Алчидæр зоны, зæххыл иуыл зынаргъдæр æмæ уарзондæр у сывæллон. Канд адæймагæн нæ, фæлæ сырдтæн дæр æрдзæй афтæ лæвæрд у – хъæбулыл хъуамæ аудай, раст фæндагыл æй æфтауай. Уый та баст у ныййарæгыл, ахуыргæнæгыл.

Кæд æз стыр куырыхон ахуыргæнæг æмæ фæл­тæр­д­джын психолог дæр нæ дæн, уæддæр мæм цы фæлтæрддзинад ис, уымæй зонын: сывæллон æмбæлон хъомылад куынæ иса бинонты ‘хсæн, уæд скъолайы ахуыргæнгæйæ æнцонтæй фæцайдагъ вæййы æнæуаг митыл. Уый у æрмæстдæр ныййарæджы аххос, уыдон æм æмбæлон хъусдард нæ фездахынц, йæхи бар æй ауадзынц æмæ раст фæндагæй фæиппæрд вæййы. Скъолайыл дæр бирæ хæстæ ис. Алы сабийæн дæр ис йæхи миддуне. Уыцы миддунейæн райдианкълæсты ахуыргæнæг хъуамæ сараза фидар бындур. Амонын ын хъæуы фидæнмæ рæсугъд фæндаг. Алыгъуызон цæвиттонтæ хæс­гæйæ сын хъуамæ амона, цы у хорз æмæ цы у æвзæр. Уыцы вазыгджын æмæ ахсджиаг куыст кæнынмæ куынæ арæхса ахуыргæнæг, уæд йæ бынат скъолайы нæй. Уыцы куыст æххæст кæнын æнцон нæу, бирæ фыдæбон хъæуы ахуыргæнæг – хъомылгæнæджы. Фæлæ царды практикæ куыд амоны, афтæмæй стыр фыдæбон цæуыл фæкæнай, уымæн йæ фæстиуджытæ дæр æвæрццаг  рауайынц.

Иуæй-иу ныййарæг хатгæ дæр нæ фæкæны, кæд, кæцы уысм, аирвæзт къухæй йæ уарзон хъæбул æмæ кæй аххосæй фæцайдагъ æвзæрдзинадыл, æнæуаг митыл. Мæ зонгæ ныййарджытæй бирæтæн ис ахæм цæстæнгас: нæ хъæуы сабийы къуындæг дарын, тызмæгæй йæ хъомыл кæнын. Куы фембаргæ уа, уæд, зæгъ, æй йæхæдæг бамбардзæнис, сраст кæндзæн йæ рæдыдтытæ. Фæлæ хорз æмæ раст хъуыддæгтыл чысылæй куынæ фæцайдагъ уа сывæллон, чысылæй йын куынæ бацамонай царды фæзилæнтæ, уæд стырæй байрæджы уыдзæнис.

Ис ма ахæм ныййарджытæ дæр, кæцытæ фæзæгъынц – махæй, ома, сабийы ныййарджытæй, æвзæрдзинад, æнæуаг ми йæ сæрмæ никуы ничи схаста æмæ нæ сывæллæттæ æвзæр куыд хъуамæ уой. Мæнмæ уый кæсы бынтон уæлæнгай ныхас. Сывæллон йæхи бар куы ауадзай, уæд бæстæ рафæлдахдзæнис; «афтæ аразын гæнæн нæй», «афтæ гæнæн та ис» – ацы дыууæ ныхмæвæрд хъуыдыйы саби хъуамæ кæрæдзийæ хицæн кæна. Æмæ сæ ныййарæгæй хуыздæр та чи хъуамæ бацамона.

Бирæ ныййарджытæ сæ сывæллæтты кæнынц буц хъомыл, æлхæнынц сын зынаргъ дзаума, фæстаг модель телефонтæ. Чысылæй фæстæмæ сывæллон куы зона, йæ алы фæндон дæр ын æххæст кæнынц, уæд уый йæхæдæг ницæмæуал тырндзæнис. Алцæмæн дæр хъуамæ уа бæрц. Буц хъомыл чи кæны йæ сывæллоны, зынаргъ дзаума йын чи æлхæны, уый стæй, хистæр кълæсты куы уа, уæд та стырдæр цыдæртæ æрдомдзæнис йæ ныййарджытæй.

