Ирыстон кæд чысыл у, уæддæр хъæздыг у курдиатджын, ӕвзыгъд адӕймӕгтӕй. Се ‘ппæты сын куы нымайæм, уæд æгæр бирæ уыдзысты, фæлæ мæ фæнды иу курдиатджын чызджы фæлгондз раргом кæнын. Уый у хи зарджыты автор ӕмӕ ӕххӕстгӕнӕг Дзукъаты Ланӕ. Канд Ирыстоны нӕ, фӕлӕ ма ӕгас Кавказы дӕр Ланæйы уарзынц, уӕлдай дӕр та йӕ уӕздан, профессионалон вокалы тыххӕй. Чысылæй дæр тынг уарзта зарын, кафын æмæ ныв кæнын. Фæлæ зарынæрдæм йæ зæрдæ тынгдæр æхсайдта, æвæццæгæн, гуырцæй рахаста уыцы курдиат. 

Фыццаг къахдзæфтæ

Стыр курдиат æмæ уæздандзинадæй æххæст у Дзукъаты чызг. Аивады йын ис йæхи æрмдзæф, цы зарджытæ фыссы, уыдон рæсугъдæй хæссы адæмы рæгъмæ. Фыццаг райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын. Авд азы йыл куы цыдис, уæд ныффыста фыццаг æмдзæвгæ «Приход весны», зæгъгæ. Мыхуыры рацыд газет «Южная Осетия»-йы. Ланæ уыцы цау мысгæйæ фæзæгъы: «Сæ зæрдæмæ тынг фæцыд æмæ мæ ноджыдæр баразæнгард кодтой, цæмæй дарддæр фыссон». Фæстæдæр ма йын газеты рацыд ноджыдæр цалдæр æмдзæвгæйы, уый фæстæ йæ бафæндыд зарæг ныффысын. «Зарын бирæ кæй уарзтон, уымæ гæсгæ мæ фæндыд мæхи зарæг мын куы уыдаид. Æмæ ныффыстон мæ хойы райгуырæн бонмæ зарæг уырыссаг æвзагыл. 11-аздзыдæй ныффыстон мæ иннæ зарæг «Ирыстон», – дзуры Ланæ.

Æлборты Владимир («Бетховен») уыцы зарæгмæ куы байхъуыста, уæд ма йын æй цы бамбарын хъуыд, Ирыстоны фидæны зарæггæнæг кæй рæзы, æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, бацин кодта. Уæд Ланæйæн ныфс бавæрдта уыцы бонæй фæстæмæ-иу йæ алы концертмæ дæр кæй фæхондзæн. Афтæ, 13-аздзыдæй Ланæ зарын райдыдта стыр сценæйыл. Алы бæрæгбонон концертты дæр хайад иста.

Ланæ зарджытæ фыссы æндæр æмæ æндæр темæтыл,  се ‘ппæт дæр сты бирæвæрсыг, эмоционалон, цардмæ разæнгардгæнæг. Æрыгон чызг,  ныридæгæн Ирыстонæн йæхи бауарзын кодта йæ зарджытæй. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй тынг тарст йæхи зарæгимæ сценæмæ рахизын.

«Афтæ мæм каст æмæ мæхи фыст зарæгимæ сценæмæ куы рахизон, уæд ын уыййас аргъ не скæндзысты. Уымæ гæсгæ-иу тарстæн сценæмæ рахизын. Фæлæ хъуыддаг бынтон æндæрхуызон рауад. Зарæджы фæстæ мын адæм цы эмоцитимæ æмдзæгъд кодтой, уый куы федтон, уæд фæныфсджындæр дæн. Адæм мæ уынджы зонын райдыдтой æмæ мыл-иу хатт базыртæ дæр базад, фæндыд мæ мæхиуыл ноджы фылдæр кусын», – дзуры Ланæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон-иу сын уыд курдиатджын чызджы фенд æмæ йыл-иу фылдæр хатт хи хъæбулау бацин кодтой.

