Фæстаг цалдæр азы Уæрæсейы æмбæстæгты цымыдис кæны Хуссар Ирыстоны республикæ, бафæнды сæ баулæфын хæхты хъæбысы, уыимæ ма фæтырнынц, цæмæй феной цыртдзæвæнты, базоной сын сæ историон зонæнтæ. Ахæм бынæттæй та нæ республикæ у хъæздыг æмæ ардæм чи æрцæуы, ам йæ улæфты рæстæг чи фервиты, уыдон нымæц кæны фылдæр.

Æрæджы ам йæ улæфт иу хай чи арвыста, уыдонæй дыууæйæ – Макаров Владислав æмæ Макаров Екатеринæ æрцыдысты горæт Ростовæй, Ефанова Анастасия та Дюссельдорфæй. Цардысты уазæгдон «Лига чемпионов»-ы. Ам кæд бирæ рæстæг нæ баззадысты, бæрцæй – æртæ боны, уæддæр уыдысты цалдæр зындгонд бынаты. Фыццаг бон сæ фæндаг акодтой Джеры дзуармæ. Ссыгътой цырæгътæ æмæ сæхи бафæдзæхстой, афтæмæй æхцондзинад фæистой Ирыстоны рæсугъд æрдзмæ кæсгæйæ. Джеры комы зæрдылдарынæн систой къамтæ дæр. Уыцы бон ма фæстæмæ здæхгæйæ сæ фæндаг акодтой Зонкъары цадмæ. Куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ ам дæр сæ зæрдæтæ барухс сты æрдзы рæсугъд æмæ сыгъдæг уындæй æмæ йæ диссагæн хастой.

Дыккаг бон уазджытæ ацыдысты Монастъеры хъæумæ. Ам та бацыдысты Мады Майрæмы аргъуанмæ, ссыгътой цырæгътæ  æмæ бафæдзæхстой сæхи. Чи сæ фæндараст кодта, уыдонмæ цы алыгъуызон фарстатæ лæвæрдтой, уыдонæн истой æмбæлон дзуаппытæ æмæ аргъуанмæ сæ цымыдисдзинад сырæзт ноджы тынгдæр.

Куыд загътой, афтæмæй Хеиты хъæуы цы газимæ дон цæуы, уый кой Ростовмæ фехъуыстой æмæ стыр цымыдисæй балæууыдысты йæ уæлхъус. Куы йæ ссыгътой, уæд йæ алыварс цы бандæттæ ис, уыдоныл æрбадтысты æмæ истой алыгъуызон æхцон æнкъарæнтæ.

Æртыккаг бон та нæ горæты уазджытæ ацыдысты æмæ зонгæ кодтой Дменисы мæсыг   æмæ йæ историмæ.

Уазджытæ бацыдысты Итраписы хъæуы хæрæндæттæй сæ иумæ. Ам сæ кусджытæ зонгæ кодтой ирон къæбицы хæринæгтимæ, уæливых, физонæг æмæ æндæр хæринæгты сусæгдзинæдтæ сын амыдтой. Сæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдыстæ æмæ сæ бафæндыд, цæмæй дзы семæ дæр ахæссой æмæ сæ фæнд сæххæст ис. Уазджытæ банысан кодтой, зæгъгæ, хъуыстам Ирыстоны рæсугъд æрдзы æмæ йæ уазæгуарзаг адæмы тыххæй, фæлæ æппæтдæр афтæ уыдзæнис, уый æнхъæл нæ уыдыстæм. Æмæ бузныг зæгъæм, ацы бонты кæуыл æмбæлдыстæм, нæ фарсмæ чи уыд, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Уырны нæ фидæнмæ фылдæрæй кæй æрцæудзыстæм æмæ фылдæр рæстæг кæй уыдзыстæм рæсугъд æрдз æмæ уарзæгой адæмы ‘хсæн.

Уырыссаг туристтæ ма банысан кодтой уый дæр æмæ Ирыстоны бирæ рæсугъд бынæттæ кæй ис, æмæ аккаг кæй у, цæмæй слæууа, туризм размæцыддæр кæм у, уыцы бæстæты æмрæнхъ.

Уазджыты уыцы бонты фæндараст кодтой не ‘мзæххонтæ Гæбæраты Константин æмæ Гæззаты Виктория.

Гæззаты Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.