ИНО-йы статистикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ ацы аз зæххы къорийыл цæрæг адæмы нымæц ахызт 8 миллиардæй. Ахуыргæндтæ куыд банымадтой, афтæмæй 2037 азмæ нæ планетæйы адæмы нымæц схиздзæнис 9 миллиардмæ. Уымæй уæлдай ма сбæлвырд кодтой, азæй-азмæ кæй къаддæр кæны адæмы бафтыдад раздæримæ абаргæйæ. Ома, ныры онг адæмы нымæц бирæ тагъддæр фылдæр кодта.

Адæмы нымæц иу миллиардмæ схызт 1800 азы, дыууæ миллиардмæ та — 1930 азы. Иууыл тагъддæр адæм фæфылдæр сты 1959 азæй 1999 азмæ — 40 азмæ дыууæ хатты фæфылдæр сты æмæ сæ нымæц ахызт 6 миллиардæй. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ историйы дæргъы зæххы къо-рийыл цардис 107 миллиард адæймаджы бæрц.

Иууыл бирæнымæц бæстæ у Китай — 1,45 миллиард адæймаджы. Дыккаг бирæнымæц бæстæйыл та нымад у Инди — 1,41 милларды. Уæрæсейы территори кæд егъау у, уæддæр дзы цæрджытæ хæрзцъус ис — æдæппæт 146 милуан адæймаджы. Индонези Красноярскы крайæ дыууæ хатты къаддæр у, фæлæ дзы 267 милуан адæймаджы цæры. Уæрæсейы иууыл фылдæр цæрджытæ ис Мæскуы æмæ Мæскуыйаг областы — 20 милуанæй фылдæр, æмæ ма Краснодары крайы — 5,7 милуан цæрæджы.

Рæстæг куыд цæуы, афтæмæй, иумæйагæй сисгæйæ, адæм кæнынц зæронддæр. Зæгъæм, кæд 1975 азы астæуккаг нымадæй зæххы къорийы цæрджыты кар уыд 22 азы, уæд æй ныр та нымайынц 30 азæй. Иууыл фылдæр кардзыд адæм цæры Японы, Китайы æмæ Хуссар Корейы. Иууыл æрыгондæр бæстæйыл та нымад у Нигер — ам статистикæмæ гæсгæ алы 10 сылгоймагмæ дæр хауы 72 сывæллоны æмæ, иумæйагæй сисгæйæ, сæ цæрджыты кар нымад цæуы 15,2 азæй.

Статистикæмæ гæсгæ Уæрæсейы цæрджыты нымæц æппынæдзух кæны къаддæр — алы аз дæр иу милуан адæймаджы бæрц. Кæд æмæ Уæрæсемæ æрвылаз дæр мигранттæ æрбацæуы 350 мины бæрц, уæддæр уый фаг нæу.

Иумæйагæй сисгæйæ сылгоймæгтæ фылдæр сты нæлгоймæгтæй — 50,4% æмæ 49,6%. Иууыл фылдæр нæлгоймæгтæ цæры Катары — сылгоймæгтæй сты æртæ хатты фылдæр. Уæрæсейы статистикæмæ гæсгæ иу мин нæлгоймагмæ хауы 1154 сылгоймаджы. Ӕрмæст Чукоткæйы автономон округы нæлгоймæгтæ фылдæр сты сылгоймæгтæй. Ам банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æппæт бæстæты дæр лæппутæ фылдæр кæй гуыры чызджытæм абаргæйæ. Фæлæ куыд рæзынц, афтæ нæлгоймæгты нымæц тагъддæр къаддæр кæны. Уый фæстиуæгæн, кардзыд адæмы ‘хсæн сылгоймæгтæ дыууæ хатты фылдæр сты.

***

Адæмыхаттæй алкæмæн дæр ис йæхи ‘взаг. Ныридæгæн иууыл фылдæр дзурджытæ ис китайаг æвзагыл — 1,5 миллиард адæймаджы. Дзурынц ыл 38 бæстæйы. Дыккаг бынатыл та ис англисаг æвзаг — дзурынц ыл иу миллиард адæймаджы 118 бæстæйы. Æртыккаг бынатыл та цæуы испайнаг æвзаг — 550 милуаны. Уырыссаг æвзагыл дзурджытæ сты 260 милуан адæймаджы бæрц.

