Куыд зонæм, афтæмæй горæты администрацийы цæрæнуатон къамис кусы фатертæ уарыныл. Цæрджытæй тыхстдæр чи у æмæ йæ царды уавæртæ фæхуыздæркæнинаг кæмæн сты, уыдонæй 26-æм июлы 18 бинонтæ баисты фатерты хицæуттæ.
«Къамис сахуыр кодта лæмбынæг алы адæймаджы уавæр дæр индивидуалонæй. Иууыл тыхстдæртæй уал равзæрстой 18 бинонты. Фатертæ райсыны тыххæй рады нырма дзæвгар адæм лæууы æмæ къамис дарддæр дæр йæ куыст кæндзæн. Йе сконды горæты администрацийы бæрнон кусджытæй дарддæр сты паддзахадон æдасдзинады комитет æмæ прокуратурæйы минæвæрттæ», – зæгъынц горæты администрацийы пресс-службæйы.
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, Ирæтты уынджы кæрон цы цæрæн комплекс сырæзт, уым рæзы ноджыдæр иу фондзуæладзыгон хæдзар. Хæдзар рæзы Инвестицион программæйы фæлгæтты æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæнис 2025 азы. Фатертæ уыдзысты иу, дыууæ æмæ æртæхатæнонтæ. Бирæуæладзыгон хæдзæртты алфæмблай хæрзарæзт æрцæудзæн, фæлæ йæ территорийыл ныридæгæн арæзт ис сывæллæтты хъазæн фæзуат æмæ фæхсбандæттæ.
Уæлдæр цы бирæуæладзыгон хæдзары арæзтады кой скодтам, уый арæзт цæуы цырд темптæй. Арæзтадон фирмæ у бынæттон, ис æм фаг техникæ æмæ кусæгдых. Арæзтадон æрмæджытæн сæ фылдæр амал кæны бынаты – Ирыхъæуы арæзтадон заводы. Республикæйæн æддейæ цы æрмæджытæ æрласы, уыдон дæр сты гъæдджын. Аразджытæ ныфс æвæрынц, графикмæ гæсгæ кæй кусдзысты æмæ горæты цæрджытæй фатертæм рады чи лæууы, уыдон райгонд кæй уыдзысты сæ куыстæй.