МАМЫТАТЫ  Дзерассæ,

ХИПУ-йы журналистикæйы хайады

студенткæ, кафджыты репетитор,

газет «Хурзæрин»-ы практикант

 

Чысылæй фæстæмæ кафын тынг уарзтон. Скъоламæ нæма нæ бацыдтæн, афтæмæй райдыдтон кафты дæсныйад ахуыр кæнын. Мæ бæллиц уыд ахуыргæнæг суæвын, æмæ фидæны мæхи ансамбль саразын.

Иууæндæсæм къласы куы ахуыр кодтон, уæд бацыдтæн Сывæллæтты сфæлдыстады галуанмæ кусынмæ. Уæд дзы директорæй куыста Джиоты Арянæ Константины чызг. Уый мын загъта: “Кæд дæ бон суа сывæллæттимæ бакусын, уæд дæ айсдзыстæм куыстмæ”. Радта мын бафæлварыны рæстæг, – мæхи бавзарын æмæ равдисынæн.

Фыццаг хатт куы бацыдтæн урокмæ, уæд сабитæм афтæ фæкаст æмæ æз дæр семæ кафдзынæн. Æгæрыстæмæй ма мæм сæ иу цæугæ дæр бакодта æмæ мын афтæ: “Ды дæр  немæ кафдзынæ? Кæд о, уæд-иу мæ фæстæ балæу”. Афтæ тынг тыхстæн æмæ йæм дзургæ дæр ницыуал скодтон. Урочы рæстæг куы ‘рхæстæг, уæд æрбахызт сæ аивадон разамонæг Чилæхсаты Георги Мелсы фырт, æмæ сын загъта, нырæй фæстæмæ сын кæй уыдзæн ног ахуыргæнæг, Дзерассæ Иваны чызг. Ахуыргæнинæгтæй бирæтæ дисы бафтыдысты, кæцыдæртæ та мæм дзы тæрхонгæнæджы цæстæй ныккастысты. Иуæй-иутæ дзы уыдысты мæнæй æртæ кæнæ цыппар аз кæстæр.

Фыццаг рæстæг мæ сывæллæттæ нæ истой. Дыккаг урок куы уыд, уæд сын чысыл æмбырд ауагътон. Бамбарын сын кодтон кæй мын ис нысæнттæ аивады фæндаджы, æмæ мæм кæд фæкæсой, уæд уыцы нысæнттæ нæ къухы кæй бафтдзыстты нæ иумæйаг тыхтæй. Бамбарын сын кодтон, нæ ахастытæ кæй хъуамæ уой куыд ахуыргæнæг æмæ ахуыргæнинæгтæн. Сывæллæттæн сæ зæрдæмæ мæ ныхæстæ фæцыдысты, æмæ уæд райдыдтам кусын. Репетицитæ-иу куы фесты, уæд иу сывæллæттимæ ныхас кодтон, уыдтæн сын ахуыргæнæг дæр æмæ æмгар дæр, афтæмæй нæ ахастытæ фæхуыздæр сты.

Зындзинæдтæ кæддæриддæр вæййы. Æмæ сыл æз дæр сæмбæлдтæн. Кусгæ – кусын-иу иуæй-иу ахуыргæнинæгтæ ныхасмæ нæ хъуыстой. Кæцыдæрты та-иу фæндыд, цæмæй мемæ æмсæр уой, фæлæ сын уый бар никуы радтон. Уымæй уæлдай-иу разынд ахæм ныййырджытæ, æмæ сæ ныхас афтæ уыд: “Йæхæдæг нырма сывæллон куы у, уæд мах сывæллæттæн цы хъуамæ бацамона”.

«Рæстæг цыд, ахуыргæнинæгтæй иуæй-иутæ ацыдысты, иннæтæ та æрбацыдысты. Мæхæдæг дæр бирæ рæдыдтытæ ауагътон, афтæ мæм каст æмæ сын цас фылдæр амонон кафын, уыййас æнтыстджындæр  уыдзыстæм. Фæлæ уый афтæ нæ разынд. Бамбæрстон æй, сывæллæттимæ кусгæйæ, сæйраджыдæр, семæ ныхас кæнын кæй хъæуы. Æмæ афтæ, чысыл къахдзæфтæ аразгæйæ, сарæзтам нæ ансамбль.

Нæ фыццаг концерттæ уыдысты Нога­зон мадзæлтты. Уым сывæллæттимæ мæ бахъуыд тынгдæр æмгуыст кæнын, æмæ кæд нæ фыццаг фӕлтӕрддзинад уыд, уæддæр нын æнтытджынæй ацыд. Мæ ахуыргæнинæгтимæ кæрæдзи хорз æмбарын райдыдтам.

Иу аз нæ рацыд, афтæмæй ацыдыстæм Сочимæ фестивалмæ. Хуссар Ирыстонæй ацы­дыстæм ахæм нысанимæ, цæмæй уæлахиздзаутæ суæм. Æмæ уыцы нысан нæ къухты бафтыд. Кæд æмæ тынг тыхстыстæм иууылдæр, уæддæр сывæллæттæ сæхи тынг хорз равдыстой. Уыцы фестивалы фæстæ ноджы хуыздæр систы нæ ахастытæ. Уыдыстæм, куыд иу бинонтæ, афтæ. Фæлæ рæстæг цыд, ахуырдзаутæ рæзтысты, æмæ сæ царды фæн­даг равзарыны афон æрцыд. Ансамблæй ацыдысты бирæтæ. Æмæ мын уый тынг зын уыд. Уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ сывæллæтты афтæ тынг бауарздзынæн.

Ныридæгæн ма мæм уыцы къордæй иу сывæллон кафы, иннæтæ иууылдæр равзæрстой æндæр æмæ æндæр фæндæгтæ. Уыцы сывæллæттимæ иумæ зындзинæдты сæрты хызтыстæм, иу аивады хорзæхтæ истам. Уыдоны фæрцы бамбæрстон, цы нысан кæны ахуыргæнæджы ном хæссын.

Абон Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны ис ансамбль “Фидæн”. Йæ аивадон разамонæг у Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ æмæ Паддзахадон ансамбль “Симд”-ы солисткæ Хуыгаты Олеся Леониды чызг. Ис сын хорз æнтыстытæ. Цалдæр аивадон къорды ма дзы ис, æмæ сæ иуы, ома, кафджыты къорды, ахуыргæнæг дæн мæхæдæг. Æмæ кæд ацы куыст æнцон нæу, уæддæр мæ ныфс ис фидæны нæ хъомылгæнинæгты æнтыстдзинæдтæй. Уый тыххæй мах, ахуыргæнджытæ, нæ тыхы цы ис, уый кæндзыстæм.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.