Фӕсивӕды политикӕ ӕмӕ спорты фæдыл комитеты хъӕппӕрисӕй Дзауы районы Начърепайы хъӕуы цы этнолагерь байгом, уырдӕм хуынд ӕрцыдысты милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытӕ. Семӕ сын лӕварӕн бахастой алыгъуызон дыргътӕ. ОМОН-ы кусджытӕ лагеры уӕвӕг фӕсивӕдӕн ауагътой ахуыртӕ хӕцӕнгарзимӕ архайыны фӕдыл, бацамыдтой сын фыдбылызӕй хи бахизыны мадзӕлттӕ.

Ацы этнолагермӕ ОМОН-ы кусджытӕ фарон дӕр фӕуазӕг сты ӕмӕ лагеры улӕфджытӕ тынг райгондӕй баззадысты райсгӕ зонындзинӕдтӕй. Инструктортӕ фӕсивӕдӕн радзырдтой Калашниковы автомат ӕмӕ Макаровы  пистолеты техникон-тактикон характеристикӕты фӕдыл, равдыстой сын семӕ куыд архайын хъæуы. ОМОН-ы командиры хӕдивӕг Коцты Александр ӕрӕмбырдуӕвджытӕн ныффӕдзӕхста, ӕхсӕнгарз кӕй у тӕссаг, йемӕ архайын кӕй хъӕуы ӕдӕрсгӕ, ӕмӕ йӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй никуы хъӕуы кӕсын.

«Цахӕмфӕнды фӕлтӕрд хӕстон ма уай, уӕддӕр ӕхсӕнгарзимӕ хъуамӕ архайай арӕхстджынӕй. Уыдис цӕвиттонтӕ ӕмӕ-иу фӕлтӕрд хӕстоны къухты ӕхсӕнгарз фӕирвӕзт ӕмӕ-иу фыдбылыз ӕрцыд. Сымах та нырма йеныр зонгӕ кӕнут ӕхсӕнгӕрзтимӕ ӕмӕ хъуамӕ уӕлдай тынгдӕр хъахъхъӕнат уӕхи. Фыццаджыдӕр, нӕй гӕнӕн ӕхсӕнгарз адӕймагмӕ дарын – хъуамӕ йӕ дзых кӕса зӕхмӕ, кӕнӕ хӕрдмӕ», – зӕгъы сын ОМОН-ы инструктор.

Фӕсивӕды тынг цымыдис кодтой, ӕхсӕнгӕрзтӕ цахӕм хӕйттӕй сты арӕзт, уый. Инструктортӕ сын бар радтой, цӕмӕй кӕй фӕнды, уыдон райхалой ӕхсӕнгӕрзтӕ ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕмбырд кӕной. Кӕйдӕрты афтӕ бацымыдис кодтой, ӕмӕ ерыстӕ уадзын райдыдтой ӕхсӕнгарз рӕстӕгмӕ райхалын ӕмӕ сӕмбырд кӕнынӕй.

Ацы этнолагермӕ дыккаг къорд куы ацӕуой улӕфынмӕ, уӕд та сӕм ОМОН-ы кусджытӕ фӕуазӕг уыдзысты ӕмӕ та уыдонӕн дӕр ауадздзысты ахӕм ахуыртӕ.

     ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.