Ланæйæн ма йæ профессийы стыр æххуыс фæцис æмæ йын йæ ныфсыл ноджыдæр ныфс æфтыдта Ирыстоны курдиатджын зарæггæнæг, композитор æмæ аранжировщик Æлборты Владимир æмæ звукооператор(хъæлæсфыссæг) Тыбылты Темо кæддæриддæр йæ фарсмæ кæй уыдысты, уый дæр.  Æвæрццагæй йын бандæвтой æмткæй йæ цардвæндагыл. Уымæ гæсгæ сæ абоны онг дæр у æнæкæрон бузныг. «Бирæ зарджытæ мын сарæзта. Фæлæ йын хъыгагæн, се ‘ппæты саразын  нæ бантыст, студи кæй фехæлд, уый аххосæй.  Уымæ гæсгæ сæ бахъуыд ногæй аразын æмæ уыцы фадæттæ та нал уыд».

 

Сфæлдыстадмæ фæндаг

Ланæ райгуырд горæт Цхинвалы 1986 азы. Йæ ныййарджытæ кæд аивадмæ æввахсдæр нæ лæууыдысты, уæддæр æвзонг чызджы зæрдæйы бонæй бонмæ цырындæр кодта аивадмæ уарзондзинад. Скъоламæ цæуынхъом куы фæцис, уæд æй йæ ныййарджытæ радтой Бекъойты Эдуарды номыл 6-æм астæуккаг скъоламæ. Ахуырмæ рæвдз уыд, фæлæ аивадмæ дæр йæ зæрдæ æхсайдта æмæ бацыд Æлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргæнæндонмæ академион вокалмæ. Каст фæцис музыкалон скъола дæр фортепианойæ. Ланæ нын йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй музыкæмæ уарзон-дзинад рахаста йæ фыды хойæ. Кæд уæззау, хæстон азты схъомыл, уæддæр йæ ныфс никуы астаст. Ныккæнды дæр-иу зарыд æмæ йæ хæствæллад сыхæгтæн сæ зæрдæйыуаг чысыл рогдæр кодта. Уырныдта йæ, хæст тагъд кæй фæуыдзæн æмæ та ногæй скъоламæ цæуын кæй райдайдзысты. Уымæй уæлдай йæхиуыл æнкъардта, саргъгæнæн кæмæн нæй, йæ ныййарджыты уыцы æххуыс.

Дзукъаты Ланæ: Зарæг «Ирыстон» ныффыстон мæ фыны

Ланæйæн кæд чысылæй фæстæмæ йæ бæллиц зарæггæнæг суæвын уыд, уæддæр ын уайтагъд нæ рауад. Скъола фæуыны фæстæ каст фæцис Карсанты Василийы номыл Цхинвалы медицинон ахуыргæнæндон. Уый фæстæ ахуыр кодта Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты. Уым диплом куы райста уый фæстæ сæххæст чызгæн йæ рагон бæллиц. Ацыдис горæт Железноводскмæ канал «9 Волна»-йы музыкалон директор Динара Кантемировайы фæхуындмæ гæсгæ. Уæдæй фæстæмæ Ланæ арæх вæййы Кавказы уагъдцæуæг концертты æмæ фестивалты. Уым Ланæ уыд фыццаг хайадисæг Хуссар Ирыстоны номæй.  Горæт Цхинвалы дæр ын рæстæгæй-рæстæгмæ вæййы солон концерттæ.

Мæхи хъуыдымæ гæсгæ, музыкæ адæймагæн æвзæрæй ницы æрхæсдзæн. Адæймаджы монон æгъдауæй хъæздыгдæр æмæ тыхджындæр цы кæны, ахæм хос у музыкæ. Газеткæсджытæн Ланæйы фæнды зæгъын: «Амондджын ут кæддæриддæр æмæ зын рæстæджы уæ къухтæ макуы æруадзут. Цард бирæвæрсыг у, ма бадут иу ран, размæ тындзут æмæ уæ тыхтыл фидарæй æууæндут».