Ныртæккæ ахæм рæстæг у æмæ физикон æгъдауæй дæр уадиссаг ничиуал кусы. Раздæр хъæууон цæрæгæн йæ æфтиаг баст уыд тыллæг æмæ дыргъы æрзадимæ. Ныр горæтмæ хæстæг цы хъæутæ ис, уыдоны цæрджытæ дæр горæттаг цард кæнынц. Æгæрыстæмæй сæм дзул дæр ласгæ кæнынц. Æмæ адæм зивæг райдыдтой, уæлдай хатт азмæлын никæйуал фæнды. Сабийæн та «цума» куынæ кæнай, уæд уый æндавы йæ удыхъæдыл, йæ физикон рæзтыл, æмткæй йæ уагахастыл.

Хъомыладон уроктæ куы фæуадзæм скъолайы, уæд, сæйраджыдæр, сабиты хъусдард аздахæм дыууæ æмбарынадмæ – «хистæр-кæстæр». Иуæй-иу хистæр йæхи дарын нæ зоны æмæ уый сабийæн цы хъуамæ бацамона. Раздæр-иу кæстæр куы фæрæдыд, уæд ын хистæр комкоммæ уайдзæф нæ кодта, нæ йæ дæлдзиныг кодта искæйы раз. Иуварс-иу æй акодта æмæ йын бамбарын кодта, раст кæй нæ бакодта. Кæннод та-иу ын хъазгææмхасæнæй загъта: «æнæуый зæнджын куы дæ, хорз хæдзарвæндагæй, уæд дын ныр афтæ куыд рауад?». Ацы метод, психологтæ куыд амонынц, афтæмæй сæмбæлы йæ тæккæ раны. Кæстæр цыфæнды фыдракæнд ма сараза, уæддæр ныййарæг, æмæ ахуыргæнæг дæр, æнæуаг ныхасæй  ма хъуамæ равдиса йæ маст, уайдзæф кæнын дæр хъæуы фæлмæнæй. Хистæр кæстæрæн æгасæйдæр хъуамæ уа цæвиттон.

Фæстаг азты ма ахуыргæнинæгты ‘хсæн рахатыдтæн, стыр хъыгагæн, мæнæ ахæм тенденци; урок уадзгæйæ сæ бафарстон, куы байрæзат, уæд уæ цы фæнды суæвын? Сæ дзуаппытæй мæ зæрдæ нæ барухс. Иууылдæр дзырдтой, шоу бизнесы чи архайынц, уыдоны нæмттæ. Уымæн æмæ, дам, уыдонæн бирæ æхца фидынц, иууылдæр хъæздыджытæ сты. Æз сын цæвиттонæн æрхастон ирон адæм кадджын цы фысджытæ, поэттæ, нывгæнджытæй сты, уыдоны нæмттæ. Фæлæ стæмтæй дарддæр уыдон ничи зыдта. Чидæртæ та загътой, зæгъгæ ныр æндæр дуг у. Мæнмæ ацы фарст тынг сагъæсаг æмæ катайаг кæсы. Ахуыргæнджыты советы рæстæджы мæ коллективы бафæдзæхстон, цæмæй фылдæр къласæн æддейæ уроктæ уадзой, ирон адæм  сæрбæрзонд æмæ кадджын кæмæй сты, уыдоны нæмттæ æмæ сгуыхтдзинæдтæ куыд зоной ахуыргæнинæгтæ.

Ныртæккæ ахуыргæнæгæн дæр æмæ ныййарджытæн дæр хæрзæгъдау æмæ æнтыстджын хъæбултæ схъомыл кæнын зындæр у. Лæмбынæг куы ахъуыды кæнæм, уæд алчи дæр зæгъдзæн, хорз кæстæр схъомыл кæнын нæ къухты бафтдзæн, кæд æмæ нын кæстæртимæ уа бастдзинад. Æппæтдæр ис нæхи къухты, алцыдæр у нæхицæй аразгæ æмæ кæрæдзийæн баххуыс кæнæм. Цæмæй нæ сабитæ цæрой амондджынæй, цæмæй фидæны фæсмонгонд ма уæм.

 

УАЗÆГТЫ Ритæ,

Сатихъары астæуккаг

скъолайы директор

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.