РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым ныхас рауад, Уæрæсейы Президент республикæйы разамынды размæ цы хæстæ сæвæрдта, уыдоныл, национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ царды уадзыныл, æхсæнадон фæзуæтты фæлгонцадыл, туризмы рæзтыл. Æмбырды архайдтой Хицауады уæнгтæ.
Æрæджы республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн Владимир Путинимæ цы фембæлд уыд, уым ныхас æрмæст Беслæны трагедийыл нæ цыд, фæлæ республикæйы социолон-экономикон рæзтыл дæр. Уæд Президент цы ныстуантæ скодта, уыдоны æххæст кæныныл уыд йæ ныхас Хицауады Сæрдарæн. Дзанайы-фырт куыд банысан кодта, афтæмæй сæ зæрды ис специалисттимæ бадзырд бафыссын. Уыдон цæттæ кæнынц культурон-патриотон центр «Беслæн. 1-æм скъола»-йы экспозицион пълан. Культурæйы министрад та рæвдз кæны техникон хæслæвæрд, уымæ гæсгæ, хъуамæ экспозици бацæттæ кæной «Беслæны мадæлтæ»-имæ. Беслæны тыххæй мысæн мадзæлттæ цæудзысты азы кæронмæ.
Дзанайы фырт ма йе ‘ргом аздæхта национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ царды уадзынмæ.
«Иннæ азмæ æппæт финансон куырдиæттæ равзаринаг сты, хатдзæгтæ сæ скæнын хъæуы. Республикæйы размæцыддæр проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый та хъуамæ Экономикон рæзты министрад равзара. Уæлдай æргом аздахын хъæуы Стратегион хъæппæристы агентадимæ куыстмæ», — фæбæрæг кодта Сæрдар.
Туризмы комитетæн Хицауады Сæрдар сæвæрдта, модулон фысымуæттæ цыбыр æмгъуыдмæ сæвæрыны хæс. Цæгат Ирыстон æххуыс райсдзæн Уæрæсейы Хицауады фæстауæрцы фондæй, сæ бæрц у 160 милуан сомы, фаг сты 16 проектæн.
Æмбырды рæстæг иннæ бæрнон адæймæгтæ дæр радзырдтой сæ куыст, сæ дарддæры архайды тыххæй.
Уæзласæн транспорт – горæты иувæрсты
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславы ныхасмæ гæсгæ, уæзласæн транзитон хæдтулгæтæн нæ республикæйы сæйраг горæтмæ æрбацæуыны бар нæ уыдзæн.
Дзæуджыхъæуы администрацийы аивкæнынады æмæ фæндæгты арæзтады управленитæн бахæс кодтой, уæзласæн хæдтулгæтæн горæтмæ æрбацæуыны бар чи нæ дæтдзæн, фæндæгтыл ахæм нысантæ сæвæрын. «Уæзласæн хæдтулгæтæ æрвитын хъæуы горæты иувæрсты цæуæг фæндæгтæм. Ацы хъуыддаг, фыццаджыдæр, фæахъаз уыдзæн нæ адæмы æдасдзинадæн æмæ фæндæгты уæлцъар бахъахъхъæнынæн, — загъта Милдзыхы-фырт.
Куыст – алкæмæн дæр
Цæгат Ирыстоны ацы азы кæронмæ куыст ссардзысты, се ‘нæниздзинад хуыздæрхъуаг кæмæн у, 30 ахæм адæймагæн.
Афæдзы аст мæйы дæргъы куыстдæттыны комитетæн бантыст 45 сахъат адæймагæн сæхи аккаг кусæн бынæттæ радтын. Цæмæй фылдæр ахæм адæм æрлæууой куысты уæлхъус, уый тыххæй ма комитет радих кодта 2 милуан сомы бæрц.
Республикæйы куыстуæтты разамонджытæн фехъусын кодтой, се ‘нæниздзинад хуыздæрхъуаг цы адæймæгтæн у, уыдон куыстмæ куы райсой, уæд сын сæ хæрдзтæ баххæст кæныны тыххæй паддзахад кæй ратдзæн уæлæмхасæн фæрæзтæ.
Нæ уацх.