Алы бæстæйæн дæр йæ паддзахадон символтæй сæ иу у тырыса, æмæ алкæмæн дæр у æндæр æмæ æндæргъуызон. Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса у расткъуымон кæттаг, кæцы конд у æртæ æмыйас уаццæгтæй. Уæллаг уаццагæн йæ хуыз у урс, астæуккагæн – сырх æмæ бынаг уаццагæн та бур (сыгъзæрингъуыз).

Куыд паддзахадон символ, афтæ фи­дар æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны 1992 азы 13 январы ра­йсгæ Закъонæй, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы Президиумы 1992 азы 30 марты Барамындæй та фидар æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Пад­дзахадон тырысайы тыххæй Уагæ­вæрд.

Тырысайы хуызтæ бæрæг кæ­нынц ирон адæмы национ дунеæмбарынады æртæ ахсджиагдæр æр­гъады. Урс хуыз иу кæны рæстдзинады, удварны сыгъ­дæгдзинады идея, сырх хуыз – тыхы, æх­сары, хъомысы, хицаудзинады æмбарынадтæ æмæ бур хуыз та баст у са­бырад, хæрзиуæг, амонд, фæр­ны­гадимæ, иу ны­хасæй, фарнимæ. Уыц­ы хуызты æвæрд æмбарынад­тæ ирæттæн сты æвæджиаг æр­гъæдтæ, ирдæй зынынц нæ традицион культурæйы æмæ сæ иу кæны нæ национ тырыса.
Ацы æртæ хуызы Иры рагфы­дæл­тæн дæр æцæгæлон нæ уы­дысты. Уыцы хуыз ахорæнтæй ахуыр­стой сæ фатты, ны­мадтой сæ сæ хуры хуызтыл.
Сæ кой ис ирон эпикон таурæгъ­ты. Баз­задысты рагон историкты фыстытæ дæр. Цæвиттон, рагон бер­дзенаг историк Ге­родот кæй ра­дзырдта, уыцы легендæмæ гæсгæ рагон скифаг паддзах Таргитайæн уыд æртæ фырты æмæ уыцы за­маны арвæй зæхмæ æрхаудысты сыгъзæрин дзаумæттæ – гутон æфсондзимæ, æх­саргард æмæ нуазæны кæхц. Ацы æртæ дзаумайы систы рагон скифты архайды æртæ символы – хæдзарадон архайд, æфсæддон архайд æмæ удварн. Уый ирдæй разынд Нарты эпосы дæр. Нартæ дих кæнынц æртæ стыр мыггагыл – Æхсæртæггатæ, Алæгатæ æмæ Бо­рæтæ.

Æхсæртæггатæ сты тыхджын мыг­гаг. Уыдонæй сæйраджыдæр, уыдысты нарты хъайтартæ. Уыдон хаудысты сырх – тыхы æмæ хицауиуæггæнæджы хуызмæ. Алæгатæ хъахъхъæдтой нар­ты рухс æмæ сыгъдæг кувæндæтты. Уыдонмæ уыдысты, нартæм æвæджиауæй цыдæриддæр уыдис, уыдон – алæмæттаг кæхц Нартамонгæ, гъе та Уа­ца­монгæ, афтæ Алæгаты стыр хæдзар, цыран кодтой куывдтæ, сæ хистæртæ æмбырд кодтой Ныхасмæ. Уыдонæн урс хуыз кæддæриддæр нымад цыдис удварны сыгъдæгдзинадыл. Традицимæ гæсгæ ирæттæ сыгъдæг бы­нæттæм, кувæндæттæм цыдысты урс дарæсы, сæ кувинæгты дæр хастой урс хъуы­мацы. Гæдиаты Секъа фыста, зæгъгæ, дзуары лæгтæн сæ сæртæ баст уыдысты урс, цикъæ хæцилæй. Борæтæ та нарты ‘хсæн зындгонд уы­дысты, куыд бирæ фос чи дардта, дар­дыл зæххытæ кæмæ уыдис, ахæмтæй, ома, уыдысты хъæздыг адæм. Уы­донæн та сæ хуыз уыдис бур хуыз. Аф­тæ, ирон тырысайы æртæ хуызы сты нæ рагфыдæлты æртæ хуызы архайды символтæ.


Нæ рагфыдæлтæ сæ паддзахадондзи­над историйы тымыгъты фе­саф­гæйæ, аууонмæ ахызт сæ тырыса дæр. Æмæ нæм æрбаздæхт æр­мæстдæр ивгъуыд æнусы 90-æм азты, Хуссар Ирыс­тоны национ-сæрибаргæнæн змæлд куы сытынг, уæд. Куыд риуылда­рæн нысан, афтæ фæзынд 1989 азы ма­йы мæйы. Уæдмæ гуырдзиаг националисттæ активонæй райдыдтой ирон адæмы ныхмæ тох кæнын, æфхæрын æмæ сын сæ национ сæрыстырдзинад дæлдзиныг кæнын. 1989 азы 26 майы Хуссар Ирыстоны уæды паддзахадон инс­титуты гуырдзиаг факультет Гуыр­дзыс­тоны хæдбардзинады боны цыт­джын æмбырд уадзынмæ куы хъавыд, уæд ирон студенттæ протесты нысанæн ра­цыдысты уынгтæм, сæ риуыл æр­тæгъуызон лентæтæ, афтæмæй. Бацы­дысты 13 коммунары ингæнмæ æмæ йыл дидинджытæ сæвæрдтой. Уый фæс­тæ фæзындысты ахæм уац­цæг­тимæ тырысатæ дæр. Цæгат Ирыстоны, куыд официалон тырыса, афтæ фæ­зынд фæстæдæр æмæ ссис паддзахадон символ. Уый ноджыдæр дзурæг у, нæ адæм иу кæй сты, иумæйаг историон-культурон традицитæ, иу æвзаг æмæ нын иу истори кæй ис. Цыбыртæй зæгъын æмбæлы нæ иннæ паддзахадон символты тыххæй дæр. Уыдон сты Паддзахадон герб æмæ Паддзахадон гимн. Паддзахадон герб ист æрцыд 1998 азы 2 декабры, паддзахадон гимн та – 1995 азы 5 майы. Йæ ныхæсты автор у Кокайты Тотрадз, музыкæ та йын ныффыста Æлборты Феликс.
19 сентябры у нæ республикæйы Паддзахадон тырысайы бон. Уый нæ адæмæн бæрæгбон у. Нæ тырыса у нæ æнгомгæнæг æмæ нæ сæрмæ фæйла­угæйæ, уый хоны мах сæрибар, амонд­джын, фæрнæйдзаг фидæнмæ.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.