Стыр æмæ кадджын мыггаг сты Хъуылымбегтæ Хуссарæй-Цæгатмæ. Рагзаманты, тыхы дуг куы уыди, уæд сæ лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинадæй кад кодтой мыггагæн, фылдæр нæлгоймæгтæ. Абоны царды та мыггагæн кадгæнджытæй нæлгоймæгты æмрæнхъ æрлæууыдысты сылгоймæгтæ дæр. Ахæмтæй та адæм фæзæгъынц, лæджы æмсæр сылгоймаг, зæгъгæ. Ахæм сылгоймагыл нымадтой маралеттаг Хъуылымбегты Алексейы чызг Светланæйы.

Светланæ райгуырд 1941 азы 5 декабры Джеры комы Маралеты хъæуы,  Светланæйы фыд Алекси уыцы рæстæг куыста Цхинвалы райæххæсткомы сæрдарæй. Сæрмагонд номенклатурæмæ хаст лæг бархионæй 1941 ацыдис хæстмæ. Йæ цардæмбал, Къатойы (Бестуан) ныууагъта æнхъæлцау  æмæ афæдздзыд сывæллон Таняимæ.

Алексей æбæрæгæй фесæфт хæсты быдыры. Чызг æрмæстдæр нывтæм кæсгæйæ æмæ йæ мады ныхæстæм хъусгæйæ йæ зæрдæйы сныв кодта йæ фыды сурæт æмæ йæ сыгъдæ-гæй йæ зæрдæйы фæхаста йæ фæстаг бонмæ.

Рæстæг цыд. Светланæ бахъомыл, астæуккаг скъола каст фæци æмæ йæ ахуыр фæсаууонмæ адарддæр кодта Цхинвалы педагогон институты филологон факультеты. Уыцы иурæстæг куыстмæ бацыд Джеры комы цы иумæйаг хъæусовет уыдис, сæ алыварс æхсæз хъæуæн, уырдæм секретарæй. Дыууæ азы бæрц дзы акуыста, стæй йæ равзæрстой хъæусоветы сæрдарæй. Пединституты филологон факультет æнтыстджынæй каст куы фæци, уæд та бацыд ацы институты историон факультетмæ, æнтыстджынæй каст фæци уый дæр æмæ йæ дыууæ дипломимæ йæ куысты аныгъуылд. Фæкуыста дзы йæ царды фæстаг бонтæм.

Æвæдза куыд диссаг у иуæй-иу адæймæгты уды конд. Зондахаст, сæ быхсындзинад, сæ уарзондзинад сæ адæммæ, сæ тырнындзинад исты хорздзинад скæнын сæ радтæг адæмæн. Ацы ахъаззаджы миниуджытæ дæ туджы куы нæ уой, æрдзæй дын лæвæрд куы нæ уой, уæд сыл царды нал фæхæст уыдзынæ, уымæн æмæ уыдон Хуыцауы стыр лæвар сты. Светланæйы та уыцы ранымад ахъаззаджы миниуджытæй Хуыцау фæхайджын кодта уæлдайджынтæй.

Чындзы фæцыд Светланæ Джеры Бекъойтæм 1969 азы, фæлæ сæ цард нæ фæрæстмæ. Иунæг цъæхдзаст чызг дæр ын нæ балæвар кодта Мады-Майрæм. Уæвгæ та цы диссаджы уарзæгой мад уыдаид, уый абон иунæг Хуыцауæй дарддæр ничиуал базондзæн.

Фæлæ, хъыгагæн, цалынмæ ахæм адæймаг нæ фарсмæ вæййы, уæдмæ йын йæ хорздзинæдтæ, йæ аудындзинад, йæ бирæ æнæкæрон лæггæдтæ нæ фæуынæм, нæ сæ фенкъарæм, фаг аргъ сын нæ фæкæнæм. Хъыгагæн, не ‘хсæнæй куы фæхъæуы, уæд нæм бахъары, уæд æй бамбарæм цы стыр, æнæраздахгæ рæдыд æруагътам, фæсмонæй ма нæхи фæхæрæм, фæлæ, фæлæ… Цъиу куы атæха дæ къухтæй, уæд ын æрцахсæн нал вæййы.

Светланæйы цардвæндагыл нæ цæст афтæ уæлæнгæйтты куы ахæссæм, уæд адæймаг дисы бацæуы. Уыцы æппæт хъуыддæгтыл куыд æххæсыд, фæллад та цы у, уый дæр нæ зыдта, фаг у, æгъгъæд у, никуы дзырдта. Цас фылдæр арæзта хорздзинæдтæ, уыййас æй ноджы фылдæр саразын фæндыдис.

Светланæ алкæмæн дæр уыд стыр ныфс, уымæн æмæ уыд парахат зæрдæйы хицау. Æвæццæгæн, ахæм парахат зæрдæйы хицау кæй уыд, алкæйы зын æмæ маст йæ зæрдæмæ æввахс кæй иста, уый дæр бынтон хорз æмæ пайда нæу. Алцæмæн дæр фæуæн вæййы, кæддæр йæ кæрон æрхæццæ вæййы. Светланæйы парахат зæрдæ дæр йæхимæ æгæр бирæ уæз кæй иста, уымæ гæсгæ йæ зæрдæйы куыст къуыхцытæ кæнын райдыдта æмæ йæ бахъуыд дохтырты æххуыс…

Светланæйы парахат æмæ уарзæгой зæрдæ банцад йæ куыстæй 2023 азы 19 ноябры. Кæугæ æмæ ниугæйæ ныууагъта йæ иунæг мадызæнæг хо – Таняйы, йæ бирæ уарзон хиуæтты, зонгæты. Ирон æмбисонд зæгъы: «Цы байтауай, уый æркæрддзынæ». Светланæ йæ царды мидæг байтыдта æрмæстдæр хæлардзинады æмæ уарзондзинады нæмгуытæ. Цы æвзартæ суагътой, уый рабæрæг йе ‘вæрæн бон. Уынг мæрддзыгой адæмæй байдзаг, кæд кусгæ боны уыдис, уæддæр. Бирæ цæссыг ахаста Светланæ йе ‘нусон бынатмæ цæугæйæ. Мæрдты бæстæм, дам, фæндаг цæстысыгæй сыгъдæг кæны.

Ныр мæрдджын бинонтæ æмæ æмткæй, Хъуылымбегты мыггаг, бузныг зæгъынц сæ зын сахат, сæ уарзон, зынаргъ Хъуылымбегты Алексейы чызг Светланæйы æвæрæн бон сæ фарсмæ чи æрбалæууыд, сæ хъыгæй сын йæхимæ хай чи айста, уыцы мæрддзыгой адæмæн се ‘ппæтæн дæр æмæ хъусын кæнынц Светланæйы дыууиссæдзæм боны кæнд кæй уыдзæн 2023 азы 28 декабры г. Цхинвалы, Цхинвалы уынджы №25.

Рыст зæрдæ бинонты номæй

МАМИАТЫ Таймураз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.