ЮНЕСКО-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ 900 милуан адæймаджы бæрц нæ зонынц фыссын æмæ кæсын. Африкæйы мæгуыр бæстæты хицауадтæн элементарон уавæртæ нæй сæ цæрджытæн ахуырдзинад раттынæн. Стæй ма бирæ пысылмон диныл хæст бæстæты та чызджыты нæ уадзынц скъолатæм. Иууыл фылдæр æнæахуыр цæрджытæ ис Самолийы — æрмæстдæр сæ 5% зонынц фыссын æмæ кæсын.

***

Адæм алы континентты æмæ бæстæты æмхуызон хъæздыг не сты — æгæрыстæмæй, сæ фылдæр сты мæгуыр, цыбыркъух. Иууыл фылдæр бонджын адæм цæры АИШ-ы — 700 адæймаджы, стæй та Китайы (600) æмæ Индийы(150). Уæрæсейы та цæры 88 миллиардеры. Иууыл хъæздыгдæр цæрынц Люксембургы æмбæстæгтæ — алкæцы адæймагæн дæр йæ æфтиæгтæ хæц-цæ кæнынц 126 мин доллæрмæ. Иууыл мæгуырдæр бæстæйыл та нымад у Хуссар Судан — йæ цæрджыты 80% сты гæвзыкк. Иумæйагæй сисгæйæ, 900 милуан адæймаджы бæрц æппынæдзух æххормаг æййафынц.

***

Кæд æмæ ныры дуджы адæм æнæ интернет нал фæразынц, уæддæр тынг бирæ ис ахæмтæ, кæцытæ йын йæ ном дæр никуы фехъуыстой. 3 миллиард адæймагæн фадат никуыма фæцис интернеты тыгъдадмæ рахизынæн.

Ныры дуджы алыгъуызон сæрхъæнтæн «дзырды бар» радтой æмæ æгас дунейыл парахат кæнынц, ома, сылгоймаг æмæ ма нæлгоймаджы йедтæмæ ноджы ис æрд. Фæлæ йæ æмбаргæтæ зонынц, адæм æрдзæй кæй сты дыууæ æрдæй конд. Кæд æмæ сын ис гендерон хицæндзинæдтæ, уæддæр сын, зонадон цæстæнгасæй, фылдæр ис æмхуызон æууæлтæ.

Кæд нæлгоймаг уонгджындæр, тыхджындæр æмæ бæрзонддæр вæййы, уæд сылгоймагæн та фылдæр цæрæнбон рахицæн кодта æрдз — астæуккаг нымадæй сылгоймæгтæ 9 азы фылдæр цæрынц. Афтæмæй ма нæлгоймæгтæ арæхдæр рынчын кæнынц. Стæй ма нæлгоймæгтæ арæхдæр «ныххæцынц» карз нозтыл æмæ æндæр ахæм зианхæссæг фæзындтыл, куыд наркотиктæ, компьютерон хъæзтытæ æмæ афтæ дарддæр. Ахуыргæндтæ ма ноджы рахатыдтой, нæлгоймæгты тынгдæр кæй фæхъæуы сылгоймаджы æххуыс. Зæгъæм, ус йæ лæгæй раздæр куы амæлы, уæд фылдæр хатт лæг дæр тагъд амæлы. Фæлæ нæлгоймаг куы амæлы, уæд ус йæ фæстæ бирæ фылдæр рæстæг фæцæры. Ацы хъуыддаг психологтæ æмбарын кæнынц, ома, нæлгоймаг йæ чысылæй фæстæмæ вæййы нырма йæ мады, стæй та йæ усы хъусдарды бын, æмæ ахæм цардыл сахуыр вæййынц. Сылгоймæгтæ нæлгоймæгты фæцæуын кæнынц дохтыртæм, гигиенæйыл, режимыл хæрын сæ сахуыр кæнынц. Сылгоймæгты нæлгоймæгты фæцæуын кæнынц дохтыртæм, режимыл хæрын сæ сахуыр кæнынц. Æппæт адæттæ хорзæрдæм æндавынц адæймаджы æнæниздзинадыл.

Стрессты æмæ депреситы кой куы кæнæм, уæд сæм сылгоймæгтæ сæм бирæ æмхицдæр сты. Стæй ма сылгоймæгтæ сты дзурагдæр. Кæд æмæ нæлгоймæгты фылдæр хайæн хуымæтæджы «аныхас кæнын» уаргъæвæрды хуызæн вæййы, уæд дзы сылгоймæгтæ та æхцондзинад фæисынц.

Æрмæг бацæттæ кодта Джиоты Алыксандр