Цхинвалы администрацийы хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ цыппæрæм бон активонæй æфснайынц Згъудеры уæлмæрд. Уый тыххæй хъусын кæны комбинаты директоры хæдивæг Джиоты Филипп.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ æрмæст бронæй нæ асыгъдæг кæндзысты, фæлæ ма ралыг кæндзысты хус бæлæстæ æмæ къутæртæ дæр. «Бирæ куыст дзы ис, хъуыды кæнын æмæ дзы аззайдзыстæм дзæвгар рæстæг. Зæронд уæлмæрды территори скæрдæг æмæ йæ хъæуы ссыгъдæг кæнын. Куадзæны бæрæгбонмæ нын хъуамæ бирæ бантыса бакусын», –  загъта уый.

Джиойы фырт банысан кодта, зæгъгæ, абон куыстытæ æххæст кæнынц 20 адæймаджы, комби-натмæ цы техникæ ис уыимæ. Хæрзарæзтады комби-наты кусджытæ æрсидтысты уагдæтты кусджытæм æмæ иумиагæй горæты цæрджытæм, цæмæй æфснайæн зиу саразой уæлмæрды.

«Махæй алкæмæндæр ам чидæр ныгæд ис, хорз уаид æмæ нын куы баххуыс кæниккой горæты цæрджытæ дæр, уæд нæ куыстытыл тагъддæр фæтых уаиккам», – банысан кодта кусджытæй сæ иу. Уæлмæрд æфснайд цæуы горæт Цхинвалы администрацийы бацамындмæ гæсгæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ куадзæны размæ æфснайд кæй æрцæуынц сыгъдæг бынæттæ æмæ уæлмæрдтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.