Æрæджы Абхазы Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы мысынады бон нысан кæныны сæраппонд абхазаг адæмимæ æмзæрдæдзинады нысанæн Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты  номыл Мемориалон комплексы уагъд æрцыд мысæн мадзал. Хайад дзы райстой Президенты Администрацийы кусджытæ, Парламенты депутаттæ, тыхон структурæты æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Мадзалы хайадисджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Мемориалы  раз.

Президенты Администрацийы разамонæджы хæдивæг Тыбылты Алан куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстонæн иугъуызон истори ис Абхазимæ.

«1989 азы Хуссар Ирыстоны зæхмæ куыд ‘рбафсæрстой «сабырадон митинг» ауадзыны æфсон, афтæ 32 азы размæ бабырстой абхазаг зæхмæ дæр, ома нæ фæнды бахъахъхъæнын æфсæнвæндаг. Уымæй дыккаг бон Абхазмæ денджызæй рахызт гуырдзиаг флот æмæ райдыдта хæст сабыр цæрджыты ныхмæ.

Хуссар Ирыстонау Абхазы дæр бирæ адæм баисты хæсты амæттаг, фæцыдысты уæззау, фæлæ хъæбатыр фæндæгтыл. Уымæ гæсгæ мах нæ хæсыл банымадтам ацы бынатмæ æрбацæуын æмæ сын сæ рухс ном ссарын», – загъта Администрацийы минæвар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ уым хъæбатыр тох кодтой бархионтæ æгас Цæгат Кавказæй. Иуварс нæ баззад нæ чысыл Хуссар Ирыстон дæр, кæд уыцы рæстæджы нæхæдæг хуыздæр уавæры нæ уыдыстæм, уæддæр.

«Уæды рæстæджы абхазаг æмæ ирон лæппутæ цы хъæбатыр фæндæгтыл фæцыдысты, уымæн рохгæнæн нæй. Уымæн æмæ ныртæккæ истори уæлдай ахсджиаг у, Сæрмагонд æфсæддон операцийы нацизмы ныхмæ куы тох кæнынц иумæ ирон, абхазаг æмæ æндæр рæстыл хъуыдыгæнæг адæм», – банысан кодта Тыбылты Алан.

Ахсджиаг, зæгъгæ, у, Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ цы уæззау рæстæджытæ бавзæрстой, уыдон зæрдыл дарын.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ уæды рæстæджы хуссарирыстойнаг бархионтæй арæзт кæй æрцыд цалдæр къорды, кæцытæ активон хайад истой Абхазы сæрибар кæныны охыл хæстон архайдтыты. Уыцы къордтæй сæ иуæн арæхстджын разамынд кодта дзæнæттаг Джиоты Алан (Парпат).

Абхазы Æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны Елбачиты Аланы ныхæстæм гæсгæ мысæн боны Абхазы кад кæнынц, йæ цард бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады, йæ рухс фидæны сæрвæлтау чи рауæлдай кодта, уыдонæн. Гуырдзыстон уæд хъавыд Абхазы бæстæ бацахсын æмæ йын йæ адæмы скуынæг кæнынмæ.

Гуырдзыстоны къухдариуæгады мæнгард архайды тыххæй дæнцæгæн æрхаста ахæм цау – гуырдзиаг æфсад Сухумы горæтмæ йæ ных куы сарæзта, уæд Абхазы уæды Уæлдæр Советы Сæрдар Владислав Ардзинба телефоны бадзырдта Гуырдзыстоны уæды разамонæг Эдуард Шеварднадземæ, зæгъгæ, «уый цы хабар у?». Æмæ дзуаппæн райста, æз, зæгъгæ, ницы зонын – «мæ хъахъхъæнынады министры агурын æмæ йæ нæ арын». Уыцы рæстæг Гуырдзыстоны æфсад та уыдысты Сухумы горæты.

Уæдæй абхазаг адæмæн райдыдта Фыдыбæстæйон хæст. Знаг æнæнхъæлæджы бацахста донбылгæрæттæ æмæ Абхазы столицæ.

Елбачиты Алан дæр банысан кодта, æфсымæрон абхазаг адæммæ æххуысмæ фыццæгтимæ кæй фæзындысты ирон лæппутæ, кæцытæ рацыдысты хæстон фæндæгтыл, уыдысты хæствæлтæрд æмæ сæ бауагътой ныфс, знаджы æгъатырæй кæй хъæуы дæрæн кæнын.

Абхазы хъуыды æмæ кад кæнынц, бæстæйы сæрибардзинады сæрыл сæхи нывондæн цы ирон хъæбатыр лæппутæ æрхастой, уыдоны рухс нæмттæ. Хъуыды кæнынц æмæ бузныг сты ирон адæмæй, ахæм хъæбатыр æмæ фæндвидар лæппутæ кæй схъомыл кодтой.

Бузныджы ныхæстæ ма загъдæуыд нæ республикæйы разамынады номыл, ахæм мысæн мадзал организаци кæй æрцыд, уый тыххæй. Уый, зæгъгæ, ноджыдæр дзурæг у ууыл, æмæ нæ ахастытæ, æцæгдæр, æфсымæрон кæй сты.

Къæбулты Марина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.