Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ауагъта РХИ-йы Æдасдзинады Советы рабадт. Рабадт уагъд æрцыд уæрæх сконды.
РХИ-йы Æдасдзинады Совет райста уынаффæ Паддзахадон арæныл Гуырдзыстонмæ ахизæны бынат«Раздæхæн»-ыл Ленингоры районы цæрджыты уадзыны тыххæй. Уыцы цæрджытæ сты, Хицауады №119 Уынаффæмæ хаст чи æрцыдысты, хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг æмбæстагдзинад кæмæн нæй æмæ РХИ-йы территорийыл бакæнæн кæмæй нæй, ахæм медицинон æмæ бæрзондтехнологон æхуысс кæй хъæуы, ахæмтæ.
Æдасдзинады Совет ма райста уынаффæ РХИ-йы пенсион фонды хыгъды слæууыны онг.
Æдасдзинады Совет ма райста уынаффæ РХИ-йы пенсион фонды хыгъды слæууыны агъоммæ хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг æмбæстагдзинад кæмæн нæй, Ленингоры районы уыцы цæрджытæн пенси райсынæн уавæртæ саразыны тыххæй.
Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.