3-æм сентябры Бекъойты Эдуарды номыл Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы уагъд æрцыд Беслæны трагедийы амæттæгты мысæн акци. Бацæттæ йæ кодта скъолайы администраци. Акцимæ æрбамбырд сты ахуыргæнджытæ, ахуырдзаутæ æмæ ныййарджытæ.

Мысæн мадзал байгом кодта скъолайы директор Гæззаты Юринæ. Уый бакаст трагедийы бахауæг скъоладзауты мысинæгтæй скъуыддзæгтæ. «2004 азы 1-æм сентябрь. Æрхъæцмæ нал лæууыдтæн мæ фыццаг дзæнгæрæг кæд айхъуысдзæн æмæ скъолайы къæсæрæй кæд бакъахдзæф кæндзынæн, уымæ, фæлæ… Бирæтæн дзы сæ фыццаг дзæнгæрæг  ссис сæ фæстаг дзæнгæрæг. Æз уыдтæн иннæ сывæллæттау рæсугъд конд æмæ хъæлдзæг. Фæлæ цасдæр рæстæджы фæстæ мах, сывæллæттæ, нæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты цæстыты федтам æнахуыр фыртасдзинад. Цалдæр сахатмæ нæ рæсугъд уæлæдарæс сæвдылд рыг æмæ туджы».

Ссардтой сын сæ рухс нæмттæ

«Залы уыд æнахуыр тæвд. Мах бадтыстæм кæрæдзийыл нæхи æрбатыхтам, афтæмæй. Периодикон æгъдауæй террористтæ æхстой æмæ-иу нын нæ къухтыл хæрдмæ схæцын кодтой. Чизоны искæмæ афтæ фæкæса, ома, уый цы зын хъуыддаг у, фæлæ дыууæ сут-кæйы дæргъы дон куынæ баназай, уæд уый тынг зын  у. Нæ къухты тыхы мур нал уыд».

«Æз нæ уарзын 31-æм август. Уымæн æмæ йæ æмбарын: абон æз нырма уыдтæн нормалон, хуымæтæджы сывæллон, фæлæ ныридæгæн райсом æрцæудзæн ахæм цау, кæцы мын цæхгæр фæивдзæн мæ цард. Алы 31-æм августы дæр мæхиуыл дуар сæхгæнын хинайæн хатæны æмæ райдайын ниуын. Кæугæ нæ, фæлæ ниуын», – фыссынц сæ мысинæгты раздæры амынæттæ.

11-æм къласы ахуыргæнинаг Гуыбеты Виктория сæххæст кодта трагедийы тыххæй фыст зарæг «Не позабыть». 7-æм къласы ахуырдзау Джыгкайты Джессикæ та бакаст Беслæны трагедийы тыххæй Джыккайты Шамилы фыст æмдзæвгæ «Беслæн. 2004 аз».

Мадзалы раныхас кодта скъолайы физикæйы ахуыргæнæг Гаглойты Руслан. Уый радзырдта, ахæм тæссаг трагедийы рæстæджы æртæ бонмæ æввахс амынæттæ цы стыр хъизæмæрттæ бавзæрстой, уый тыххæй. «Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы террористтæ бацахстой æмæ цытджын линейкæмæ æрбамбырдуæвджыты амынæты систой, уый тыххæй фехъуыстон Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолайы Зонындзинæдты боны цытджын линейкæйы рæстæджы. Æмæ мæ фыццаг уырнгæ дæр нæ бакодта, фæлæ æрцыд æвирхъау фыдбæллæх. Ирон адæм ахæм зын рæстæджы дæр равдыстой хиуылхæцындзинад. Кæй зæгъын æй хъæуы, хуссарирыстойнаг адæм дæр æххуысмæ фæзындысты сæ цæгаттаг æфсымæртæм. Æххуыс кодтой судзгæ скъо-лайæ амынæтты ракæнынæн. Бархионтæн сæхицæй дæр бирæтæ фæмард сты. Хуссар Ирыстоны Калеты хъæуккаг Гæбæраты Эмзарæн бантыст цалдæр сывæллоны аирвæзын кæнын, фæлæ йæхæдæг дæр мæлæтдзаг цæф фæцис. Цыдис ыл  æрмæстдæр 37 азы. Беслæны æвирхъау трагеди ирон адæмæй никуы ферох уыдзæн», – загъта Гаглойты Руслан.

Мадзалы фæлгæтты экраныл æвдыст æрцыдысты, амынæтты ирвæзын кæныны æмæ операцийы хайадисæг адæймæгты хъайтардзинæдты тыххæй архивон кадртæ.

Мадзалы хайадисджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой  æгъатыр теракты бабынуæвджыты рухс нæмттæ. Судзгæ цырæгътæй ныффыстой «Беслан», зæгъгæ.

Джиоты Екатерина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.