Рæхджы, Галаты Барисы номыл Республикæ Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд» афæндараст уыдзæн гастролон балцы. Концертон программæимæ уыдон хъуамæ æрзилой Цæгат Кавказы регионтыл.
«Симд»-ы ацы гастролтæ ацæудзысты æппæтуæрæсейон проект «Мы – Россия»-йы фæлгæтты. Хуссарирыстойнаг артисттæ концерттæ равдисдзысты Дагъыстан, Хъæрæсе-Черкеск æмæ Цæцæны республикæты. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады пресс-службæйы.
«Æдæппæтæй, не сфæлдыстадон коллектив хъуамæ авд бынаты равдиса концерттæ. Ансамбль ирон национ аивад адæмы рæгъмæ рахæсдзысты фестиваль «Горцы»-йы дæр. Уый ацæудзæн Дагъыстаны республикæйы 28-æм июнæй 3-æм июлмæ. Фестивалы хайад исдзысты Уæрæсейы Федерацийы 15 регионæй коллективтæ», – банысан кодтой пресс-службæйы.
Уымæй дарддæр ма «Симд»-ы концерттæм бакæсдзысты горæттæ Махачкала, Дербент æмæ Каспийскы. Уый фæстæ хуссарирыстойнаг артисттæ сæ балц адарддæр кæндзысты Хъæрæсе-Черкеск æмæ Цæцæны республикæтæм.
«Симд»-ы гастролтæ ацы сезоны фæуыдзысты 7-æм июлы.
«Ацы аз Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Культурæты министрадты бадзырдмæ гæсгæ паддзахадон ансамбль «Симд» хаст æрцыдис æппæтуæрæсейаг гастролон планмæ. Концерттæ сорганиизаци кæныныл кусы «Росконцерт», – зæгъынц пресс-службæйы.
Нæ уацх.