Нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны бон алкæцы ирон адæймагæн дæр у стыр æмæ зынаргъ бæрæгбон. 2008 азы 26-æм августы Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмæн ссис, æцæгæйдæр ног царды, ног дуджы райдиан бон æмæ уæдæй нырмæ цæрæм сæрибар арвы бын.

26-æм августы бæрæгбоны алыхатт дæр банысан кæнæм цытимæ. Ацы диссаджы бæрæгбоны цытæн ныр дæр уагъд æрцæудзæнис алыгъуызон мадзæлттæ. Ныридæгæн бæрæгбонмæ сæхи цæттæ кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады цур Адæмон сфæлдыстады республикон центр. Сæ архайдæй 26-æм августы Цхинвалы уыдзæнис VI равдыст-армукъа «Возрождение» хуызфыссынад æмæ декоративон-прикладон аивадæй. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой министрады пресс-службæйы.

«Нæ уарзон бæрæгбоны цытæн мах цæттæ кæнæм равдыст-армукъа, кæцыйы хайад райсын йæ бон у, кæй фæнды, æппæт уыцы адæймæгтæн. Мах нæдæр кармæ кæсæм, нæдæр, кæм цæры, уымæ. Равдысты мах адæмы рæгъмæ рахæсдзыстæм æндæр алыгъуызон æрмдæсныты цымыдисон куыстытæ. Табуафси, æрбацæут æмæ саргъ кæнут нæ къухджын адæймæгты цымыдисон куыстытæн. Равдыст-армукъа йæ куыст райдайдзæн боны 12:00 сахатыл Хетæгкаты Къостайы цырты цур. Мадзалы кæрон та хайадисджыты схорзæхджын кæндзыс-тæм дипломтæй», – банысан кодтой пресс-службæйы.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.