Æрмæг цæттæ кæныны рæстæджы уац-хæссæджы фæфæнды, цæмæй йæ чи ба-кæса, уый зæрдæмæ фæцæуа. Ахæм ныфсимæ фыссын æз дæр ацы уац. Уымæн æмæ дзы  дзырд цæуы хорз æмæ уæздан æмбæстагыл, йæ адæмы ‘нæниздзинадыл чи тыхсы æмæ архайы, ахæм æмбæстаг Цыбырты Аллæйыл.

Аллæ æцæгæйдæр хорз æмæ æргом зæрдæйы хицау кæй у, уый йемæ сныхаскæнгæйæ фæбæрæг вæййы. Цалынмæ ма скъоламæ цыд, уæдмæ дæр иу æмæ дыууæ тыхст адæймагыл нæ амбæлд. Æмæ-иу сын йæ бон цы уыд, уымæй æнæбаххуысгæнгæ нæ фæцис. Скъуыддзаг дæр уæд акодта аптекæйы кусæг суæвын æмæ скъола каст куы фæцис, уæлдæр ахуырад куы райста, уæд кусын райдыдта Цхинвалы Централон аптекæйы.

Ардæм бацæугæйæ, Аллæйæн йæ зæрдæ æрмæст цæмæ бæллыд, уыцы куыст æххæст кæнын кæй райдыдта, уымæй нæ барухс, фæлæ ма цы коллектив баййæфта, уыдонæй дæр. Уыдис иу афтæ дæр æмæ чидæр хос ныззакъаз кодта, йæ домæн æххæст æрцыд афоныл, фæлæ йæ хицау нæ зынд. Ахæм рæстæджыты сæм цы хъуыдытæ æвзæрд, уыдонæй-иу иу уыд, зæгъгæ, æвæццæгæн, рынчынæн нæй, хос чи  ахæсса, ахæм адæймаг æмæ-иу æй куыд се ‘ппæтæй кæстæр, афтæ хос арæхдæр йæ хицауыл сæмбæлын кодта Аллæ.

Куыстмæ ахæм ахасты тыххæй дзы æм-кусджытæ æмæ кæмæн лæггад кодта, уыдон се ‘ппæт дæр уыдысты райгонд, райста-иу бирæ арфæтæ. Фæлæ йæ иуахæмы бахъуыд йæ куыст ныууадзын æмæ уæд сфæнд кодта йæхи аптекæ бакæнын. Арæх ма-иу йæхи дæр афарста, зæгъгæ, горæты цъус не сты аптекæтæ, чизоны, æндæр исты хъуыддагыл хъæуы ныллæууын. Фæлæ-иу уыцы хъуыды аивта уадид. Уымæн æмæ абон аптекæты сæр кæй хъæуы, уыдон дæр цъус не сты.

Аллæ цы аптекæ бакодта, уый кæд нырма бирæ рæстæг нæ кусы, бæрцæйдæр цыппар азы, уæддæр ардæм арæх чи фæцæуы, уыдоны нымæц у мин адæймагæй фылдæр æмæ сæ нымæц рæзы æрвылмæй дæр. Цæмæн афтæ у, уый тыххæй та Аллæ йæхæдæг афтæ зæгъы: «Ныртæккæ аптекæйы ис цалдæр минæй фылдæр хосы. Ардæм хос æлхæнынмæ чи æрбацæуы, уыдонæй стæмтæ аздæхынц æнæ хосæй. Æххæст кæй домæн не ‘рцæуы, уый дæр æнæныфсæй нæ арвитæм, райсæм ын йæ закъаз æмæ йын æххæст æрцæуы цыбыр æмгъуыдмæ. Нæ аптекæмæ цæуын ма уарзынц уымæн æмæ у райдзаст æмæ уæрæх, стыр хъусдард здахæм йæ сыгъдæгдзинадмæ дæр».

Ардæм чи æрбацæуы, ам хостæ чи балхæны, уыдонæй сæ иу, не ‘мбæстаг  Джиоты Аннæ та аптекæ, йæ куыст æмæ хосты тыххæй афтæ загъта: «Зын бауырнинаг у, фæлæ мæм æрæджы мæ хæстæг æрдзырдта Дзæуджыхъæуæй  æмæ мын афтæ, зæгъгæ, мæ хостæ фесты, нæй дзы Дзæуджыхъæуы аптекæты. Бацагур ма Цхинвалы, чизоны,  уым разына. Бирæ нæ афæстиат дæн, акодтон мæ дарæс æмæ балæууыдтæн, Абайты Васойы уынджы 63 хæдзары цы аптекæ ис, уым. Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр йæ дуæрттæ уыдысты гом æмæ мыл мидбылхудтимæ сæмбæлд Аллæ. Ме ‘рбацыды сæр ын бамбарын кодтон, нæ басусæг кодтон мæ хæстæджы тыхстдзинад дæр æмæ мын дзуапп радта, зæгъгæ, тыхсгæ дæр ма ма кæн, ис мæм дзы дзæвгар, цас дæ дзы хъæуы, ахæс дзы уыйбæрц. Кæй зæгъын æй хъæуы, бацин кодтон, мæхионæн кæй феххуыс дæн, уымæй. Æз æм адзырдтон уадид æмæ уымæн дæр йæ цинæн нал уыд кæрон.

Хостæ куыд æмæ цы амæлттæй амал кæны, уый тыххæй та мын Аллæ загъта, зæгъгæ,  нæ горæтмæ хостæ ласынц цалдæр адæймаджы. Се ‘ппæтимæ дæр дæн зонгæ, сæ куыст æмæ ахастæй та райгонд, цы хостæ бахъæуы, уыдон алы хатт дæр райсын афоныл. Хосты гъæдæй дæр дæн райгонд, амал сæ кæнынц серьезон уагдæтты.

Аллæимæ ма нæ ныхасы сæр уыдис, адæм абон тынгдæр цæмæй тыхсынц, арæхдæр цы низы ныхмæ фелхæнынц хостæ æмæ мын уый тыххæй загъта, зæгъгæ,  ковиды фæстæ адæм фылдæр æлхæнынц грипп æмæ аллергийæ, стæй ма алыгъуызон хæцгæ æмæ инфекцион низты тыххæй дæр.

                                                                                   ГÆЗЗАТЫ Иван

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.