Уæрæсейы мессенджер «TELEGRAM»-æй пайдагæнæн нал уыдзæн. Тæрхондоны уынаффæ йæ тыхы куы бацæуа, уæд æй сæхгæндзысты. «TELEGRAM» æрхъуыдыгæнæг Павел Дуров йæ юристты тæрхондонмæ цæуын нæ бауагъта. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, мессенджер сæхгæдтой, йæ пайдагæнджыты фыстыты шифрты дæгъæлтæ æдасдзинады федералон службæйæн кæй не схъæр кодтой, уый тыххæй. Уый адæмы зæрдæмæ нæ фæцыд. Уæвгæ, Уæрæсейы ахæм цау нæма уыд. Фæлæ адæм сæрæн сты æмæ мессенджерæй пайдагæнджытæ ныридæгæн дæр æрхъуыды кодтой, ацы тæрхондоны уынаффæйы сæрты куыд ахизæн ис, уый. Зæгъæм, ныр пайда кæнынц прокси æмæ VPN-сервертæй. Официалон æгъдауæй мессенджер æхгæд нæма æрцыд, фæлæ йæ куысты къуылымпытæ ис. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ куыддæр «TELEGRAM» йæ сусæг информаци æмæ адæмы фыстæджыты кодтæ паддзахадæн раргом кæна, афтæ мессенджер æххæстæй скусдзæн. Кæд уыдзæн, уый аразгæ у социалон хызæг аразджытæй.

«Ахæм мадзæлттæн æмæ цензурæйæн дæр мидис нæй. Ныртæккæ «TELEGRAM» Уæрæсейы сæхгæдтой. Ома, дам, пайдагæнджыты фыстыты шифрты дæгъæлтæ æдасдзинады федералон службæйæн нæ радтой. Фæлæ фарста уый мидæг ис, æмæ  сервис аразджытæ ахæм хуызы адæмы бартæ хъахъхъæнынц, ома, нын нæ фыстытæ нæ хъæр кæнынц. Уымæ гæсгæ ныртæккæ хицауад раст нæ кæны. Мæнмæ гæсгæ, кæй фæнда, уый æхгæнæн мадзæлтты сæрты ахиздзæн æмæ æндæр гæнæнтæй спайдагæнгæйæ, сервисмæ бахиздзæн», – загъта сайт «Вести Экономика»-мæ цæстдарæг Пухаты Алексей.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.