II Æппæтадæмон медицинон конференцийы фæлгæтты Тыбылты Алыксандыр номыл Хуссар Ирыстоны падддзахадон университеты конференц-залы уыдис тымбыл фынг; йæ темæ – медикон-социалон реабилитаци æмæ экспертизæ. Йæ организатортæ уыдысты ХИПУ-йы педогогикæ æмæ психологийы кафедрæ æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академи. Модератортӕ уыдысты Уӕрӕсейы Зонӕдты академийы академик Сергей Пузин, РХИ-йы Ӕнӕниздзинад хъахъхъæныны министры хӕдивӕг Пухаты Алена, реабилитацион центр Венту-Медикалы сӕйраг дохтыр Ирина Артикулова ӕмӕ ӕндӕртӕ.

РХИ-йы парламенты вице-спикер Плиты Алыксандр, сывӕллӕтты бартӕ хъахъхъӕныны фӕдыл ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Аэлитӕ, нӕ республикӕйы рынчындӕтты дохтыртӕ, тагъд ӕххуысы службӕйы дохтыртӕ ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕм медицинӕйы къабазимӕ баст бӕрнон кусджытӕ фæуазæг сты мадзалмæ.
Ӕрӕмбырдуӕвджытӕн уӕрӕсейаг коллегӕттӕ бакастысты докладтӕ медицинон реабилитацийы темӕйыл. Банысан кодтой, ома реабилитаци нӕ нысан кӕны ӕрмӕст физикон хъӕндзинӕдтӕ аиуварс кӕнын, фӕлӕ ма хъуамӕ рынчынӕн ӕрнывыл кӕной йӕ психикон уавӕр дӕр, цӕмӕй социумы уӕвгӕйӕ йӕхи хорз хата. Радзырдтой ма сын, зӕгъгӕ ӕнӕххӕст кары сывӕллоны реабилитаци цӕхгӕр кӕй хицӕн кӕны хуымӕтӕджы реабилитацийӕ.
«Сывӕллонмӕ ӕппынӕдзух хъус дарын хъӕуы – цалынмӕ кӕронмӕ адзӕбӕх уа, уӕдмӕ. Хуымӕтӕджы реабилитацийы та ахӕм домӕнтӕ нӕй – кӕд ӕмӕ пациенты психикон уавӕр хорз у, уӕд реабилитацийы кӕцыдӕр этаптӕ уадзӕн ис ӕнӕ дохтыры ӕххуысӕй дӕр», – банысан кодта Артикулова.
Докладты рӕстӕджы ӕрӕмбырдуӕвджытӕ лæвæрттой фарстатӕ дӕр ӕмӕ сын сӕ уӕрӕсейаг коллегӕтӕ дзуаппытæ радтой. Мадзал рауад цымыдисон, медицинон къабазы кусджытӕ ӕнӕмӕнг райстаиккой хъӕугӕ зонындзинӕдтӕ.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.