Ацы æвзонг адæймаджы ныййарджытæ æхсæнадон хæдзарады фосдарды куыстыл лæуд уыдысты. Уæд Цхинвалы районы Къостайыхъæуы хæдзарады иу рæстæджы стурвосдарды цалдæр фермæйы уыд æмæ дзы фæллой кодтой бирæ адæм, уыцы нымæцы æмкъæйттæ Хъабанты Къоли æмæ Гæбæраты Юля дæр. Æнцон нæ уыд сæ куыст, сæумæцъæхæй-иу балæууыдысты фермæйы æмæ дзы кодтой алыхуызон куыстытæ: скъæттæ сыгъдæг кодтой, уый фæстæ дуцгæ, хицæнтæй родтæм хъуыд зилын, хорз боныгъæдты сæ рæстæгыл хъуыд сæрвæтмæ аздахын, зымæгон та сæм зилын хъуыд бынаты.
Æвзонг лæппу Хъабанты Ацæмæз дæр каст йæ ныййарджытæм, уыдта сын сæ æрвылбонон хъиамæт, фæлæ ахæм куыстæй нæ фæтарст. Хъæууон фæллойгæнæджы æрвылбонон куыст æмæ фыдæбон фæстæдæр йæ зæрдæмæ айста æвзонг лæппу æмæ йæхи хæдзарады æрæвнæлдта хуыдарды куыст, æххæст кæнынмæ. Фосдарды къабазæй æппæты вазыгджындæртæй сæ иу у хуыдарды куыст, уый æппынæдзух хъуамæ æййафа зæрдиаг зылд. Ныртæккæ Ацæмæзы фермæйы дзæргъытæ ис 7, ногзад хъыбылтæ сты 30 æмæ 8 та сты хуыгистытæ. Алы мадæлæн дæр сæрдыгон ис хицæн бынат. Æввахс рæстæджы хъыбылты нымæцмæ ноджыдæр бафтдзæн дзæвгар æмæ уæд раззагон фосдарæгæн йæ аудинæгтæ ноджыдæр фæфылдæр уыдзысты. хъыбылтæ куыд стыр кæнынц, афтæ сæ балхæнынц фæлхасгæнджытæ. Хъарм боныгъæдты мадæлтæ æмæ сæ цот вæййынц хицæн æмæ хицæн гом бынæтты, куы æрбауазал вæййы, уæд та – хъарм скъæты. Ахæм бынатæй дæр цух нæ уыдзысты æмæ та хуыдарды къабаз парахат кæныныл зымæджы рæстæджы дæр зæрдиагæй кусдзæн Хъабаны фырт.
ХУЫБИАТЫ Никъала