъуымызбыл сабитæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддонслужбæгæнджытæ. Уыдон ирæттæ нæ уыдысты, фæлæ уымæй нæ рыст рогдæр нæ кæны, уыдоны трагеди нын ноджы риссагдæр у. Ирон лæг йæ фыдыбæстæйы зæххыл фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ амæла, уый иу у, æмæ уартæ кæмдæр, Ирыстон кæм ис, уый ныры онг зонгæ дæр чи нæ кодта, афтæмæй хъæбул чи схъомыл кодта, уыцы мадмæ йæ хъæбулы мæрдон буар зæйнадæй нылласын ноджы уæззаудæр рысту. Стæй… Кæд йæ зæгъын Хуыцаумæ хъыг нæ фæкæсдзæн, уæд уыцы бынаты уырыссæгтæ куынæ уыдаиккой, уæд сæ бæсты лæууыдаиккой ирон лæппутæ… Уымæ гæсгæ мах хæсджын стæм, цæмæй ацы æртæ зынгхуыст лæппуйæн дæр кад æмæ аргъ кæнæм, августы хæсты чи бабын, уыцы лæппутæн куыд кад æмæ аргъ кæнæм, афтæ.

Уыдонæн дæр ма æндæр цы нæ бон у, ницы… Фæлæ уæддæр диссаг у, цæмæн, куыд æрцыд афтæ?.. Мит-иу йæ уарынæй мæйгæйтты куынæ банцад, поэты загъдау, лæджы æмбæрц-иу куы ныууарыд, къæсæрæй-къæсæрмæ акæсæнтæ дæр-иу куы нал уыд, ахæм рæстæджыты дæр уыцы бынаты зæй куы никуы æрцыд, уæд ныр… Уым зæйцæуæн куы уаид, уыцы бынат зæйрацыдæй тæссаг куы уыдаид, уæд тунелы рахизæн уыцы ран нæ уыдаид, чылыл æй дарддæр ахастаиккой кæнæ иуæрдæм, кæнæ – иннæрдæм. Æмæ дзы кæд тасдзинад уыд, уæд та йыл хъуамæ ахъуыды кодтаиккой, ахæм хъуыддæгтæ чи иртасы, уыцы специалисттæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй  ацы трагедийы фæдыл конд æрцыд уголовон хъуыддаг:

«528-м военным следственным отделом Следственного комитета Российской Федерации, дислоцированным в городе Цхинвал Республики Южная Осетия, по факту гибели военнослужащих войсковой части возбуждено уголовное дело по признакам преступления… «халатность, повлекшая по неосторожности смерть двух или более лиц».

Ацы æнамонд хабары «халатность» æмæ «неосторожность» цы нысан кæнынц, уый алкæмæн зын бамбарæн у, кæмæ хауы, уыдон æй куыднæ  æмбардзысты, фæлæ æддагон цæстæй бакæсгæйæ æвзæры цалдæр ахæм фарсты: уыцы бынаты тунел хъахъхъæнæг æфсæддонтæн казарма куы арæзтой, уæд хъуамæ ма ахъуыды кодтаиккой, зæй рацæуынæй тæссаг  уыдзæн æви нæ, ууыл? Кæд фæндагыл, æрмæстдæр машинæтæ тæхгæ уадæй кæм цæуынц, ахæм рæтты æвæрынц сæрмагонд галерейæтæ, уæд æхсæвæй-бонæй адæм кæм лæууынц, уыцы бынаты нырыонг цæмæннæ сæвæрдæуыд ахæм æдасдзинады фæрæз? Дзесты Куыдзæг кæй кой кæны, уыцы дыууиссæдз хæдзарæн сæ хъысмæт æмæ сæ уавæр æндæр уыд, уыдон æндæр дуджы цардысты, ахæм цæуылдæрты нæ хъуыды кодтой, куы хъуыды кодтаиккой, уæддæр ницы сæ бон уыд сæ уавæр æмæ хæххон фыдбылызты ныхмæ. Ныр та æндæр дуг куы у, размæдзыд зонадон-техникон дуг. Æниу, чизоны, не намонддзинад дæр уый мидæг ис, ахæм дуг кæй у. Адæм сæ фырхъалæй суазалзæрдæ сты, æмæ цалынмæ уæрдон афæлдæхы, уæдмæ фæндагыл ничи фæхъуыды кæны, йæхи чи хъахъхъæны, уый хуыцау дæр кæй хъахъхъæны уый дæр нæ ферох…

Æрмæст… Куыд зонæм, афтæмæй зæйласты чи бабын, уыдонæй æртыккаджы уайтагъд не ссардтой, дыууæ бон æмæ йæ дыууæ æхсæвы агургæ кодтой. Æмæ, бузныг зæгъæм, æхсæвæй-бонæй уыцы фыддон-фыддуры удуæлдайæ чи фыдæбон кодта, уыцы лæппутæн. Уыдон, сæйраджыдæр,  уыдысты Уæлвæткон уавæрты министрады лæппутæ æмæ сæ Хуыцау æнæмаст, æнæфыдбылыз уадзæд иууылдæр!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.