Æрвылаз дæр 30 августы нысан цæуы Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты дунеон бонæй. Хуссар Ирыстонæн дæр ацы бон сæрмагонд бон у, уымæн æмæ хæстон уæззау рæстæджыты æбæрæгæй сæфтысты не ‘мбæстæгтæ. Уыдон хъысмæт сбæрæг кæныныл егъау куыст цæуы алы фæзуæттыл, фæлæ уадиссаг фæстиуджытæ нырма къухты нæ бафтыд. Нæ чысыл Ирыстонæй ныртæккæ дæр æбæрæг сæфт æмбæстæгтыл нымад цæуынц 140 адæймагæй фылдæр.

Сæ номыл нæ горæты Æгъуызаты Иуанейы номыл чысыл скверы номарæн цырты раз уагъд æрцыд акци. Сорганизаци йæ кодта Сырх Дзуары дунеон комитет. Хайад дзы райстой республикæйы бæрнон кусджытæ, æмæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты бинонтæ.

Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты бинонты фæдыл æхсæнадон организаци «Память и Надежда» – йы сæргълæууæг Куыдзеты Лидæ банысан кодта, бирæ бинонтæ абоны онг дæр кæй нæ зонынц се ‘ввахс хиуæтты хъысмæт.

Бузныг загъта, рæстæг чи ссары æмæ сæ фадæттæм гæсгæ сæ фарсмæ чи æрбалæууы ацы бон, уыдонæн. 30 август ацы бинонтæн нысаниуæгджын у, хъуыды æмæ æнхъæлмæ кæсынц се ‘ввахс хиуæттæм, æнхъæлмæ кæсынц, бирæ азты дæргъы кæд исты чысыл бæрæг базониккой, æбæрæгæй цы æввахс хион фесæфт, уымæй.

«Махæй алчидæр хæссы йæ рысты уаргъ, æрвылбон æнхъæлмæ кæсын махæн у æнусы хуызæн», – банысан кодта уый.

Бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны разамынадæн, Сырх Дзуары дунеон комитетæн æмæ ма сæ фарсмæ чи æрбалæууы, сæ рыст сын чи фæрог кæны, æппæт уыдонæн.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ министрад аразы æппæтдæр, цæмæй æбæрæгæй цы æмбæстæгтæ фесæфтысты, уыдоны хъысмæт бæрæг бæлвырд æрцæуа.

Хъыгагæн, зæгъгæ, ацы æбуалгъ трагеди нæ иувæрсты нæ ахызт. Сырх Дзуары дунеон комитет æмæ æндæр цымыдисгæнæг организациты руаджы куыст цæуы, цæмæй ацы ахсджиаг проблемæ иуварс æрцæуа. Ныфс бавæрдта, æввахс рæстæджы исты информаци базонынæй, цæмæй чысыл фæрог уа æбæрæгæй сæфт бинонты рыст.

Сырх Дзуары Дунеон комитеты миссийы сæргълæууæг Драгослав Блажевичы ныхæстæм гæсгæ йе ‘ввахс хионы чи фесæфта, уыцы бинонтæй алчидæр хъуамæ зона сæ хиуæтты хъысмæт. Ахсджиагыл банымадта, ацы фарстыл чи кусы, сæ архайд. Сырх Дзуары дунеон комитеты архайд комкоммæ баст у ацы адæмы хъысмæт рабæрæг кæнын æмæ сæ бинонты фарс балæууынимæ.

Хъыгагæн, зæгъгæ, гарзджын хъаугъатæ æрвылаз дæр ахæссынц адæмы цард æмæ дыууæ минæй фылдæр адæймаджы фесæфы æбæрæгæй…

Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Сырх    Дзуары комитет йæ партнертимæ иумæ æбæ­рæгæй сæфт æмбæстæгты фæдыл координацион механизмты фæлгæтты активон архайд кæны сæ хъысмæт сбæрæг кæныныл. Уымæйдæр, нæ сæтты сæ ныфс, бинонты цы фарстытæ тыхсын кæны, уыдонæн кæй уыдзæн дзуаппытæ.

Фæсконфликтон фарстатæ бæстон кæныны фæдыл президенты æххæстбарджын минæвары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Коцты Егор куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстонæй æбæрæгæй чи фесæфис, уыдон хъыс­мæт рабæрæг кæныныл дарддæр цæудзæн куыст.

«Хъыгагæн, æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдоны хъысмæт сбæрæг кæныны фæдыл фарстытæн сæ фылдæр дзуаппытæ сты Гуырдзыстоны территорийыл. Æмæ уый æвзæрын кæны серьезон зындзинæдтæ. Уыцы хъуыддаджы нын стыр æххуыс кæны Сырх Дзуары дунеон комитет», – банысан кодта уый.

Гуырдзыстоны сæ партнертæй домынц серьезон куыст, цæмæй кæдæй уæдмæ исты  дзуапп базоной.

Хуссар Ирыстоны «Æнæмæлгæ полк»-ы штабы къухдариуæггæнæг Зассеты Жаннæ æрвылаз дæр æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты номыл цырты размæ æрбахæссы хъуырауы сагъд дидинæг – царды æмæ ныфсы символ. Рæстæг хосгæнæг нæу, уый нæ, фæлæ ацы бон ноджы ныууæззау кæны зæрдæ. Цахæм къахдзæфтæ ма аразын хъæуы, цы планмæ гæсгæ, æмæ куыд бакусын хъæуы, уыцы фæндæттыл дзырдта ныхасгæнæг.

Хуссар Ирыстонæй æбæрæгæй цы æмбæстæгтæ сты сæфт, уыдон номыл уыцы бон Сыгъдæг Мадымайрæмы аргъуаны уагъд æрцыд Хуыцаумæ скуывд. Скъола-интернаты ахуыргæнинæгтæ уæларвмæ суагътой урс – царды нысаны, къоритæ…

Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты номыл цырты раз цæуы æнæрлæугæйæ дон – уый у ныфсы суадон æмæ дзы чи нуаза, уый, æнæмæнгдæр, кувдзæн, цæмæй, кæдæй – уæдæй æбæрæгæй сæфт æмбæстæгтæй исты бæрæг базонæм.

Адæймаг ныфсытæй цæры, æмæ мах дæр ныфс ис, кæд рæстæг рацыд, уæддæр – чи сæрæгасæй, чи куыдæй – йæ хъысмæт сбæрæг уа.

Къæбулты Марина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.