Паддзахадон драмон театры уыд вокалон зарæджы проект “Зарæг«ы финалон равдыст. Сарæзта йæ ГТРК ИР-ы студи «Аллонфильм»-ы Культурæйы министрады закъазæй. Æвдыст цыд ютуб-каналы Паддзахадон телеуынынады сайтыл комкоммæ эфиры.

Проекты финалон хаймæ бахаудтой æр-мæстдæр 6 сывæллоны. Уыдон нывæзтмæ гæсгæ, сæххæст кодтой фæйнæ дыууæ зарæджы — иронау æмæ уырыссагау. Сывæллæттæ се ’ппæт дæр уыдысты тынг хорз цæттæ. Уый ма бæлвырд уыд залы бадджыты къухæмдзæгъдæй дæр. Бацæттæ сæ кодтой фæлтæрд зарæггæнджытæ Харебаты Вадим, Гатыгкоты Нинæ æмæ Гæджиты Жан-нæ. Уыдон куыд загътой, афтæмæй сæ куыстæй сты райгонд: «Ныртæккæ сценæйыл цы рæзгæ фæлтæр ис, уыдонæн раргом ис сæ курдиат. Уый бæлвырд у, райдайæны цы æмвæзадыл зарыдысты, æмæ финалы цы хатдзæгтæ равдыстой, уыдон абаргæйæ. Кæд фæллайгæ дæр бакодтам, уæддæр сывæллæтты æнтыстытæ сты æппæтæй зынаргъдæр æмæ разы стæм иу хатт ма ахæм куыст бакæныныл», — загътой сывæллæтты цæттæгæнджытæ, кæдон уыдысты проекты жюрийы уæнгтæ дæр æмæ активон хайад истой проекты цыды райдайæнæй финалы онг.

Æрыгон курдиаттæ сæ арæхстдзинад равдыстой æмæ уæлахиздзаутæ равзарыны бар лæвæрд æрцыд залы бадджытæ æмæ теле уынынадмæ комкоммæ эфиры кæсджытæн. Уый тыххæй хъуыдис, сæ зæрдæмæ чи фæцыд, уыцы зарæггæнæджы номыр сæрмагонд телефоны номырмæ смс-æй аппарын.

Проекты уæлахиздзау ссис Хаситы Арсен, дыккаг бынат рамбылдта Дзуццаты Тимур, æмæ æртыккаг бынат та райста Теблойты Камиллæ. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой призтæ æмæ æхцайы премитæй 60, 50, 40 мин сомæй.

Финалы иннæ хайадисæг Гатыгкоты Линæйæн Культурæйы министр Зæгъойты Радæ радта министрады сæрмагонд приз — æхцайы преми 25 мин сомы æмæ проекты архайæджы диплом. Кæбулты Кристинæ æмæ Биазырты Аринæйæн та Парламенты къухдариуæгады номæй радтой æхцайы премитæ — 25 мин сомы æмæ хайадисæджы дипломтæ.

Сценæмæ фæхуыдтой, проекты райдайæнæй финалы онг чидæриддæр хайад райста, уыдоны. Аив азарыдысты æмæ загътой сæ зæрдæйы тæлмæнтæ, проекты хайад кæй райстой, уый фæдыл. Се ’ппæт дæр райстой хайадисæджы дипломтæ æмæ Национ банчы сæргълæууæг Бекъойты Сосланы номæй Ногазон адджын лæвæрттæ.

Финалон равдысты хайадисджытæ æмæ йыл чидæриддæр бакуыста, уыдонæн ногазон арфæ ракодта Культурæйы министр Зæгъойты Радæ. «Проекты куыст ахъаз фæцис нæ рæзгæ фæлтæрæн, цæмæй сæ бон цас у æмæ цас нæу, уыйбæрц бакусой æмæ равдисой сæ арæхстдзинад зарæджы аивады. Ис нæм тынг бирæ æвзыгъд фæсивæд æмæ ахæм проектты руаджы хъуамæ цæуой размæ, тырной ныры дуджы размæцыд æмвæзадмæ. Ныртæккæ ам чидæриддæр ис, уыдон сты цæттæ курдиаттæ æмæ сын ис æнтыстджын фидæн», — загъта Зæгъойты чызг.

Мадзал сæ аив зардæй ноджы барæсугъд кодтой аивадуарзджыты уарзон зарæггæнджытæ: Лалыты Альберт, Гуцаты Нодар, Хаситы Сослан, Гатыгкоты Нинæ, Харебаты Вадим æмæ Мартæ. Украинæйы Сæрмагонд операцийы хайадисæг ирон лæппуты номыл Бекъойты Вано та азарыд сæрмагонд зарæг.

Хуыгаты Миленæ