2008 азы августы бонтæ Хуссар Ирыстоны адæмæн баззадысты хъыгаг мысинагæй, уыцы бонты фыдæвзарæнтæ абон дæр мысæм æрхæндæгæй. Гуырдзыстоны гæрзифтонг тыхтæ алыгъуызон уæззау æхсæнгæрзтæй фæлвæрдтой Хуссар Ирыстонæй «сыгъдæг быдыр» аразынмæ. Стыр уæззау рыст нын æрхаста, Ирыстоны сæрыстыр хъæбулты бирæ туг æмæ пырх хæдзарад нын æрхаста 2008 азы августы хæсты бонты. Фæлæ куыд фæзæгъынц, фыдлæг æмæ фыддугæн бирæ цæрæнбон нæй.

Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийыл 16 азы сæххæсты цытæн мысæн мадзæлтты фæлгæтты бæстæйы информацион фæрæзтæ мыхуыр кæндзысты æмæ æвдисдзысты къамтæ æмæ видеоæрмæджытæ, 08.08.08 августы хæс­ты тыххæй кинонывтæ.

Паддзахадон нысаниуæгджын мадзæлттæ бацæттæ кæнын æмæ уадзыны фæдыл республикон къамис куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры 7 августы уагъд æрцæудзæн спектакль «Фæстаг æвдисæн». Уымæй дарддæр ма театры фойейы байгом уыдзæн фоторавдыст «08.08.08 – 08.08.24».

7 августы изæры 22.00 сахатыл 2008 азы августы хæстон цаутæ мысыны охыл фыдохы церемони уагъд æрцæудзæн «Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» номыл мемориалон комплексы. Уым ныхасы рацæудзысты бæстæйы разамынады, æхсæнады æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ. Хæстон архайдтыты амæттæгты рухс нæмттæ мысынæн мемориалон комплексы раз æвæрд æрцæудзысты дидинджытæ æмæ веноктæ.

8 августы нæ горæты Сыгъдæг Мады Майрæмы æмæ Сыгъдæг Æртæиууон аргъуанты уагъд æрцæудзысты хуыцаумæ бакуывтытæ августы хæсты амæттæгты мысыны тыххæй.

8-æм августы бæстæйы къухдариуæгады æмæ  æхсæнады минæвæрттæ азилдзысты, уыцы рæстæджы тохты нæ хъæбатыр лæппутæ цы бынæтты фæмард сты «нæ мысынады уыцы сыгъдæг бынæттыл». Уыцы нымæцы «Сыгъд удты музейы», «Хъынцъымгæнæг бæласы» раз сæвæрдзысты дидинджытæ æмæ веноктæ. Ссардзысты, ацы фæндагыл 16 азы размæ хæсты цæхæрæй чи лыгъд, уыцы æнæаххос фæмардуæвæг бæлццæтты рухс нæмттæ.

Паддзахадон нысаниуæгджын мадзæлттæ цæттæ кæныны фæдыл къамис ма куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ мысæн мадзæлтты хайад райсдзæн 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны хъæбатырæй цы уæрæсейаг æфсæддон фæмард, уыцы хъайтар Сергей Ивановы фыд.

2008 азы августы хæсты амæттæгты мысыны охыл Хуссар Ирыстоны байуардзысты кæндзысты Паддзахадон тырысатæ.

Мах хъуамæ хъуыды кæнæм Фыдыбæстæйы алы хъахъхъæнæджы, кæцы йæ цард рауæлдай кодта мах ирд æмæ рухс сомбоны тыххæй æмæ бахъахъхъæдта нæ адæмы, нæ фидæны, уыдон номыл ссудздзыстæм цырæгътæ. Уыдон сты нæхи хуымæтæг лæппутæ, уæрæсейаг салдаттæ, кæцытæн мах хæсджын стæм цæргæ цæрæнбонтæм.

Мах азымджын кæнæм фашизм, азымы æвæрæм гуырдзиаг фашизм, мах нал фæнды æмæ ма дарддæр искуы сæвзæра фашизмы æвзар æмæ фыдаудæн кæна адæймагадæн. Фæлæ хъуыды кæндзыстæм æппæтдæр æмæ алкæйы дæр…

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.