27 азы размæ æппæт ирон дзыллæ æнæрхъæцæй сæхи цæттæ кодтой Стыр бæрæгбонмæ, гуырдзыйы «сабырад æмæ хæлардзинадыл фидар хæст фæткæвæрджытæ» та сæ кæрдтæ цыргъ кодтой –  фидарæй сæ уырныдта, тагъд Хуссар Ирыстоны дæргъæй-дæргъмæ фынгтыл гаджидæуттæ кæй кæндзысты барджынæй æмæ хъæлдзæгæй. Фæлæ сын сæ æнæбындур, æрра фæндиæгтыл Хуыцау бæрзондæй худт æмæ æппæт дæр йæхирдыгонау снывæзта: иунæг æцæгæлон адæймаг дæр Цхинвалмæ не ‘рбахызт, сæргуыбырæй аздæхтысты, кæцæй æрбафсæрстой, уырдæм. «Сабырады акцийы» минæвæрттæй бирæтæ стæй ныффысдзысты: «Ахæм худинаджы амæттаг мæ царды никуыма фæдæн», «Мах стæм нæхи зæххыл, цымæ кæй кæнæ цæй ныфсæй гæппытæ кæнынц ацы ирæттæ?», «Ау, куыд баурæдтой цалдæр лæджы цалдæр километры дæргъæн колоннæйы, куыннæ сæ бауагътой Цхинвалмæ?»

Уыцы бонæй абонмæ бирæ дон аивылд, бирæ ивддзинæдтæ ‘рцыд нæ бæстæйы, фæлæ уæддæр 1989 азы 29 ноябрь нымад у стыр ныхмæлæуды райдайæныл. Уыцы бон хуссарирыстойнæгтæ ирдæй банкъардтой национ идеяйы комулæфт, дзыллæйы æнгомдзинад æмæ монон иудзинады тых. Уыцы бонæй фæрсæй-фæрстæм райдыдтой кæрæдзи фарсмæ æмдзу кæнын фыдох æмæ циндзинад, маст æмæ уæлахиз. Йæ къухы хъама кæмæн ис, уый цæхгæр хицæн кæны, уартимæ йæ ныхмæ чи лæууы, уымæй.

Цæмæдæр гæсгæ афтæ рауад, æмæ ирон лæг фылдæр уартæй архайдта, уымæн æмæ йын знаг арæх хъавыд байсын йæ сæрибардзинад, йæ æдыхст цард æмæ йæ райгуырæн уæзæг. Мæлæтæй нæ тарст нарты фæдон, фæлæ дæлдзиныг, æфхæрд нæ быхста, уымæ гæсгæ-иу ныккалд туг.  Æрмæст 1989-2008 азтыл куы дзурæм, уæддæр дзы дзæвгар ис, хъысмæтхæссæг æмæ нысаниуæгджын бонтæ. Уыцы бонтæ кæд маст æмæ цæс-сыг æвдылд уыдысты, уæддæр дзы циндзинад æмæ ныфсдæттæг æнкъарæнтæ дæр бирæ уыд.

Ноябрь, Джиуæргуыбайы мæй… Кæмдæр зымæг йæ тæккæ тæмæны вæййы, фæлæ махмæ бæркадджын фæззæг йæ тыхы уæд бацæуы: ирон адæм сæ фæззыгон тыллæг бафснайынц æмæ зымæджы æрбалæудмæ, Уаз Уастырджийы бæрæгбонмæ, Ногбоны æхсæвмæ уæхскуæзæй сæхи фæцæттæ кæнынц… Уыцы бонтæм æвналæн нæй – бинонты уыцы циндзинад æмæ хъармдзинад царды тых æртывæр кæны, хæдзары Ирон Фарн æмæ Бæркад тауы. Ахæм бонты фыдбылыз, æвзæрдзинад æмæ хотых йæ уацары кæй бакæны, уый фæсмонгонд фæвæййы цæрæнбонтæм, тæригъæд ма йæ фæдонтæ дæр фæфидынц. Махыл нæ «хорз сыхæгтæ» афтæ рахæтыдысты, æмæ сæ алы æрбабырст дæр баст у кæцыдæр бæрæгбонимæ, цыма развæлгъау бæрæгбонон къæлиндармæ гæсгæ нывæзтой сæ хæстон архæйдтытæ, уыйау.

Бирæ хъысмæтскъуыддзаггæнæн бонтæ уыд 1989 азæй 2008 азмæ сæрмагондæй ноябры мæйы. Æмæ Хуссар Ирыстоны дзыллæ куыд сæрибар адæм, афтæ кæд фыццаг хатт истой уынаффæтæ, бардзырдтæ, акттæ, уæддæр сын алцыдæр арæзт æрцыд нывыл, бæстонæй. Уæд се ‘ппæтæн дæр сæ алы дзырд, сæ алы  хъуыддаг, алы къухфыст дæр уыд æмзондæй, æмархайдæй. Цæмæй сæ мæрдты бæстæм дæр суинаг фæлтæртæ ма æлгъыстаиккой, цæмæй сæ намыс фидæны фæлтæрты раз кæддæриддæр уа сыгъдæг.

Хуссар Ирыстоны  ныр сабырад æмæ æдыхст цард фысымиуæг кæнынц, кæд алкæмæн сæ цардуагон уавæртæ иттæг хорз нæма сты, уæддæр.  Сæдæгай азтæ куы рацæуа, дунейы адæмтæн сæ истори бынтон куы схæццæ уа, уæддæр гуырдзы махæн цытæ бавзарын кодтой, уыцы æвирхъау цаутæ сау тæлмæй лæудзысты нæ историйы чиныджы фæрстыл. Рохгæнæн сын нæй  уыдон домынц бæстон дзуапп. Мах та банхъæлмæ кæсдзыстæм, уал азы быхстам, бафæраздзыстæм ноджыдæр – чизоны не знагæн йæ бынысæфт фенæм, чи йæ зоны…

Цгъойты А.

МÆ ИРЫСТОН

Æз райгуырдтæн ам –

Хуссар Ирыстон.

Мæ сабибонтæ

Цингæнгæ æрвыстон.

Хистæртæ мын амыдтой

Алкæд уæвын раст,

Никуы зыдтон царды

Фыдбылыз æмæ маст…

Уалынмæ ‘рбабырста

А-зæхмæ знаг,

Разынд æнæуынон,

Тугдзых, мæнгард!

Хъавыд уый байсын

Фыдæлты уæзæг,

Иры ирондзинад

Кодта куынæг!

Нарты фæдонтæ –

Тыхджын ‘мæ ныфсхаст,

Знагæн æвиппайд

Йæ хъару фæсаст!

Ирæй уый тагъд-тагъд

Æгадæй лыгъди,

Сау халон уымæн

Йæ сæрты зылди…

Фидисы амæттаг –

Знаджы хъысмæт! –

Уыдон дæр бавзарæд

Хъарæг ‘мæ мæт!

Хуссар Ирыстон

Хæдбар у, фæрнджын!

Саразæм ног цард

Иры рæхджы!

Байрæзæд сабитæ,

Ма зонæд хæст!

Амондджын зæрæдтæ

Ма кæнæд мæт!

Ахæссæд ног цардмæ

Уарзты уылæн

Цардмондаг ‘взонг удты

Симды фæзмæ!

Нарты фарн, скифты тых,

Аланты кад,

Номдзыд сæрмæттæ

Макуы уæд ‘гад!

Ирыстон – мæ ивгъуыд,

Мæ абон, мæ сом!

Мæнæн та

Æцæг ирон гоймаг –

Мæ ном!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.