«Æз дæр ирон дæн»

 

Æстайæм азты Хъоротæ сæ уæззау рынчыны аластой Мæскуымæ. Ленины проспекты 10-æм хæдзары медицинон зонадон центрæн цы рынчындон ис, уым æм зылдысты дохтыртæ, цæттæ йæ кодтой операцимæ. Рынчынæн Ирыстонæй йемæ цы хиуæттæ ацыд, уыдон радгай æхсæвæй-бонæй уыдысты йæ уæлхъус, стæй – зонадон центры егъау кæрт-паркгонды. Иуахæмы къордæй кæрты бæлæсты бын бандоныл сæ фæллад уагътой, зæрдæбын ныхас сын ацайдагъ иронау, стæй сын хъæлдзæгдæр уагмæ рахызт. Фæхъæрдæр ис сæ ныхас. Чысыл фалдæр бæласы бын цы аслæг бадт, уымæ дæр хъуысын райдыдта, æмæ та-иу уый дæр йæ мидбылты бахудт. Рынчынгæстæй йæ чидæр фæфиппайдта æмæ афтæ бакодта: “Цымæ нын ацы хахойлаг та нæ ныхæстæн цы ‘мбары, йæ мидбылты куы бахуды?” Уæд æнæзонгæ лæг йæ бынатæй сыстад, æрбацыд сæм æмæ сын афтæ: “Æз дæр ирон дæн, ирон!” Æмæ базонгæ сты. Уый разынд мæскуыйаг ирон Хетæгкаты Хетæг. Уырдæм æввахс цард, æмæ рынчындоны алыварс цы паркгонд уыд, уым бæлæсты бын сыгъдæг уæлдæфы абадын уарзта. Сæхимæ сæ зæрдиагæй фæхуыдта, æмæ хистæрты æфсарм æрцахста – бабæрæг ын кодтой йæ фатер. Хетæгæн уыд уырыссаг ус, чызг æмæ лæппу. Сæ ирон уазджытыл тынгæрфыгæй сæмбæлдысты, бацин сыл кодтой. Уым ирон фынджы уæлхъус фысым Хетæгкаты Хетæг æмæ уазджыты хистæр Хъороты Гришайæн биноныг ныхас райтынг. Дыууæ цардфæлтæрд адæймагæн иумæйаг зонгæтæ дæр разынд. Хетæг æрымысыд йе ‘взонджы бонтæ: Мæскуымæ куыд афтыд æмæ дзы цæргæйæ куыд баззад. Хатт-иу ыл йæ æнкъарæнтæ зæйау рацыдысты, æмæ-иу йæ хъуыр ахгæдта, йæ ныхас-иу фенцад, стæй-иу йæ цæссыгтæ йæ рустыл æргæр-гæр кодтой. Уымæн та, гъай-гъай, уыд æфсон. Цæвиттон, Октябры революцийы нысæнттæ бахæццæ сты Ирыстоны хæхты цъассытæм дæр. Хохæгты зæрдæты дæр бауагъта ныфс æмæ уæндондзинады æнкъарæнтæ. Адæм чысылæй зæрондмæ се ‘ргом аздæхтой ахуырмæ. Хъæууон райдиан скъола хорз бæрæггæнæнтимæ каст чи фæци, уыдон раивылдысты быдырмæ дарддæр сахуыр кæныны фæдыл. Уыцы заман æртæ хæлары – Нары зылды цæрæг æртæ æрыгон лæппуйы: Хетæгкаты Хетæг, Кучиты æмæ Хуытиты лæппутæ (Гриша сын сæ нæмттæ нал хъуыды кодта) дæр сфæнд кодтой сæ ахуыр адарддæр кæнын. Сæ хъустыл æрцыд, Мæскуы æмæ Ленинграды, дам, кусæг скъолатæм мæгуырты æнцонæй исынц. Уымыты хæстæг кæмттæй дзы чи ахуыр кодта, ахæмты нæмттæ дæр зыдтой, æмæ Нарæй рабалц кодтой Мæскуымæ. Мæгуыр хохæгты уæлæ æмæ къахыдарæсы, сæ хызынты ирон лæджы фæндаггаг – хæссынæн – рог æмæ хæрынæн – адджын – хохаг цыхт æмæ хъæбæрхоры кæрдзын. Цыдæр чысыл æхцайы къапеччытимæ, сæ ныййарджытæ сæ бинонты хъуырæй кæй фелвæстой, уыдон цас хъуамæ уыдаиккой. Фæлæ сæм ныфс æмæ размæ цæуыны тырнындзинад стыр уыд. Æрыгонмæ царды цæлхдуртыл ахизын ауæдзтыл цæхгæрмæ ауайæгау кæсы. Тъæпæн Ирыстоны поезды куы бабадтысты, æмæ куы араст сты, уæд ма уыдонæй амондджындæр исчи уыд! Фæлæ сыл Мæскуы зæрдæрайæ нæ сæмбæлд. Уым дæр адæм сæхи хуызæн мæгуыр уыдысты, æцæгæлон сын разындысты æртæ ирон сæрæнгуырды. Иуæй – сæ уæлæйы конд æмæ уындæй уыдоны хуызæн нæ уыдысты, иннæмæй  –  уырыссаг æвзаг рæстмæ нæ зыдтой. Ахуырмæ сæ никæдæм райстой, æмæ рахау-бахауыл систы æртæ лæппуйы. Бон сæ гуыбыны хардзыл сагъæс кодтой, æхсæв та – æхсæвиуатыл. Сæ хуыздæр цæрæн бынæттæ систы вагзалтæ, парктæ. О, фæлæ тагъд фæуазал кæндзæн, æмæ уæд цы кæндзысты? Хъуыдытæ, сагъæстæ сæ сæ быны æууæрстой лæппуты, фæлæ сæ ныфс нæ саст, æмæ иуахæмы сæ зæрдыл æрæфтыд, Сталин ирон кæй у, уый. “Цом, æмæ уымæн нæ хъæстытæ иронау фæкæнæм. Кæд нæ бамбарид, ам цы агурæм, ахуыр кæнын нæ кæй фæнды, уый”, – сфæнд кодтой иумæ æмæ араст сты Кремлмæ. Уыцы рæстæг Советон хицауадмæ бæстæйы алы рæттæй алы фарстыты фæдыл бирæ адæм цыд, æмæ сæм-иу æрыхъусæг уыд, сæ домæнтæ, курдиæттæ сын куыдамалæй æххæст кодтой. Ахæм цаутæ бирæ чингуыты фыст æмæ кинонывты ист æрцыд. Уæд æцæг адæмон хицауад бадт Кремлы æмæ бынæтты дæр. Кремлмæ бауагътой æртæ ирон лæппуйы дæр. Уæлдайдæр сын сæ фадыварцмæ куы бакастысты, уæд базыдтой, дардæй кæй цæуынц, уый. Сталины уатмæ бахизæны сæ йæ секретарь æрурæдта æмæ сæ фæрсы, кæцæй стут, цæмæ йæм цæут, цы йын зæгъон, зæгъгæ. Фæлæ сæ цыды сæр бамбарын нæ фæразынц, æмæ сæ лæг мидæмæ нæ уадзы. Лæппутæ рамæсты сты, сæ æрыгон туг рафыхт, айонг æрбахæццæ стæм æмæ ныр фæстæмæ аздæхæм, зæгъгæ. Айтæ-уйтæ нал фæкодтой æмæ Сталинмæ тыхæй бабырстой. Сталин йæ секретары æмæ лæппуты хъуырдухæны хъæлæба куы айхъуыста, уæд йæ бынатæй фæгæпп кодта. Чизоны, тæрсгæ дæр фæкодта, фæлæ лæппуты хохаг уæлæдарæсы куы ауыдта, уæд æрсабыр. Не ‘рсабыр сты æрбацæуджытæ: кæрæдзийæн ныхасы бар нæ дæтгæйæ йын сæ хъаст кæнынц. – Фæлæуут, фæлæуут! Сабыр æмæ радгай дзурут, куыд уæ бамбарон, афтæ, – лæгъзæй сæм ивазгæ дзуры иронау. Лæппутæ фæлмæн ныхасмæ æрсабыр сты, хиондзинад дзы банкъардтой æмæ йын хионы ныхæстæ ракодтой. Биноныг сæм байхъуыста, стæй йе ‘ххуысгæнæгмæ фæдзырдта, æмæ сæ уый бар бакодта, бафæдзæхста йын ахуырмæ сæ бакæнын. Æмæ æртæйæ дæр уайтагъд изæрон кусæг скъолайы ахуыр кæнын райдыдтой, цæргæ та кодтой æмдзæрæны. Ахуыр куы фесты, уæд Хетæг æмæ Кучиты лæппу Мæскуыйы цæргæйæ баззадысты, Хуытиты уон та Ирыстонмæ æрыздæхт. Хетæг каст фæци уæлдæр скъола дæр, сси инженер. Уæдмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæст райдыдта, æмæ тохы быдырмæ атындзыдта. Сæрæгасæй дзы æрыздæхт фæстæмæ Мæскуымæ. Куыста егъау заводты бæрнон бынæтты, стæй рацыд пенсийы. Хетæгкаты Хетæг у зындгонд ихсæттæг наутæ “Ленин” æмæ “Арктикæ”-йы раздæры таурæгъон капитан, Цæгат полюс басгарæг, Социалистон Фæллойы Хъæбатыр Кучиты Юрийы мады хæрз æфсымæр.

Газ. «Дигорæ», 30.12. 2020

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.