Хуссар Ирыстоны райдыдтой йæ бонтæ
Джеры дзуар ис Хуссар Ирыстоны, Джеры комы, бæрзонд нæухох тъæпæныл. Йæ бынат у диссаджы рæсугъд, аргъæутты бæстæ. Ацы бæрзондæй куы афæлгæсай уæд йæ алыварс зыны сыфтæрджын хъæдтæ, нæухох къуылдымтæ. Ӕрдзы рæсугъддзинад уынгæйæ адæймаг аныгъуылы йæхи хъуыдыты, раст цыма аргъæутты бæстæм бахаудта, афтæ йæм фæкæсы. Кæцырдæмфæнды разил де ̀ргом, цæст кæронмæ нæма ахæццæ вæййы уыцы цымыдисаг бынæттыл æмæ та цæсты кæронæй иннæрдыгæй фарс æрцахсы ноджы рæсугъддæр, цымыдисагдæр æрдзы фæлыст.
Ахæм диссаджы æрдзы хъæбысы арæзт æрцыд агъуыст аргъуаны хуызы, амад у дурæй. Йæ хуылфмæ бацæугæйæ, куывддон адæм скувынц æртæ чъири æмæ бæгæныйæ, мыдадзын цырæгътæ ссудзынц. Джеры дзуары кувæн бонтæ райдайынц Майрæмы мæйы фæстаг хуыцаубонæй æмæ аххæссынц æнæхъæн мæй. Йе рвитæн бон та вæййы ичъынаты.
Ирыстоны Джеры дзуар нымад у æргом æххуысгæнæгыл, фæлæ ма хистæртæ афтæ дзырдтой, дзуар æххуыс куыд кæны, адæймаджы сыгъдæг зæрдæйы уагмæ гæсгæ, афтæ æргом æфхæргæ дæр кæны æнæуаг миты тыххæй.
Хъыгагæн, абон нæ дзуæрттæм цæуын æмæ кувыны æгъдæуттæ фæцудыдтой. Хатгай ацы сыгъдæг бынæтты фенæн вæййы нозтджын, æнæуаг дзыхæй дзурæг адæймæгты. Кæддæр та нæ фыдæлтæ кувынæн зыдтой бæрц æмæ æгъдау æмæ сæ нæ хъæуы рох кæнын. Ирыстоны кувæндæттæ афтæ кадджын уыдысты, ахæм сыгъдæг бынæттыл сæ нымадтой æмæ сæ бынты хъæрныхас ничи кодта, æгæрыстæмæй ма-иу сæ къахыдзаума дæр раластой, нæлгоймæгтæн нæ фæтчыдис худтимæ цæуын. Диссагæн дзуринаг та-иу уыдысты сæ хъазт, сæ кафт. Уыцы рæсугъд традицитæ айрох сты.
Джеры дзуары кувæн бонтæ вæййынц бæркадджын фæззæджы. Ахæм бонты Ирыстоны адæм чыртæ-чыртæй фæцæуынц йæ бынмæ сæхи фæдзæхсынмæ. Алы адæймаджы дæр, алы бинонты дæр фæфæнды цæмæй йæ бынмæ ссæуын, фæфæнды йæ сыгъдæг зæрдæйæ йæхи æмæ йæ бинонты бафæдзæхсынц. Ахæм сыгъдæг бынæттæм фæцæуынц сыгъдæг зæрдæимæ æмæ сын уæд дзуар æххуыс дæр афтæ бакæны. Сыгъдæг зæрдæйæ куы нæ æууæндай зæдтыл дæр, уæд дзуары лæджы куывдтæ Хуыцау æмæ зæдтæ исгæ дæр нæ кæнынц, фæлæ сæ сæ фыдæх йæхимæ сайы.
Кувгæ кæнынц мидæгæй агъуысты, фæлæ мидæмæ бацæуыны размæ агъуысты алыварс алчидæр хъуамæ æртæ хатты æрзила, йæ иу фарс цы дзæнгæрæг ауыгъд ис, уый хъуамæ бацæгъда, йæхимидæг та хъуамæ дзуарæй цы курыс æмæ цæмæн ссыдтæ, уыдæттæ ракува. Хуыцау æмæ йе ̀сконд зæдтæм хуыздæр хъуысынц сыгъдæг зæрдæ æмæ хъуыдытимæ кувæг лæджы куывдтæ. Ам æнæбафиппайгæ нæй, кувæг адæймаг сыгъдæгдзинад хъуамæ уарза, уæлдайдæр кувæндоны. Уыцы бынæттæ сыгъдæг дарын нын нæ фыдæлтæй баззад – кувæндонмæ-иу бæгъæмвадæй цыдысты. Ацы зæдты бадæн бынат Хуыцау сфæлдыста æмæ йе ‘рвыст зæды дзы кæддæр æрбадын кодта, цæмæй дзы кæрæдзийы уарзгæйæ, сыгъдæг зæрдæйæ Хуыцау æмæ зæдтæм кувæм.
***
Джеры дзуары уаз бынат зындгонд у йæ къæдзæхæй. Уым-иу раздæр ауагътой зондæй-иу чи фæцудыдта, ахæмты. Рынчыны-иу бæндæнтæй бабастой æмæ, кувæндонмæ хæстæг цы сæрсæфæн ис, уырдæм-иу æй ауагътой, дæ хæйрæджы ном зæгъ, науæд дæ аппардзысты ардыгæй, зæгъгæ. Рынчын-иу цы нæмттæ загъта, уыдон-иу гæххæттыл ныффыстой æмæ-иу сæ басыгътой. Куыд дзурынц, афтæмæй-иу уыцы рынчынтæй бирæтæ сдзæбæх сты.
Сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ нæ хæстон лæппуты тыххæй сæрмагондæй сæ бинонтæ лæгъстæмæ цæуынц Джеры дзуармæ, цæмæй сæ хъæбултæ хæстон архайдтыты хызт уой фыдбылызтæй æмæ сæм æнæниз æмæ сæрæгасæй æрыздæхой.
Ирыстоны адæм, зынаргъ газеткæсджытæ, Джеры дзуарæй фæдзæхст ут кæддæриддæр.