5-æм сентябры Ногдзауты парчы Æвзонг техникты республикон станцы рæсугъдвæлыст кæртæй хъуыстысты зæрдæйæн æхцондзинадхæссæг музыкæйы зæлтæ. Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр ацы бон станцы кусджытæ сæ директор Къалаты Нариманы сæргълæудæй сорганизаци кодтой Гом дуæртты бон 2024-2025 ахуыры азæн.

Уагдоны кусджытæ кæртмæ рахастой алыгъуызон ахуырадон ифтонггæрзтæ æмæ инструменттæ. Ног ахуыры азы фыццаг бон скъоладзаутæй бирæтæ цытджын линейкæйы фæстæ сæ фæндаг акодтой Ногдзауты паркмæ. Æмæ ахуыргæнинæгтæй кæй фæндыд, уыдонæй алкæмæндæр йæ бон уыд Станцы кæртмæ æрбацæуын æмæ алыгъуызон мастер-къласты хайад райсын. Нæ горæты скъолаты ахуырдзаутæ куыд цыдысты, афтæ сæ Станцы ахуыргæнджытæдæснытæ зонгæ кодтой ахуырадон баиугæнды куыстытимæ, ахуыр сæ кодтой столярон инструменттæ æмæ æндæр техникон прибортимæ кусыныл.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ацы ахуыры азы станцмæ кусынмæ кæй райстой дыууæ æвзонг адæймаджы. Сæ иу Цъæхилты Лидия у ХИПУ-йы фæсарæйнаг æвзæгты факультеты студенткæ. Уый сывæллæттæн амондзæн «3-D моделирование»-йы кружок. ХИПУ-йы арæзтадон факультеты студент Гæззаты Сæрмæт та сын йæ зонындзинæдтæ амондзæн «Архитектура и макетирование»-йæ.

Цхинвалы уæлæмхас ахуырадон уагдон –  Æвзонг техникты республикон станц стыр ахъаз у ахуырдзауты алыварсон рæзтæн. Станц йæ дуæрттæ байгом кодта 1938 азы æмæ уæдæй фæстæмæ ныр 86 азы дæргъы уагдоны куыстуарзаг коллектив алыгъуызон кружокты техникæимæ кусыныл ахуыр кæнынц бирæнымæц æвзонг адæймæгты. Цайдагъ сæ кæнынц фæллой кæныныл. Уæлæмхас ахуырадон уагдоны райсгæ зонындзинæдтæй уыдон спайда кæнынц сæ дарддæры царды æмæ афтæмæй пайда хæссынц куыд сæхицæн, афтæ сæ радтæг Ирыстонæн дæр.

Æвзонг техникты станцы директор Къалаты Нариманы ныхæстæм гæсгæ, мадзалы нысан у республикæйы скъолаты ахуыргæнинæгты хъусдард станцмæ аздахын, сфæлдыстады атмосферæйы сæ аныгъуылын кæнын. «Ныр цалдæр азы мах ауадзæм гом дуæртты бон, цæмæй рæзгæ фæлтæрæн фенын кæнæм цы аразæм, цæуыл сæ гæнæн ис сахуыр кæнын, уый. Уымæ гæсгæ мах кæртмæ рахæссæм алыгъуызон инструменттæ, прибортæ, афтæ ма нæ хъомылгæнинæгты куыстытæ æмæ æнæхъæн боны дæргъы сывæллæтты базонгæ кæнæм нæ архайдимæ. Фыццаг рады нæ фæнды кружоктæм скъоладзауты хъусдард аздахын. Растдæр, уымæ гæсгæ нæ мадзал саразæм Зонындзинæдты боны, цалынмæ ахуырдзаутæн уроктæ нæ райдайынц æмæ сын сæрибар рæстæг вæййы, уæдмæ. Рагæй нæ фæнды, цæмæй Уæрæсейы цы рæзты программæ ис сывæллæтты ‘хсæн, уый Хуссар Ирыстоны дæр реализаци æрцæуа. Фæнды ма нæ  «Робототехника» æмæ «Микроэлектроника»-йы кружоктæ рауæрæхдæр кæнын. Бахъæудзæн нæ ифтонггæрзтæ, компьютертæ,  хъæуы дзы технологитæ æмæ 3D принтер дæр. Зынаргъ сты, æмæ сæ балхæныны тыххæй  бахатыдыстæм хицауадмæ. Сывæллæттæй бирæты фæнды сомбоны программисты, робототехникæйы, микро­электроникæйы хаххыл ацæуын æмæ ацы фарстыл дæр кусæм. Ныртæккæ æнæхъæн дунейы размæдзыд сты ацы технологитæ. Ныфс нæ ис нæ фæнд сæххæст кæнын нæ къухты кæй бафтдзæн, уый. Нæ курдиатджын фæсивæд уайтагъддæр сахуыр уыдзысты ног технологитыл. Ахӕм мадзӕлттӕ ахъаз сты сывӕллӕттӕн ӕрмӕст сӕ алыварсон рӕзтӕн нӕ, фӕлӕ ма кӕрӕдзиимӕ ӕнгом кӕнынц сӕ ахастытӕ дӕр», – банысан кодта Æвзонг техникты станцы директор Къалаты Нариман.

