Уалдзæджы æрбалæудимæ нæ республикæйы цæрджытæн фæзыны бæрæг фылдæр куыстытæ. Дзауы поселочы æмæ хъæуты дæр æрæвнæлдтой сыгъдæггæнæн куыстытæм. Ам радон хатт организацигонд æрцыд зиу, цæмæй уал æфснайд æрцæуой централон уынгтæ.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæйы бахæсмæ гæсгæ æртыццæджы бафснайдтой райцентры территори. Уыцы райсом куыстуæтты кусджытæ рацыдысты æмæ алчи йæ куысты алыварс ныссыгъдæг кодта. Администрацийы къухдариуæгад развæлгъау организацитæ æмæ куыстуæттæн фехъусын кодтой, цæмæй æнæмæнг сæ хайбавæрд бахæссой райцентры сыгъдæгдзинадмæ. Ацы уалдзыгон зиуы тыххæй нын бæстондæрæй радзырдта районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ. Уый куыд банысан кодта, афтæ-мæй ныртæккæ районы уынгты сыгъдæгдзинадмæ хъæуы æркæсын, цæмæй проблемæ аиуварсгонд æрцæуа бæрæгбонтæм.

«Мах æртыццæджы разиу кодтам æмæ алыгъуызон бырæттæй ныссыгъдæг кодтам райцентр, Хслебы хъæуæй Хуыцъейы хъæуы онг федералон трассæйы былгæрæттæ, афтæ ма стадион дæр. Нырма æфснаинæгтæ бирæ ис, иу бонмæ сыл нæ фæтых стæм æмæ фæндон рахастам, цæмæй ацы мæй саразæм цалдæр ахæм зиуы. Цæстæн зын вæййы уыцы алыгъуызон бырæттæм кæсынæй æмæ курæг дæн, цæмæй фæндæгтыл чи цæуы, стæй цæрджытæ дæр сæ бырæттæ æнæран бынæтты ма калой æмæ сæ алыварс ма чъизи кæной. Фæндæгтыл цæуæг машинæтæй дæр аппарынц сæ бырæттæ æмæ фæндаджы былтæм куы акæсай, уæд вæййынц алыгъуызон быронæй йедзаг. Æхсæвæй райсоммæ фæндаггæрæтты уыййас бырон æрæмбырд вæййы æмæ уый тынг мæгуырау хъуыддаг у. Нæ культурæйыл дзурæг у. Нæхæдæг кæм цæрæм, уымæ куыдфæндыйы цæстæй цæмæн хъуамæ кæсæм? Бырон калæн асыччытæм дæр фæзивæг кæнынц æмæ та сæ бырæттæ зæххмæ аппарынц. Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр æмæ нæ рæстæг сæрдыгон рæстæджы кæм æрвитæм, уыцы бынæттæм дæр хъæуы хъусдард здахын, цæмæй сыгъдæг уой æмæ сæ уындæй адæймаджы зæрдæ райа. Стыр бузныг дæн ацы хъуыддаджы хайад чи райста, æппæт уыдонæй», – банысан кодта Тыбылты Вандæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.