Беслæны терактыл 20 азы сæххæсты сæраппонд фыдохы мадзæлтты символ ацы аз суыдзæн скъолайы  11 аз-дзыд  фæмардуæвæг амынæт Гуымецаты Азæйы ныв «Зæд», зæгъгæ.

Ацы аз мадзæлттæ фыццаг хатт организаци кæндзысты раздæры амынæттæ, уыдон скъола бацахсыны рæстæджы уыдысты скъоладзаутæ. Организатортæй иу – Туаты Анастасия куыд радзырдта, афтæмæй мысынады æртæбонон мадзæлтты символ фæзындзæн фыццаг хатт.

Сентябры райдайынмæ ныв уыдзæн футболкæтæ æмæ баннертыл. Анастасияйы ныхæстæм гæсгæ, план кæнынц, цæмæй ацы ныв суа теракты мысынады иннæ азты фыдохы мадзæлтты символ дæр.

«Тынг нæ фæнды, цæмæй «Зæд» суа терактты фæмардуæвæг сывæллæтты мысынады дунеон символ», – загъта уый.

Организатортæ куыд радзырдтой, афтæмæй ацы аз фыдохы церемони иннæ азтæм абаргæйæ, райдайдзæн æндæргъуызон. 9 сахатыл 1-æм скъолайы бæстыхайы цур раздæры амынæттæ слæудзысты линейкæйы. Уыдон дзæнгæрæджы фæстæ бацæудзысты сыгъд спортзалмæ, се ‘мкъласонтæй чи фæмард, уыдоны къамтимæ. «Уымæй хъуамæ æвдыст æрцæуа трагедийы масштаб», – бамбарын кодта Туаты Анастасия.

2-æм сентябры та Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæзуаты уагъд æрцæудзæн концерт-реквием. Нырма бæрæг не сты, хайад дзы чи райсдзысты, уыдоны нæмттæ. Баныхæстæ цæуынц бынæттон æмæ уæрæсейаг музыканттимæ.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.