Гӕззаты Вадимы номыл милицийы сӕрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытӕ сарæзтой марш-бросок. Сӕ маршрут иннӕ хӕттытимӕ абаргӕйӕ уыд дӕргъвӕтин ӕмӕ зынвадат дæр — Ерманы хъӕуӕй ацыдысты Хъелы цадмӕ. Дӕрддзӕг рауад 16 километрӕй фылдӕр. Уыдысты хӕстон экипировкӕйы ӕмӕ табелон ӕхсӕнгӕрзтимӕ. Ӕдӕппӕт дзы хайад райстой 160 адӕймагӕй фылдӕр.
Ахӕм марш-бросоктӕ милицийы ӕппӕт дӕлхӕйттӕ ацӕуынц арӕх, сӕ физикон цӕттӕдзинады ӕмвӕзад ма фӕкъаддӕр кӕныны нысанӕн. Балцы рӕстӕджы адӕймаг фӕлтӕры, уӕлдайдӕр та къулдымтыл ӕмӕ хӕхтыл цӕугӕйӕ. Стӕй ма фенынц Ирыстоны рӕсугъд къуымтӕ дӕр.
ДЖИОТЫ Алыксандр