Уагдоны ахуыры хайы сæргълæууæг Тедеты Эммæйы ныхæстæм гæсгæ сæм ныртæккæ уæвынад кæнынц ахæм кружоктæ: «Резьба по дереву», «Робототехника», «Электронная автоматика и начальное электронное моделирование», «Техническое конструирование», «Выжигание», «Техническое моделирование», «Архитектура и дизайн», «Скульптура», «Видеооператор», «Занимательная математика», «Тик-Так». Ахуыргæнинæгтæй алкæмæн дæр йæ бон суыдзæн йæ зæрдæмæ кæцы кружок  цæуы, уырдæм бацæуын.

«Æрвылаз дæр нæ хъомылгæнинæгтæ хайад райсынц Цæгат Кавказы уагъдцæуæг конкурсты æмæ дзы бацахсынц призон бынæттæ. Зæгъæм, ацы аз апрелы мæйы Дзæуджыхъæуы Сывæллæтты нымæцон ахуырады центр «IT-Куб»-ы уагъд æрцыдысты ерыстæ робототехникæйæ «Робоэкстрим», зæгъгæ. Ацы центр арæзт æрцыд национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæтты.

Ерысты уыд серьезон конкуренци, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æппæт районтæй 44 командæйы æмæ дыууæ та – Хуссар Ирыстонæй.  Ерыс кодтой дыууæ кары къорды – 7 азæй 12 азы онг æмæ 13 азæй 17 азы онг  кæуыл цыд, уыцы ахуырдзауты ‘хсæн.

Хистæр кары конкурсантты ‘хсæн «Автопилот»-ы номинацийы 2-аг бынат бацахста Цхинвалы Æвзонг техникты республикон станцы  командæ «Электрон» Бранский Егоры скондæй. Йæ разамонæг у станцы ахуыргæнæг Плиты Инал. 3-аг бынат дæр бацахста цхинвайлаг командæ «Интеграл» Дерябин Ефимы скондæй. Уымæн дæр йæ разамонæг у Плиты Инал.

Уымæй дарддæр ма нæ уагдоны кусджытæ Къалаты Нариманы сæргълæудæй æрвылаз дæр республикæйы районты скъолаты ауадзынц цæугæ мастер-къластæ, цæмæй фылдæрæй архайой кружокты. Нæ хъомылгæнинæгтæй бирæтæ сæ сомбоны професситæ равзарынц нæ уагдоны кружоктæм цæугæйæ», – радзырдта Тедеты Эммæ.

Сывæллæтты арæхстджын къухтæй конд куыстытæм кæсгæйæ, зæгъæн ис, Ирыстоны æцæг курдиатджын фæсивæд кæй хъомыл кæны. Станц ахуыр æмæ парахат кæны  техникæйы фæдыл къласæн æмæ скъолайæн æддейæ куысты хуыздæр фæлтæрддзинад. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ уагдоны кæй кусынц сæ хъуыддаджы æцæг дæснытæ. Уыдон цæстуарзонæй сæ зонындзинæдтæ амонынц сæ хъомылгæнинæгтæн. Уый афтæ кæй у, уый та бæрæг вæййы алыгъуызон равдыстыты рæстæджы сывæллæтты æнтыстытæй.

Джиоты Екатерина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.