Æвзонг зæрæггæнæг нын йæхæдæг куыд раргом кодта, афтæмæй хатт зарæг фыссыныл куы æрбады, уæд сахатгай йæ хъуыдымæ ницы æрцæуы, уæддæр, зæгъгæ, зæрдæйы фæндиаг нæ рауайы. «Фæлæ уæ нæ бауырндзæн, мæ зарæг «Ирыстон» ныффыстон фыны. Алыгъуызон уавæрты мæм фæзыны æнахуыр рæсугъд хъуыдытæ æмæ сæ уайтагъд афыссын. Уый тыххæй та мемæ кæддæриддæр вæййы диктофон кæнæ ручкæ æмæ блокнот». Йæхи фыст зарджытæ йын ныртæккæ ис 200 æввахс. Уыдонæй адæмы размæ рахæссы сæ гъæдджындæрты. Уæлдай популярондæр сты «Ехх, куы зонин», «Ирыстон», «Кæддæр», «Уарзондзинад», «Æнæ дæу», «Цвети, Осетия моя» æмæ æндæртæ. Йæ зарджытæн аранжировкæтæ саразы куыд Цæгат Ирыстон, афтæ Дагъыстан, Налцыччы, Цæцæн, Сочæ æмæ горæт Прохладныйы. Ныртæккæ аивадуарзджытæ æнхъæлмæ кæсынц Ланæйы ног зарæг «Æз, ды æмæ гитарæ»-мæ. Премьерæ йын уыдзæн ацы азы августы мæйы. Фыст у ирон æмæ уырыссаг æвзагыл. Уымæй уæлдай ма йæм ирон зарæггæнджытæй чи бахаты, уыдонæн ныффысы зарджытæ.

Ланæйы куы бафарстон, зæгъгæ, цы у амонд æмæ дæ цы разæнгард кæны дæ мидбылты худын æмæ дæхиуыл æууæндын, уæд йæ дзуапп уыд ахæм: «ме ‘ввахс адæмы æнæниз æмæ амондджынæй куы фæуынын, уæд æдзухæй вæййын ахæм уавæры. Уæвгæ, дæ бинонтæй раздæр дæ фарсмæ чи хъуамæ æрбалæууа. Куы йæ æнкъарай æмæ дæ дæ бинонтæ æмæ æввахс адæм уарзынц æмæ дын кад кæнынц, уымæй амондджындæр хъуыддаг цы хъуамæ уа. Уый адæймагæн дæтты тых-тæ размæ цæуынæн. Хъахъхъæнут уе ‘ввахс адæмы æмæ уæ разылæууæг цæлхдурты сæрты ахизынæй ма тæрсут».

Аивад бæрзонд æмæ тыхджын у, йæ тæгтæ зæрдæйы тæгтау сты, æнгом кæнынц адæмыхæттыты. Ланæ арæх вæййы концертты архайæг нæхи республикæйы æмæ ма уымæн æддейæ дæр, зæгъæм Хъæрæсе Черкесы, Кæсæг-Балхъары, Железноводск æмæ æндæр рæтты. Йæ зарджыты видеоклиптæ арæх фенæн ис телеканал «9 Волна», «Кавказ радиоволна»-йы, æмæ музыкалон рауагъдад «Кав-каз Мюзик». Йæ бæллиц у испайнаг зарджытæ зарын. Уымæ гæсгæ зарæггæнæг йæ разы нысан æрæвæрдта испайнаг æвзаг сахуыр кæнын. Уырны нæ, ахæм æвзыгъд чызгæн уый дæр кæй бантысдзæн æмæ нын тагъд нæ зæрдæтæ кæй барухс кæндзæн испайнаг зарджытæй дæр.

Афтæ фæзæгъынц, зæгъгæ, курдиатæн бамбæхсæн нæй, нæй йын балхæнæн дæр. Уæдæ Ирыстоны дæр куыннæ ис курдиатджын фæсивæд. Ланæ йæ рæсугъд удæй, йæ курдиатæй балхæдта адæмы зæрдæтæ, уарзынц ын йе сфæлдыстад, йæ цардбæллондзинад. Нæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ ног æнтыстытæ йæ аивады фæндагыл.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.