Раздæры Бигæдзаумæтты фабрикæйы территорийыл цы цæрæн бирæуæладзыгон хæдзæрттæ сырæзт, уыдонмæ ма ноджыдæр бафтдзæнис иу. Ацы хæдзар дæр арæзт цæуы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты.

Ам куыстытæ æххæст кæны арæзтадон фирмæ “Престиж”. Уыдон хæдзары арæзтадмæ æрывнæлдтой ацы азы марты мæйæ.  Арæзт кæм цæуы, уыцы бынатæн раздæр уыд æндæр хицау. Уыдысты дзы æндæр æмæ æндæр чысыл арæзтæдтæ. Уыдон тынг фыдуынд кодтой цæрæн комплексы æддаг бакаст æмæ рахаст æрцыд фæндон, цæмæй уыцы бынаты ноджыдæр сырæза иу бирæуæладзыгон хæдзар.

Арæзтады прораб Плиты Тенгиз куыд зæгъы, афтæмæй уыцы бынат алыгъуызон брæттæй ссыгъдæг кæнын æнцон нæ уыд. Байста сын сæ рæстæг æмæ æрмæстдæр 1-æм апрелы æрæвнæлдтой хæдзарæн бындурæвæрæн куыстытæм. Ныртæккæ ам æххæст цæуынц сисамайæн куыстытæ. Æдæппæтæй дзы кусынц 25 адæймаджы бæрц. Уыдонæн сæ фылдæр сты бынæттон кусджытæ. Æмæ ноджы фылдæр уаиккой, фæлæ сын сисамайджытæ кæй нæ фаг кæны, уымæ гæсгæ сæ бахъæуы æрцæуæггаг кусджытæ æрбахонын дæр. Аразджытæ хорз æмбарынц, хæдзар рæстæгыл амад æмæ æмбæрзт куынæ æрцæуа, уæд сæ кæй æрæййафдзысты фæззыгон къæвдатæ. Уымæ гæсгæ сæ куыст райдайынц райсомы 8 сахатæй æмæ фæкусынц изæрдалынгтæм.

Плийы фырт куыд зæгъы, афтæмæй хæдзары уыдзæнис 5 бахизæны æмæ дзы алкæцыйы дæр уыдзæнис 15 фатеры. Фæлæ хæдзарæн уыцы бынат къуындæг кæй у, уымæ гæсгæ дзы иу бахизæны фæхицæн кодтой æмæ йæ аразынц йæ фарсмæ, хицæнæй. Фатертæ сты иу, дыууæ æмæ æртæхатæнонтæ. Арæзтады прораб куыд зæгъы, афтæмæй ацы хæдзарæн дæр йæ алыварс æрцæудзæнис хæрзарæзт. Цæрджытæн дзы æрулæфынæн, сæ фæллад суадзынæн уыдзæнис æппæт уавæртæ дæр. Аразджытæ рæстæгыл ифтонг цæуынц арæзтадон æрмæджытæй. Разы сты сæ куыстмыздæй дæр, райсынц æй рæстæгыл.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы фирмæ горæты, стæй районты дæр цы объекттæ сарæзта, уыдоны куыстытæ æххæст æр­цæуынц гъæдджынæй. Уыдон дзуапп фæдæттынц арæзтады æппæт нормæтæн.

Уæдæ та ацы объект куы сырæза, уæд ноджыдæр æххæст æрцæудзæнис, цæрджытæй йæ цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ чи æнхъæлмæ кæсынц, уыдонæй бирæты бæллиц.

   БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.