Сывæллæтты уарзон фыссæг æмæ аргъаугæнæг уыд Ганс Христиан Андерсен. Уымæн йæ райгуырды боны цытæн 2 апрелы фæнысан кæнынц, куыд сывæллæтты æппæтадæмон чиныджы бон, афтæ. Ирыстоны дæр бирæ ис, сывæллæттæн хæрзгъæд уацмыстæ чи фыссы, сæ зæрдæйы æнкъарæнтæм сын æввахс чи лæууы, сæ бæллицтæ æмæ тырнындзинæдтæ аивадон уацмысты чи æвдисы, ахæм фысджытæ. Уыцы чингуытыл кæддæриддæр нæ чысыл хуртæ сæмбæлынц цины æнкъарæнтимæ æмæ сæ бакæсынц æхсызгонæй. Сабиты зæрдæтæ барæвдауын, сæ уацмыстæй сын сæ зæрдæтæм фæндаг ссарын сæ хæсыл нымадтой раздæры фысджытæ æмæ уыцы ахсджиаг хъуыддаг дарддæр кæнынц абоны фысджытæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ рæзгæ хуртæн фыссын æнцон нæу, фæлæ уыцы ахсджиаг хæс йæхимæ чи райсы, уыдон сæ разы не сты къæмдзæстыг.

Ирон литературæ æмæ литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста бирæ уарзта нæ чысыл хурты, хорз сын зыдта сæ миддуне æмæ сын балæвар кодта къорд зæрдæмæдзæугæ æмдзæвгæйы. Амоны сын, цæмæй царды раст фæндагыл цæуой æнтысгæйæ, тырной ахуыры бæрзæндтæм, уой сæ ныййарджыты фæндиаг. Къостайы фæстæ дæр нæ ирон фысджытæй рох не сты сывæллæттæ æмæ сын балæвар кæнынц хæрзгъæд уацмыстæ. Рæзгæ фæлтæрæн аивадон уацмыстæй сæ зæрдæтæ чи рухс кодта æмæ ныр дæр уыцы хъуыддагæй чи нæ фæиппæрд, уыдон сты Джиоты Катя, Тъехты Амыран, Наниты Асиат, Икъаты Владимир, Гæбæраты Тенгиз, Гæбæраты Никъала æмæ æндæртæ. Сæ чингуытæн ныр дæр ис стыр нысаниуæг, сæ уацмысты хъомыладон ахадындзинад цыфæнды рæстæджы дæр у бæрзонд æмæ ахъаз уыдзысты рæзгæ фæлтæры раст фæндагыл бафтауынæн. Фысджыты хистæр фæлтæры аудындзинад бæрæг у уымæй дæр, æмæ сын мыхуыры уагътой æмбырдгæндтæ. Зæгъæм, 1963 азы мыхуыры фæзынд æвзонг авторты иумæйаг æмбырдгонд «Æвзæнгты хъæлæс». Зæгъын хъæуы, фæстæдæр уыцы автортæ систы ирон аивадон литературæйы зиууæттæ. Канд нæ рæзгæ фæлтæры тыххæй чингуытæ нæ рацæуы мыхуыры, фæлæ ма сын журналы фæрстыл дæр балхæнынц сæ зæрдæтæ. Ивгъуыд азты номырты рубрикæтæ «Литературон ногдзаутæ» æмæ «Нæ чысыл хуртæн» мыхуыр цыдысты поэтикон уацмыстæ.

Уадз æмæ нæ сомбоны ныфсытæ рæзæд сыгъдæг арвы бын, æфтыд уæд царды раст фæндагыл, сæ бирæ бæллицтæ æмæ хорз фæндтæм цæуæд ныфсджын æмæ уæндонæй. Уыцы фарстатæ æвдисын та рох нæ уыдзысты нæ фысджытæй æмæ сын лæвар кæндзысты нæртон хуынтæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.